Сфæлдыстадон зиугуыстмæ йæ дыстæ чи басчъил кæны, уыцы райдайгæ поэт, фыццаг зарæг уарзт æмæ уарзондзинадыл снывæнды. Æмæ уый   раппæлинаг миниуæг у. Уый уымæн, æмæ уарзт кæм ис, уым æдзухдæр вæййы царды гуылфæн, йæ сæраппонд счъилдысæй кусын æмæ архайын, зарæджы зæлтæ йыл нывæндын. Сыгъдæг уарзондзинадæй хайджын чи вæййы, уыдон та сылгоймæгтæ сты, æмæ уыцы уарзты фæрцы сæхицæн æмæ сæ алфæмбылай адæмæн лæвар кæнынц цард дæр, амонд дæр æмæ фарн дæр. Цæмæй мæ ныхас бафидар кæнон, уый тыххæй хуыздæр у цæвиттонтæ æрхæссын. Цард рæсугъд у, æмæ нæ зæрдыл хъуамæ дарæм канд абоны фæлтæрты сгуыхтдзинæдтæ нæ, фæлæ тырнæм фидæны рæсугъд цард аразынмæ дæр. Уыимæ иумæ, нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, ивгъуыд рæстæджы хорз миниуджытæ дæр.

Нæ цæст ахæссæм, ивгъуыд заманы Цхинвалы районы Къостайыхъæу-Цъунары сылгоймæгтæ уарзт æмæ царды æвæрæнтæм цы уæзгæ хайбавæрд бахастой, уыдоныл дæр. Зындзард кодтой, æдзух физикон уæззау куыст сæ разæй цыд, фæлæ  уый  мурмæ  дæр нæ дардтой. Æрыгон адæймаджы бæллицтæй иу вæййы йæ амонд ссарын, стæй та хорз зæнæг схъомыл кæнын. Ивгъуыд æнусы æмбистæм бирæ зæнæджджын уыдысты бинонтæ æмæ уымæй сæхи амондджыныл нымадтой. Архивон æрмæджытæй куыд бæрæг у, афтæмæй фондз, æхсæз, аст сывæллон ныййарын æмæ схъомыл кæныны тыххæй «Маддзинады кады къæпхæны» ордентæм бавдыстæуыд Хъабанты Къатушæ, Джиоты Резинкъæ, Хуыбиаты Магда, Уарди, Пело, Фединкæ, Хаситы Ребо, Хуыбиаты Аннæ, Хетæгкаты Къато, Тедеты Монæйы. Сылгоймаг – мæдтæ æрмæст сомбоны цардаразджыты нæ хъомыл кодтой, фæлæ ма æхсæнадон куысты дæр фæстæ нæ лæууыдысты. Фæллой кæм ис, уым та вæййы бæркад дæр. Цæвиттон, афæдз-иу 250-300, 340-400 куыстбоны уыд Гæбæраты Надюшæ æмæ Тедеты Жадойæн, 1938 азы фосдарды къабазы хуыздæр кусджыты ‘хсæн уыд хъугдуцæг Тараты Уарди. Уæззау уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæст, фæсчъылдым ма баззадысты æрмæст æнахъомтæ, зæрæдтæ æмæ сылгоймæгтæ. О, царды уæз сæ уæхсчытыл фылдæр сылгоймæгтæн æрæнцад, нæ сын уыд æрæнцой, сæумæрайсомæй изæрдалынгтæм уæззау куыст се рагъæй нæ хауд. Æмбисæхсæвтæм та хæдзары змæлдæй цух нæ уыдысты. Быдтой, фронты чи уыд, уыдонæн хъарм дарæс. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдæр ранымайгæ куыстытæ уыдысты, цæмæй цард йæ бынаты ма æрлæууа, фæлæ æндидза, цæуа размæ. Хъæуы сылгоймæгтæ активон хайад истой Чъехы донхæргæнæн къанауы арæзтады дæр æмæ абоны бон дæр уый фæрцы бирæтæ  æрзайын кæнынц алыгъуызон хъæууон-хæдзарадон культурæты хъæз-дыг тыллæг.

Хъæуы сылгоймæгтæ сæ хайбавæрд хастой царды æндæр æмæ æндæр къабæзтæ райтынг кæнынмæ дæр. Ацы хъæуы схъомыл, стæй уæлдæр ахуырдзинад райста Хаситы Аннæ дæр. Уый цалдæр азы цæсгомджынæй фæкуыста Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы директорæй, хорз æмвæзадыл уыд уый фæрцы ахуыр-хъомыладон куыст. Æмæ уыцы рæстæ-джы æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ ахуыры фæндагыл æнæзивæгæй кæй цыдысты, уым дзæвгар уыд, скъолайы разамонæг Хаситы чызджы уæзгæ хайбавæрд дæр. Дохтыры арфæйаг дæсныйад равзæрстой Хетæгкаты Евгеня, Люся, Лохты Мисурæт, уыдон фæрцы цардмæ бирæ æмбæстæгтæ раздæхтысты æмæ сæ уыдысты райгонд.

Цард рæсугъд у, уыцы рæсугъддзинад æмæ амондджын аразджытæ, фæлдисджытæм фылдæр сылгоймæгтæ хауынц.

Уæдæ царды рæсугъддзинад æмæ амондæй кæддæриддæр хайджын ут, нæ рæсугъд æмæ уæздан сылгоймæгтæ!

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.