Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн Паддзахадон арæнты æвæрд æмæ сыл хизыны фарст абоны онг дæр у вазыгджын æмæ проблемон бирæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæн. Бирæ бинонтæн сæ цæрæн бынæттæ баззадысты арæнтæн æддейæ, бирæ æмбæстæгтæн абоны онг дæр нæй арæныл хизыны бары гæххæттытæ, бирæ бинонтæ нал фембæлынц сæ къабæзтимæ цины, хъыджы рæстæджы. Уымæн æмæ Паддзахадон арæнтыл хизыны фæтк æмæ закъон халыны бар никæмæн ис. Арæнтæ куыд раст бæлвырд æмæ æвæрд æрцыдысты, ууыл мах тæр-хонгæнæг не стæм, фæлæ бирæ бынæтты уыдон бæрæг æмæ арæзт æрцыдысты нæ æмбæстæгты зианæн. Уымæн бæлвырдгæнæн у Зардиаты хъæуы арæныл фæхуымæтæггонд уадзæн пункт. Уый гом æрцыд 2015 азы октябры мæйы.

Кæд раздæр Зардиаты хъæу хауд Хуссар Ирыстонмæ, уæд ныр аззад арæнæн æддейæ.  Хъæу æмарæн кæны Хелцуайы хъæуимæ. Фæлæ хъæутæ сты кæрæдзийыл баст, се ‘хсæн нæй дæрддзæг. Æмæ абон Зардиаты хъæуы цæрджытæ сæ сыхæгтæм кæсынц æмæ ныхæстæ кæнынц арæны сæрты. Кæд сæ фæнды, уæд нæ бацæудзысты сыхагмæ, нæдæр рæстæгыл фæсиддзысты æххуысмæ (Хуыцау сæ бахизæд, фæлæ куы бахъæуа, уæд), уымæн æмæ Паддзахадон арæнтыл хизынæн ис сæрмагонд фæтк.

Хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæнтæн æддейæ цы ирон æмбæстæгтæ баззад, уыдонимæ арæны сæрты ныхасгæнгæйæ æмбæрст у иу хъуыддаг – ацы бынаты арæнтæ æвæрд хъуамæ æрцыдаиккой, кæм сты, уымæй дарддæр. Æмæ уæд нæ тыхстаиккой ныр, нæ æмбæстæгтæй Гуырдзыстоны территорийыл æнæнхъæлæджы чи аззад, уыдон. Ацы цæрджытæ зулдзых сты республикæйы раздæры къухдариуæгадмæ. Йæ рæстæджы 2012 азы ам гуырдзиаг полициæгтæ пост куы æрæвæрдтой, уæд хъæуы цæрджытæ сæ удæй арт цагътой, алы инстанцитæм дæр хастой сæ хъаст. Фæлæ стыр æнæрайгондæй баззадысты, уымæн æмæ «мах уæззау проблемæ никæй бандæвта, хъусдард нæм ничи ‘рдардта». Дыууæ хъæуы цæрджытæй бирæтæн сæ цæхæрадæттæ баззадысты арæнты фæй-нæ фарс. Кæй зæгъын æй хъæуы, арæнты сындзджын тел  нæ дæтты, зæххы фадыг дæ кæд æмæ куыд фæнды, афтæ бакусыны фадат.

«Мах кæд арæнтæн æддейæ баззадыстæм, уæддæр нæ сафæм нæ ныфс –  бакусæм нæ хуымзæххытæ, æркæнæм халсар, дыргъ, сæнæфсир. Нæ æркæнгæ тыллæг бирæ хатт фесæфынц. Сæфынц та, ахизыны фадат æмæ нын арæнтыл фæн-дзай килойæ фылдæр ахæссыны бар кæй нæй, уымæ гæсгæ», – дзырдтой æмхъæ-лæсæй ацы цæрджытæ.

Бирæ диссæгтæ, бирæ зындзинæдтæ бавзæрстой ацы адæм. 1989-90 азты ацы цæрджытæ иууылдæр уыдысты лыгъд сæ цæрæн бынæттæй. Чи – Цæгат Ирыстоны, чи ам горæты æрбынат кодтой æмæ сæ фадæттæм гæсгæ царды амæлттæ кодтой. Фæлæ, сæ ныхæстæм гæсгæ, уæды къухдариуæгад хатыд, цæмæй алы бинонтæ дæр баздæхой сæ цæрæн бынæттæм æмæ нæ республикæйы хъæутæ сæндидзой фæстæмæ раздæрау. Фæлæ хуыздæрæнхъæл  фыдæнхъæл. Афтæ рауад сæ хъуыддаг ацы адæмæн.

Ахæм уавæрты архайынц республикæйы æндæр районты арæнгæрон хъæуты цæрджытæ дæр. Хъæстмæ цæуынц сæ ахсджиаг проблемæйы фæдыл къухдариуæгады бæрнон адæймæгтæм, фæлæ арæнтæ бæлвырд æмæ арæзт æрцыдысты. Æмæ ныр тыхсынц  цæрджытæ æмæ сæ уыцы тыхст уавæр алы æвзагæй дæр дзурын кæны.

2012 азы фæстæ полициæгты пост æрæвæрыны фæстæ Зардиаты хъæуы ирон цæрджытæ хъаст кæнынмæ республикæйы къухдариуæгадмæ цыдысты æмæ цыдысты. Тыбылты Леониды къухдариуæгады рæстæджы сын баныфсæвæрдтой, кæй сæ ракæндзысты афтæхуыйнæг «Гуырдзыстоны территорийæ» «Хурзæрин»-ы микрорайонмæ. Фарстыл куыст цыд æмбæлон инстанциты, фæлæ стæй æрнымæг.

«Хатт нæ бахъæуы медицинон æххуыс, фæлæ уый рæстæгыл райсынæн нæдæр фадæттæ ис, нæдæр – уавæртæ. Цалынмæ Хелцуайы хъæуы медицинон пункты кусджытæм бадзурай, уый фæстæ Арæнхъахъхъæнæг службæгæнджытæн фехъусын кæной, уыимæ ма дын уыцы рæстæджы арæныл хизыны бар куынæ уа… уæд – дæ балгъитæг афтæ.

Нæй нæм дукани, исты дæ куы бахъæуа, куы фæтыхсай, уæддæр хъуамæ фæразай. Фæнды нæ бынæттон мыхуыры исын æмæ кæсын, фæлæ нын уый фадат дæр нæй. Постхæссæгмæ бахатæм æмæ дзы райсæм газеттæ, цæмæй мах дæр зонгæ уæм, республикæйы цы цæуы, уыимæ. Иудзырдæй, стæм куыд «амынæты», афтæ», – дзырдтой цæрджытæ.

Ныр ма сæ домæн у ахæм, цæмæй сын республикæйы къухдариуæгад æркæса сæ фарстмæ æмæ цы фæллой æркæнынц, уый сын арæныл хæссыны бар уа æмæ цæрын фæразой. Науæд нæ, зæгъгæ, кæд ирæттыл нал нымайынц, уæд нын æй раргом кæнæд æмæ нæхицæн исты рымысдзыстæм.

Ацы фæхуымæтæггонд уадзæн пункты къуырисæрбон  йедтæмæ райсом аст сахатæй дæс сахатмæ, стæй дыууæйæ æхсæзмæ бар ис арæныл ахизын ацы цæрджытæн. Уый дæр алкæмæн нæ, æрмæстдæр уадзæн гæххæттытæ кæмæ ис, уыдонæн.

Ахæм у ацы уæлдæрзагъдгонд гуырдзиаг хъæуы ирон цæрæг æмбæстæгты цард Паддзахадон арæнтæн æддейæ. Адæймаг ныфсытæй цæры, нæ сæтты сæ ныфс ацы адæмæн дæр, зæгъгæ, æууæнк цы бæстæйы къухдариуæггæнæгыл бафтыдтам, уымæй нæ ис ныфс, æмæ нын нæ уавæртæм куыдфæндыйы цæстæй нæ акæсдзæн.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.