Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты куыст дарддæр кæны гуырдзиаг-ирон паддзахадон арæнмæ хæстæг Эргнеты хъæуы территорийыл.

Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон, Уæрæсе, Евроцæдис æмæ ЕÆÆО-йы миссийы хъусдарджытæн ацы форматы фембæлды рæстæджы фадат вæййы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæнтæм æввахс æрцæугæ цаутыл æрдзурынæн.

Хуссар Ирыстонæй делегацийы сæргълæууæг, Постконфликтон фарстатæ бæстонкæнынады фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын Санахъоты Дауыт фембæлды фæстиуджыты тыххæй информацион фæрæзты минæвæрттæн фехъусын кодта: «Аив-гъуыйгæ мæйы паддзахадон арæнтæ фехалыны тыххæй ахст æрцыд æрмæстдæр иу адæймаг. Уымæй саразæн ис ахæм хатдзæг, æмæ арæныл уавæр у стабилон».

Уый ма куыд загъта, уымæ гæсгæ дзырд цыд Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзысты ‘хсæн паддзахадон арæн делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл куыстытæ æнæмæнгдæр бакæныныл. Уымæн æмæ ацы фарст æрбæстон кæныныл баст сты паддзахадон арæнты территорийы дыууæ фарсæрдыгæй цæрæг æмбæстæг-тимæ фарстатæ.

Санахъоты Дауыт куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ фæрстæ ноджыдæр æрдзырдтой иу кæнæ иннæ æрцæугæ цауты тыххæй оперативон æмæ раст информаци тагъдыл дæттыны æнæмæнгхъæуындзинадыл.

Гуырдзыстоны æмбæстаг Георги Гиунашвилийы æрцахсыны фарстыл дзургæйæ, кæцы урæд æрцыд, паддзахадон арæныл æнæзакъонæй кæй хызт,  æмæ  зæрдæхсайгæ у диверсион-террористон архайды, уымæ гæсгæ Дауыт банысан кодта, зæгъгæ, уый ис рæстæгмæдарæн изоляторы.

«Хаст ын æрцыд дыууæ мæйы æмгъуыдмæ ахæстоны фæбадын. Йе  ‘нæниздзинад, йæ уавæртæ сты хорз. Дарддæр йæ хъуыддаг лæвæрд æрцæудзæн тæрхондонмæ”.

Гуырдзиаг информацион фæрæзты цымыдис кодта æбæрæгæй сæфт гуырдзиаг æмбæстаг Никъолоз Сагерашвилийы хъысмæт. Санахъоты Дауыт куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг фарсмæ уый фæдыл ницы информаци ис. Гуырдзиæгты ныхæстæм гæсгæ ацы адæймаг цы бынаты æмæ рæстæджы фесæфт, уый ноджыдæр бабæрæг кодтой, фæлæ уыцы территорийыл ацы æмбæстаг нæ разынд.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.