Гуырдзиаг-ирон арæнгæрон цæрæн пункт Ергнетмæ хæстæг уагъд æрцыд Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты радон 81 рабадт. Механизмты куыст æхгæд дуæртты уагъд кæй цæуы, уымæ гæсгæ йын фæстиуджытæ аразгæйæ, Хуссар Ирыстонæй делегацийы сæргълæууæг, Постконфликтон фарстатæ бæстонкæнынады фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат дзыллон информацион фæрæзтæн афтæ радзырдта:

– Механизмты сæйраг хæс у Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæнтыл инциденттæм хъусдард здахын æмæ сæ ма æруадзын. Ахæм  принциптæм гæсгæ рабадты дзырд цыд фарстыты бæрæг къордыл. Лæмбынæг æрдзырдтам фæстаг мæйы дæргъы арæнты уавæрыл. Æхсызгонæй нысан æрцыд регионы уавæрыл чи бандæвтаид, ахæм инцидент хынцыд кæй не ‘рцыд.

Уымæ нæ кæсгæйæ, бынат уыд хицæн арæнхалæн цаутæн, фæлæ банысан кæнын хъæуы уый, æмæ хуссарирыстойнаг фарс кæй исы мадзæлттæ, цæ-мæй арæнхалджытæ сæрибар æрцæуой цыбыр рæстæгмæ. Уый æхсызгонæй банысан кодта гуырдзиаг фарс æмæ дунеон организациты минæвæрттæ дæр.

Хуссар Ирыстоны фарс ма банысан кодта, арæнтыл ахизыны бар кæуылты нæй, уый банысан кæныныл бакусын кæй хъæуы бынаты. Уыцы куыст бакæнынæй ист æрцæудзысты арæнгæрон территоритыл бирæ проблемон фарстытæ. Банысан ма кодтам, арæнтæм æввахс зынгсир-вæзты фæдыл æдасдзинады фарстытыл бакусыны æнæмæнгхъæуындзинад. Уымæн æмæ сæрдыгон тæвд рæстæджыты хус кæрдæг кæй сыгъд, уый дыу-уæ территоримæ дæр хызт.

Иумиагæй сисгæйæ, механизмты куыст цыд конструктивон уавæрты. Механизмты фæлгæтты цæуы нысанмæздæхт куыст, йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæны æмбæлонæй.

Гуырдзиаг информацион фæрæзтæ цымыдис кодтой Ленингоры районы Орчъосаны хъæумæ хæстæг, фæндаджы арæзтадмæ. Джиоты Мурат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы фарстыл дæр дзырд цыд Механизмты фæлгæтты. Æрæджы ацы бынаты уыд зынгсирвæзт, кæцы рахызт хуссарирыстойнаг фарсмæ 400 метры бæрц.

Уымæй дарддæр хатт бирæ зынгсирвæзты бынатмæ техникæ бацæуынæн нæ вæййы хæрзвадат уавæртæ. Уымæ гæсгæ ацы куыстытæн фæндагарæзтад нæй схонæн, фæлæ ахæм бынæттæм бацæуынæн уавæртæ саразын. Ахæм цау уыд Отъреуы хъæуы дæр, уым та сыгъд хъæд. Уым дæр техникæ бацæуынæн уавæртæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ кусджытæ къухæй архайдтой йæ ахуыссын кæныныл.

«Цæмæй ахæм зынгсирвæзтытæ мауал парахат кæной, уымæ гæсгæ хæрзарæзт кæнæм территори потенциалон тæссаг зынгсирвæзтытæй. Фæлæ æн-гæс арæзтадтæ тæссагдзинады нысан не сты нæ сыхаг территоритæн», – банысан кодта Мурат.

Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны Ереды хъæуы территори сыгъдæг цæуы пырх æмæ сыгъд хæдзæрттæй. Уымæ дæр цымыдис кодтой гуырдзиаг информацион фæрæзтæ, зæгъгæ, ацы бынæттæй дарддæр куыд пайда цæудзæн.

2008 азы августы агрессийы фæстæ ацы бынаты иу цæрæн хæдзар дæр æнæхъæнæй нæ баззад. Сæ иу хай та бахъагдард ивгъуыд æнусы 90-æм азты. Уымæ гæсгæ уыцы пырхæнтæ цæуынц сыгъдæг æмæ хæрзарæзт. Цы нысанæн, уый та хицауад бæстон кæндзæн. Ацы бынæтты ис арæзт рагон кувæндæттæ, аргъуантæ. Уыдонмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æвнæлд нæ цæуы, уымæн æмæ сты рагон историон цыртдзæвæнтæ.

Хуссар Ирыстоны ахст гуырдзиаг æмбæстаг Георги Гиунашвили цы уавæрты ис, уымæ æмæ æбæрæгæй сæфт Давид Башарулийы фæдыл фарстмæ стыр хъусдард здахынц æрвылхатт дæр информацион фæрæзтæ. Джиоты Мурат куыд бамбарын кодта, уымæ гæсгæ Георги ис, иннæ ахст æмбæстæгтимæ æмхуызон уавæрты. Сæ хиуæттæн дæр æмæ Сырх Дзуары Дунеон Комитетæн дæр фадат ис, цæмæй сæ бæрæг кæной.  Ис æм æмбæлон медицинон хъусдард дæр, куы хъæуы, уæд. Уымæ гæсгæ ницы хъæстытæ нæй ахст æмбæстæгты ‘рдыгæй.

Давид Башарулийы фарсты тыххæй æххæст информаци сарæзта фембæлды хуссарирыстойнаг минæвар.

Механизмты фæлгæтты радон фембæлд уагъд цæудзæн 16 ноябры.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.