Сывæлæтты æхсæнадæмон вокалон конкурс «Ты супер» фадат дæтты æвзонг хайадисджытæн сæ курдиат раргом кæнынæн, информагентад «Рес»-æн йæ комментариты банысан кодта зынгæ оперон зарæггæнæг Амага Готти. (Готойты Иринæ).

«Ивгъуыд аз сывæллæтты æхсæнадæмон вокалон конкурсы хорз азарыд Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгæнинаг Гæбæраты Аринæ. Ацы аз проекты хайад иста курдиатджын чызг Плиты Ланæ. Æз афтæ нымайын, æмæ ахæм конкурсты хайад райсын нæ сывæллæттæн дæтты стыр цардмæ балцæг райсыны фадат. Проекты рæстæджы сывæллæттæ кæрæдзиимæ зонгæ кæнынц, исынц фæлтæрддзинад æмæ сæхиуыл фылдæр феууæндынц, фæныфсхастдæр вæййынц», – радзырдта Амага Готти.

Оперон зарæггæнæджы ныхæстæм гæсгæ, ахæм проектты хайад райсыны тыххæй сывæллæтты ‘хсæн хъæуы кастингтæ ауадзын, уыимæ иумæ ма равзарын хъæуы раст репертуар дæр, цæмæй сценæйыл сывæллæтты къухы бафта æнтыстытæ, уый тыххæй.

«Ирыстоны сывæллæттæ тынг курдиатджын сты, фæлæ курдиаты раргом хъæуы. Æвзарын хъæуы аивады фадыджы курдиатджын сывæллæттæ, уымæн æмæ уыдон нæ фидæн сты», – банысан кодта Амага Готти.

Проекты алы сезоны дæр Амага Готти активонæй феххуыс кæны, Ирыстонæй дзы хайад чи фæисы, уыдонæн.

«Æз кæддæриддæр цæттæ дæн сывæллæттæн æххуысмæ æмæ уый тыххæй гæнæн цæмæн ис, уый аразын. Æз нæ сывæллæттæм æрцыдтæн, цы базæйы уыдысты, уырдæм. Куыстон семæ, мæ фæлтæрддзинад сын амыдтон, куыд гæнæн уыд, афтæ сæ бацæттæ кодтон», – банысан кодта уый.

Зарæггæнæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы аз дæр уый æрцыд, проект кæм истой, уырдæм æмæ фембæлд Плиты Ланæимæ.

«Уый, æцæгæйдæр, тынг курдиатджын чызг у. Ланæ цы зарæг кодта, уый  уыд вазыгджын зарæг, ахæм вазыгджын зарæгæн цыбыр рæстæгмæ нæй бацæттæгæнæн. Ахæм зарджыты шоу-бизнесы стъалытæ иу бонмæ æмæ дыууæ бонмæ нæ ахуыр кæнынц. Ланæ æнтыстджынæй азарыд проекты æмæ йын ис æппæт фадæттæ дæр, цæмæй йæ разы цы нысан сæвæрдта, уый йæ къухты бафта. Куыдфæндыйæ дæр уый ныридæгæн уæлахиздзау у», – банысан кодта Готти.

Хуссар Ирыстонæй проекты хайадисæгæн чи баххуыс кодта, уыдонæн оперон зарæггæнæг загъта бузныджы ныхæстæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.