7-æм сентябры Хуссар Ирыстоны адæм стыр цинимæ æмбæлдысты хуссарирыстойнаг спортсмен, уæгъдибар стилы хъæбысæйхæцæг, дунейыл ирон лæджы кад ноджыдæр чи систа бæрзонд æмæ Ирыстоны ном дунейыл ноджыдæр чи айхъуысын кодта, нæ уыцы уæздан æмæ рæсугъд кæстæр Рæмонты Сосланыл. Рæмонты Сослан рамбылдта сыгъзæрин майдан Рио-де-Жанейройы Олимпион хъæзтыты æмæ афтæмæй йæ ном хаст æрцыд Хуссар Ирыстоны спортивон историмæ. Уый Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонд командæйы уæвгæйæ, разынд тыхджындæр богал æмæ фæуæлахиз азербайджанаг спортсмен Тогрул Асгаровыл. Ирон богал йæ ныхмæлæууæг спортсмены рамбылдта 11:0 хыгъдæй, цы ‘мбæлдис, уыцы рæстæгæй раздæры æмгъуыдмæ æмæ уайтагъд айхъуыст æгас дунейыл ирон лæппу кæй ссис Олимпион чемпион, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, Рæмонты Сосланы стыр циныл фæцин кодтой, куыд æгас Уæрæсейы, афтæ нæ республикæйы æппæт цæрджытæ дæр. Уыцы бон фырцинæй Цхинвалы цæрджытæн сæ фылдæр рахызтысты горæтмæ ирон тырысатимæ æмæ стыр цины æнкъарæнтимæ нысан кодтой ацы спортивон цау. Олимпион чемпион Рæмонты Сосланы официалонæй нæ республикæйы къухдариуæгад фæхуыдта, цæмæй йæ хуссарирыстойнаг адæм дæр лæгæй-лæгмæ феной æмæ йын арфæтæ зæгъой, уый сæраппонд.

Хуссарирыстойнаг адæмы фæндон сæххæст ацы бон æмæ æввахсмæ федтой Рæмонты Сосланы. Дунейы чемпионимæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат, Сосланæн йæ тренер Мæргъиты Анатоли (не ‘мзæххонтæ), афтæ ма йæ ныййарджытæ, йæхиуæттæ æмæ йе ‘ввахс æмбæлттæ.

Зынаргъ уазджытыл Рукъы тъунелы цур сæмбæлдысты нæ республикæйы æхсæнад Фæ-сивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергейы сæргълæудæй. Цытджын фембæлды фæстæ уазджытæ сæ фæндаг ракодтой Дзауы районы администрацийы фæзуатыл, цыран сæм се ‘рцыдмæ æнхъæлмæ кастысты Дзауы районы цæрджытæ, районы æхсæнады минæвæрттæ æмæ къухдариуæгад Чилæхсаты Владимиры сæргълæудæй. Олимпион хъæзтыты чемпионыл дзауæгтæ æмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ. Фæсивæд дæр æмæ адæм дæр афтæ цин кодтой сæ “Сыгъзæрин” уазæгыл, æмæ-иу сæхи нал баурæдтой, стыр цинимæ-иу хъæр кодтой «ура!», «молодец», «нæхи Сослан» тыхджын къухæмдзæгъдимæ.

Дзауы хистæр лæгтæ скуывтой Стыр Хуыцаумæ æмæ уый фæстæ арфæйы ныхæстæ загътой Олимпион чемпион Рæмонты Сосланы номыл. Бузныг загътой йæ ныййарджытæн дæр, ахæм уæздан æмæ хъæбатыр лæппу кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй. Арфæйы ны-хæстæ ма загътой Тедеты Дзамболат æмæ Мæргъиты Анатолийæн. Уый фæстæ уазджыты номыл Дзауы районы сфæлдыстадон къордтæ сæххæст кодтой музыкалон номыртæ, акафыдысты ирон кæфтытæ.

Мадзаламонæг Магкоты Эльвирæ бахатыд Сосланмæ, цæмæй сывæллæттæн загътаид йæ зæрдæйы фæндиæгтæ. Рæмонты Сослан, фыццаджыдæр, бузныг загъта се ‘ппæтæн дæр, афтæ зæрдиагæй æмæ йыл цинимæ  кæй æмбæлынц æмæ йын стыр кад кæй кæнынц, уый тыххæй. Уый фæстæ Олимпион чемпион йе ‘ргом аздæхта фæсивæдмæ æмæ сын загъта,  цæмæй уыдон дæр тырной æмæ фидæны суой Олимпион чемпионтæ. Дарддæр Сосланмæ бахатыдысты, цæмæй йæ фæндиæгтæ æмæ арфæтæ йæхи къухæй ныффысса Районы администрацийы арфæты чиныджы. Сывæллæттæ йæм балыгъдыстты уырдæм æмæ дзы истой автографтæ дæр.

Мадзалы ма раныхас кодтой Сосланы сæрмагонд тренер Мæргъиты Анатоли æмæ Уæ-рæсейы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат.

Мæргъиты Анатоли йæ раныхасы сæрмагондæй банысан кодта, зæгъгæ, йæхæдæг дæр хуссарирыстойнаг кæй у æмæ каст кæй фæцис Дзауы скъола-интернат. Банысан кодта,  сæрыстыр кæй у уыцы скъолайы кæй схъомыл ис æмæ дзы бирæ хорздзинæдтæ кæй рахаста, уымæй. Бузныг загъта, æрæмбырдуæвджытæн æппæтæн дæр, се ‘нтыстытыл сын кæй фæцин кодтой, уый тыххæй.

Тедеты Дзамболат дæр стыр бузныджы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Рæмонты Сосланы уæлахиз кæй уыдис Ирыстонæн стыр бæрæг-бон, уый.

«Сослан ахæм уæлахиз æрхаста йе стыр куыст æмæ тренировкæты фæрцы æмæ сы-мах дæр, фæсивæд, хъуамæ уымæй исиккат цæвиттон.

Мах дарддæр дæр архайдзыстæм, æппæт дæр араздзыстæм, нæ бон куыд уа, афтæ, цæмæй Ирыстоны æмæ Уæрæсейы кад бæрзонд кæнæм æмæ нын стыр æнтыстытæ уа спорты», – загъта Тедеты Дзамболат.

Мадзалы кæрон ма фæсивæд зæрдылдарынæн Рæмонты лæппуимæ систой сæ къамтæ дæр. Дарддæр цытджын уазджытæ сæ фæндаг ракодтой республикæйы столицæ – Цхинвалмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид официалон æгъдауæй йæхимæ райста уазджыты. Цытджын фембæлды хайад райстой Сосланы ныййарджытæ Рæмонты Людвиг æмæ Бестауты Иринæ, Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат, Сосланы сæрмагонд тренер Мæргъиты Анатоли æмæ РХИ-йы Хицауады уæнгтæ Хъуылымбегты Доментийы сæргълæудæй. РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид зæрдиагæй фембæлд уазджытыл æмæ банысан кодта, ацы стыр циныл æгас республикæйы адæм дæр кæй фæцин кодтой æмæ сæрыстыр кæй сты Рæмонты Сосланы Олимпион хъæзтыты фæстиуджытæй.

«Сослан, мах не ‘ппæт дæр цин кæнæм де стыр æнтысты тыххæй. Абон мах, Хуссар Ирыстоны адæм æрæмбырд стæм, цæмæй дын æгас цу зæгъæм, цæмæй дын стыр бузныджы ныхæстæ зæгъæм. Фæнды мæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй, нæ къухдариуæгады æмæ мæхи номæй дæр зæрдиаг æмæ арфæйаг ныхæстæ зæгъон де спортивон æнтыстыты тыххæй.

Ды 21-æм августы цы стыр  хъуыддаг сарæзтай, уый историйы баззайдзæнис. Уый у историон цау æмæ йыл Ирыстоны цæрджытæ кæддæриддæр цин кæндзысты. Де стыр æнтыстыты тыххæй дын зæрдиаг арфæтæ кæнæм. Алы хатт дæр нæм æгас цы цæуай, уыцы амонд дæ уæд! Алы хатт дын де стыр æнтыстытыл цы цин кæнæм æмæ дын сæ мах та цытимæ цы нысан кæнæм, уый дын нæ зæрдæтæ зæгъынц. Мæн фæнды стыр бузныг зæгъын, дæу чи бацæттæ кодта ацы стыр æнтыстытæм, уыцы дыууæ богалæн Тедеты Дзамболат æмæ Мæргъиты Анатолийæн. Тедеты Дзамболат Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сæргъ лæууы æмæ та йæ радон хатт федтам, йæ къухы стыр æнтыстытæ кæй бафтыд, уый. Стыр бузныг зæгъын нæхи уæздан æфсымæр Мæргъиты Анатолийæн, ахæм хъарм ахаст ын кæй ис нæ кæстæртæм æмæ та йæ къухæй кæй рацыд Олимпион чемпион. Стыр бузныг уын, мæ сæрæй уын ныллæг кувын. Хицæнæй ма мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды Сосланы мад æмæ фыдæн. Æвæццæгæн, уыдонæй тынгдæр ничи фæцин кодта сæ хъæбулы æнтыстыл. Фæлæ уый хыгъд, мах дæр тынг фæцин кодтам æмæ уыцы циндзинад абон дæр дих кæнæм уемæ. Уæ хъæбултæ ноджыдæр размæ цæуæд æмæ мæнæ уæ царды цы диссаджы цау æрцыд, уыдонмæ ма ноджыдæр æндæр хуыздæр цаутæ дæр цы бафта, уый амонд уæ уæнт! Сослан, ноджыдæр арфæгонд у! Стыр бузныг, æгас Уæрæсейæн кæй саргъ кодтай, Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны тырыса кæй рахастой æмæ сæ бæрзонд кæй систой, уый дæр ууыл дзурæг у æмæ ды кæрæдзийыл бæттыс Ирыстон æмæ Уæрæсейы. Æнæхъæн дунейыл та Ирыстоны ном кæй айхъуысын кодтой рæсугъд æмæ кадджынæй, уый тыххæй дын куыд паддзахады Президент, афтæ мæ сæрæй ныллæг кувын», – загъта Тыбылты Леонид.

Олимпион чемпион Рæмонты Сослан дæр йæ рады бузныджы ныхæстæ загъта Президент Тыбылты Леонидæн, афтæ зæрдиагæй йыл кæй æмбæлынц æмæ йын стыр кад кæй кæнынц Хуссар Ирыстоны.

«Æз Хуссар Ирыстонмæ æрцæ-уын æмæ мæ фæнды, цæмæй арæхæй-арæхдæр цæуон ардæм. Уымæн æмæ æз ардæм куы ‘рцæуын æмæ фæстæмæ куы аздæхын, уæд мæ къухты бафты стыр æнтыст. Цæмæ фенхъæлмæ кæсын, уыдон иууылдæр æрцæуынц. Стыр бузныг зæгъын сымахæн уе ‘ппæтæн дæр, зæрдæйæ мемæ кæй уыдыстут æмæ мын ме стыр уæлахизмæ кæй æнхъæлмæ кастыстут, уый тыххæй. Сæрмагондæй мæ бузныджы ныхæстæ фæнды зæгъын дæуæн, цытджын Тыбылты Леонид, стыр хъусдард здæхт мæм кæй цыдис де ‘рдыгæй æмæ мыл зæрдиагæй кæй тыхстæ, уый тыххæй. Æз алцы дæр хатыдтæн, æнкъардтон, сымах зæрдиагæй мæ фарсмæ кæй уыдыстут. Зыдтон æй, тынг кæй æнхъæлмæ кастыстут ацы майданмæ.  Ацы майдан у куыд дунейы, афтæ нæ адæмы май-дан дæр, ис дзы, мæныл чи тыхстис, уыдоны фарсхæцынад æмæ тырнындзинад. Уый тыххæй алкæмæн дæр зæгъын стыр бузныг», – загъта Олимпион чемпион Рæмонты Сослан.

Тедеты Дзамболат дæр йæ раныхасы бузныджы ныхæстæ загъта Президент Тыбылты Леонидæн, спортсментæм цы хъусдард здахы, уый тыххæй. «Ахæм стыр хъусдард  спортсментæм мах никуы хатыдыстæм раздæр РХИ-йы къухдариуæгадæй. Æмæ дын стыр бузныг, Леонид Харитоны фырт, уый тыххæй. Леонид Харитоны фырт, ды-иу арæх радзырдтай махмæ æмæ-иу нæ бафарстай, нæхи куыд цæттæ кæнæм Олимпиадæмæ. Сослан уæлахиздзау куы ссис, уæд нæм, фыццаджыдæр, фæдзырдтай ды. Уый тыххæй дын стыр бузныг. Махæн ма загътай, Цхинвалы куыд уæрæхæй нысан кодтой Сосланы фæуæлахиз, уый дæр. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг æхсызгон уыд не ‘ппæтæн дæр. Стыр бузныг ма зæгъын хуссарирыстойнаг адæмæн, афтæ зæр-диагæй кæй фæцин кодтой не стыр циныл, уый тыххæй», – загъта Тедеты Дзамболат.

Бузныджы ныхæстæ ма Президент Тыбылты Леонидæн загъта Мæргъиты Анатоли дæр: «Мæнæн, куыд Сосланы тренерæн, афтæ тынг æхсызгон у, Рæмонты лæппу кадимæ кæй дарддæр кæны ирон хъæбысæйхæцджыты традицитæ. Мах дарддæр дæр архайдзыстæм, цæмæй цæттæ кæнæм Сосланы хуызæн спортсменты æмæ сын цин кæнæм се ‘нтыстытыл», – банысан кодта тренер.

Президентимæ фембæлды фæс-тæ Рæмонты Сослан æмæ йе ‘муазджытæ ацыдысты, Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты цы мемориалон уæлмæрд ис, уырдæм æмæ дзы сæвæрдтой дидинджытæ. Уый фæстæ мадзæлттæ адарддæр кодтой ХИПУ-йы æмæ спортивон комплекс «Олимп»-ы.

Цхуырбаты Ларисæ

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.