Æрæджы Цхинвалы районы культурæйы хайады дæлбаруæвæг ансамбль «Барс» хайад райста хореографийы Дунеон конкурс «Танцы плюс»-ы. Ерыс уыдис горæт Железноводскы æмæ уым «Барс» рамбылдта Гран-при. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады пресс-службæйы. «Ансамбль «Барс» ацы конкурсмæ ахастой дыууæ хореографион номыры. Уæрæсейаг сценæ-мæкæсджыты раз аив сæххæст кодтой «Хæххон кафт» æмæ «Симд». Жюрийы уæнгтæ иттæг хорзыл банымадтой ансамблы кафт «Симд» æмæ йæ банымадтой иууыл хуыздæртыл», – банысан кодтой пресс-службæйы.

Ансамбль «Барс» рамбылдта Гран-при

Нæ республикæйы Культурæйы министрад ансамблы уæлахизы фæдыл стыр арфæ ракодтой сфæлдыстадон коллективæн, сæрмагондæй та бузныджы ныхæсты аккаг скодтой аивадон къухдариуæггæнæг Мæлдзыгаты Фатимæ æмæ хореограф Санахъоты Иналы.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.