Скульптор Кокойты Уасилы райгуырдыл сæххæст 95 азы

21-æм сентябры Хуссар Ирыстоны фыццаг скульптор, ГССР-ы сгуыхт нывгæнæг, йæ бæстæйæн бирæ хæрзты чи бацыд, хъæбулы лæггад ын чи бакодта, уыцы патриот Кокойты Уасил Никъалайы фыртыл хъуамæ сæххæст уыдаид 95.

Уый кæд абон не ‘хсæн нал ис, уæддæр йæ фæстæ цы бирæ зæрдæмæхъаргæ уацмыстæ, скульптурæтæ ныууагъта, уыдон абон дæр æмæ ма ноджы бирæ азты дæргъы рæсугъд æмæ цымыдисон кæндзысты нæ республикæйы алы къуымты æддаг хуыз æмæ йын афтæмæй стыр æхсызгонæй æнустæм мысдзысты йæ ном ирон адæм æмæ аивадуарзаг дзыллæтæ.

Адæймаджы цард хъуамæ афтæ цыбыр ма уаид… Уымæй  хуыздæр цы ис, адæймагæн йæ уæлион царды фæстæйæ ном цæргæйæ куы баззайы. Кæд физикон æгъдауæй нал уæвынад кæны, уæддæр йæ ном цæры адæмы зæрдæты, кæцыфæнды дуджы дæр ын аккаг бынат разыны. Уый у стыр хæрзиуæг, æнусон хæрзиуæг.

Бирæ сты алы къабазы дæр арф æмæ æнусон фæд чи ныууагътой, уыцы номдзыд æмæ зындгонд адæм Хуссар Ирыстоны: ахуыргæндтæ, хъайтартæ, спортсментæ, композитортæ, нывгæнджытæ, æмткæй сфæлдыстадон кусджытæ, алы æмæ алы хъуыддаджы дæснытæ. Фæлæ, уæддæр сфæлдыстадон куыст æмæ аивады уацары чи бахаудысты, уыдон бæрæг хицæн кæнынц æхсæнадон царды. Ацы хъуыдыйыл дзырдтой Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты цы студентон клуб «Аполлон» уæвынад кæны, уый хайадисджытæ. Уыдон мысыдысты зындгонд скульптор, не ‘мзæххон Кокойты Уасилы рухс ном.

Æрæджы скульпторы гуырæнбон кæй уыдис, уый фæрсты ахызтаиккой, уый растыл нæ банымадтой æмæ йæ номыл бацæттæ кодтой номарæн цымыдисон изæр.

Студентон клуб «Аполлон» ног ахуыры азæй ныр дыккаг хатт æрæмбырд сты университеты бæстыхайы. Уыдон 23-æм сентябры бæстон æрдзырдтой Кокойты Уасилы цард æмæ сфæлдыстадыл. Номарæн изæрмæ фæхуыдтой скульпторы дыууæ чызджы – Маринæ æмæ Иринæйы. Мадзалы хайад райста клуб «Аполлон»-ы бындурæвæрæг Саулохты Тамарæ дæр. Студенттæ сæ уазджыты хорз суазæг кодтой арфæйы ныхæстимæ.

Кокойты Уасилы чызджыты хайадист изæрæн фæцис ахъаз, уымæн æмæ уыдон клубмæ æрбахастой сæ уарзон фыд æмæ сæ хæдзарвæндаджы рагон къамтæ дæр. Уæлæмхас ма радзырдтой сæ фыды тыххæй æндæр цардуагон цаутæ æмæ афтæмæй баххæст кодтой изæры темæ.

Цымыдисон изæр бацæуæн ныхасæй байгом кодта студентон клуб «Аполлон»-ы президент Козаты Залинæ. Уый аполлонæгтæн арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта, изæры тыххæй рæстæг кæй ссардтой æмæ кæй æрбацыдысты. Дарддæр сæ цыбыртæй базонгæ кодта изæры темæимæ. «Кокойты Уасил скульптор уæвгæйæ, сæнусон  кодта Хуссар Ирыстоны зындгонд адæймæгтæй бирæты рухс нæмттæ æмæ сæ бюстытæ, сæ цыртытæ æвæрд сты нæ республикæйы бирæ рæтты. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæхæдæг дæр абон уый аккаг у, цæмæй йын йæ ном зоной æмæ йæ хъуыды кæной нæ Ирыстоны адæм», – банысан кодта студентон клуб «Аполлон»-ы президент. Дарддæр уый ныхасы бар радта докладгæнæг Лалыты Константинæн. Уый æрæмбырдуæвæг аудиторийæн бæстонæй æрдзырдта Кокойты Уасил цард æмæ сфæлдыстады тыххæй, йæ уæздандзинад æмæ рæсугъд удыхъæдыл. Аивады дунейы йын бирæ кæй бантыст, фæлæ йæ абон, хъыгагæн, бирæтæ кæй нæ зонынц æмæ йыл кæй хъæуы дзурын сомбоны фæлтæртæн.

– Кокойты Уасил Никъалайы фырт райгуырдис 1921 азы 21-æм сентябры Дзауы районы. Йæ фыд Никъала уыдис ахуыр лæг. Каст фæцис духовон семинари æмæ фæстæдæр та бацыд большевиктæм æмæ ссис партийы уæнг. Йæ ныййарæг мад та уыдис Хуссар Ирыстоны йæ ном хъуыстгонд кæмæн уыдис, уыцы Театры артисткæ Цæбиты Нинæ. Кокойты бинонтæ хъомыл кодтой цыппар сывæллоны – дыууæ лæппу æмæ дыууæ чызджы. Кокойты Уый йæ бинонтимæ хуыздæр цардагур ацыдысты Бакомæ. Никъала уыдис къухджын лæг æмæ уайтагъд уым куыст ссардта. Куыста заводы. Уый-иу йæхи къухæй сныв кодта станоктæ æмæ-иу сæ стæй сарæзта. Уыцы станоктæ-иу æвæрд æрцыдысты заводы æмæ-иу сыл куыстой кусджытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм кусæгæн стыр аргъ кодта заводы хистæр æмæ кусджытæн дæр уыдис уарзон.

Цард афтæ рауадис æмæ бинонты бахъуыдис фæстæмæ æрæздæхын Хуссар Ирыстонмæ. Æрцардысты Цхинвалы (хæдзар дæр сарæзта Никъала йæхæдæг æмæ абон дæр лæууы). Бинонты дарын хъуыдис æмæ бацыдис кусынмæ хъæдкуысты комбинатмæ æмæ йæ уайтагъд снысан кодтой йæ директорæй. Фæкуыста дзы 1937 азмæ. Уæд райдыдтой репресситæ дæр æмæ бацарæфтыд кодтой бирæ бинонты. Кокойты Уасил дæр бахауд уыдон нымæцмæ æмæ афтæмæй фесæфта йæ ныййарæг фыды. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы трагеди арф фæд ныууагъта Кокойты бинонтыл, тынг бандæвта æрыгон лæппуйы удыхъæдыл.

1938 азы Уасил каст фæцис М. Горькийы номыл астæуккаг скъола (ныры 2-æм астæуккаг скъола). Скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд базонгæ ис зындгонд нывгæнæг Тугъанты Махарбегимæ. Уыдис Махарбеджы ахуыргæнинæгтæй сæ иу. Уыцы рæстæджы бирæ сывæллæттæ цыдис Тугъанты Махарбегмæ, цæмæй сæ сахуыр кодтаид ныв кæнын. Цæбиты Нинæ-иу куыд дзырдта, уымæ гæсгæ Тугъанты Махарбеджы тынг уарзтой йæ ахуыргæнинæгтæ. Уымæн æмæ сæ кодта ахуыры фæндагыл. Уыдис тынг хорз адæймаг æмæ йæ сæйраг ныхас та сывæллæттæн уыдис, цæмæй фылдæр сæ хъус дарой ахуырмæ.

1939 азы Кокойты Уасил ацыдис Мæскуымæ, цæмæй бацыдаид С. Строгановы номыл декоративон аивады институтмæ. Æрыгон лæппу, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг тарстис, зæгъгæ, йæ куы нæ айсой ахуырмæ йæ фыды тыххæй. Фæлæ лæппу цæмæ бæллыд, уый йæ къухты бафтыд æмæ ссис уыцы институты монументалон скульптурæйы факультеты студент.

Стыр Фыдыбæстйон хæсты рæстæгмæ кæй æрхаудтой йæ ахуыры азтæ, уый тыххæй йæ ахуыр каст фæцис 1949 азы, аххæссыд 10 азы бæрц. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты немыцаг фашисттæ сæ ных Мæскуымæ куы скодтой æмæ йыл куы ‘рхъула сты, уæд Кокойты Василийы дæр бахъуыдис Мæскуыйы горæт бахъахъхъæныны сæр…

Уæззау хæстон азты фæстæ Уасил æрцыдис Цхинвалмæ æмæ кусын райдыдта Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры нывгæнæгæй цасдæр рæстæг. Фæлæ лæппуйæн æнцойад нæ лæвæрдтой йæ хъуыдытæ йæ ахуыр адарддæр кæныны тыххæй. Фæстæмæ аздæхт æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы кæронмæ. Каст æй фæцис æнтыстджынæй. Йæ дипломон куыст та уыдис зынгæ революционер Айдарты Знауырыл. Уыцы дипломон куысты копи, ома, А. Знауыры бюст æвæрд у Знауыры районы. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ революционеры бюст саразыны хъуыддаг кæй уыдис паддзахадон заказ æмæ йæ кæй бахæс кодтой Кокойты Уасилæн.

Мæскуыйы куы ахуыр кодта, уæд дæр бирæ куыста йæ дæсныйадыл. Зындгонд скульптор А. Кибальников куырдиатмæ гæсгæ Уасил дæр хайад иста В. Маяковскийы цырт саразыны хъуыддаджы æмæ сын иумæ æнтысгæ дæр бакодта, – радзырдта докладгæнæг.

Скульпторы чызджытæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ сæ фыд  уыдис æфсæрмыгæнаг лæг, нæ уарзта йæхи тыххæй дзурын æмæ уымæ гæсгæ абон уыдон нæ зонынц сæ фыд ма Мæскуыйы уæвгæйæ, цавæр куыстыты автор ссис æмæ йын дзы цас бантыст саразын.

«Кæд-иу исты базыдтам мæ фыды тыххæй, уæддæр йе ‘мбæлттæй. Мæскуыйы мæ фыд тынг хорз кæй ахуыр кодта æмæ йæ ныв дæр хуыздæр студенттимæ конд кæй уыдис, уый дæр ын йе ‘мбæлттæй базыдтам. Нæ фыдмæ-иу нын Мæскуыйæ арæх фæдзырдтой, цæмæй уырдæм аздæхтаид æмæ дзы дарддæр кодтаит йе сфæлдыстадон куыст, фæлæ уый йæ рынчын мад, йæ бинонты нæ ныууагъта. Уымæ гæсгæ баззад Хуссар Ирыстоны», – зæгъы Маринæ.

Уасил Хуссар Ирыстоны цæргæйæ, бирæ рæстæджы дæргъы фæкуыста нывгæнæн ахуыргæнæндоны директорæй. Уыдис Нывгæнджыты цæдисы сæрдар дæр. Уый æдтейæ бирæ куыста йæ дæснйадыл. Нæ горæты æмæ ма хъæуты дæр цыдæриддæр цыртытæ æмæ бюсттæ æвæрд ис, уыдон сты Уасилы куыстытæ. Уыдон ‘хсæн сты, Тыбылты Алыксандры, Плиты Иссæ, Бестауты Гиуæрги, Санахъоты Владимир, Айдарты Знауыры, Хетæгкаты Къостайы  (Уанелы), В. Ленины æмæ бирæ æндæр зындгонд гоймæгты цыртытæ æмæ стыр хъыгагæн, уыдæттæ абон адæм нал зонынц. Уый фæдыл дзырдтой клубы хайадисджытæ æмæ фæндон бахастой, цæмæй йæ номыл æввахс рæстæджы уагъд æрцæуа номарæн мадзал республикон æмвæзадыл.

Кокойты Уасилы куысты æмæ царды тыххæй йæ мысинæгтæ загъта Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы директор, нывгæнæг Кæсойты Лаврент. Уый банысан кодта скульпторы уæздандзинад æмæ удыхъæд.

«Æз æй зыдтон 14-аздзыдæй, нывгæнæн ахуыргæнæндоны куы ахуыр кодтон, уæдæй. Уый нын бауарзын кодта сфæлдыстадон куыст кæнын. Уыдис тынг уæздан адæймаг æмæ йæ студенттæ дæр уарзтой бирæ. Кокойты Уасилæн уыдис йæхи стиль æмæ цæстæнгас æмæ уый зыны йæ куыстытыл дæр. Стыр Фыдыбæстæйон хæст адæмыл тынг кæй бандæвта, уый тыххæй йæ куыстыты иу хай снывонд кодта хæстон хъæбатыртыл, кæцытæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнгæйæ, фæмард сты знаджы нæмыгæй. Ахæм цыртытæ æвæрд сты Хъорнис, Додот æмæ æндæр хъæуты. Уый ма уыдис тынг хорз нывгæнæг дæр. Фылдæр архайдта хуызфыссынады, студент ма куы уыдис, уæд», – загъта Кæсойты Лаврент.

Кокойты Уасилæн йæ бинойнаг уыдис Тедеты Юля. Бирæ фæкуыста журналистикæйы фадыджы. Хорз зыдта ирон æвзаг æмæ бирæ азты фæкуыста газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы. Сæ чызджытæй Маринæ у ахуыргæнæг æмæ Иринæ та кусы Цæгат Ирыстоны гуырæн хæдзары дохтырæй.

Кокойты Уасил райгуырæн бæстæйы патриот кæй уыдис, уый тыххæй тынг мæт кодта Гуырдзыстоны фашисттæ Цхинвалмæ куы ‘рбабырстой æмæ ирон адæмæн фыдмитæ кæй кодтой, уый. Зæрдæрыст адæймаг нал сфæрæзта æмæ ахицæн ис ацы дунейæ 1991-æм азы январы мæйы. Фæлæ уавæр ахæм æндыгъд уыдис æмæ йæ горæты уæлмæрды бавæрдтаиккой, уый гæнæн нæ уыдис. Рæстæгмæ йæ баныгæдтой, кæм куыста, уыцы æрмадзы кæрты. Фæстæдæр бæстæ куы фæсабырдæр ис, уæд ын йæ мард буар бавæрдтой уæлмæрды. Ирон скульптурæйы аивадмæ стыр хайбавæрд чи бахаста, уыцы дзæнæттаг Кокойты Уасилы ном хъæуы мысын, цæмæй йæ фидæны цардаразджытæ дæр зоной, ахæм гоймаг не ‘хсæн кæй цардис æмæ нын скульптурон бынтæ кæй ныууагъта, уый сæраппонд.

Цхуырбаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.