Президентон ӕвзӕрстыты развӕлгъау фӕстиуджытӕ базоныны фӕстӕ Бибылты Анатоли Централон ӕвзарӕн къамисы Информацион пресс-центры уӕвӕг журналисттӕн фехъусын кодта, ӕвзарӕн фадгуыты развӕлгъау зонӕнтӕм гӕсгӕ кӕй бахъӕудзӕн Республикӕ Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты дыккаг ӕрзылд ауадзыны сӕр.

«Æвзӕрстытӕ ацыдысты Хуссар Ирыстоны архайӕг закъоны фӕлгӕтты. Æвзӕрстыты ацыдыл чи бандава, ахӕм цухдзинӕдтӕ нӕ бафиппайдӕуыд. Ууыл разы сты мӕ оппоненттӕ. Уый ӕхсызгон у.

Мах ӕмбарӕм, кӕй банымадтой, уыцы бюллетентӕ, ӕмӕ зындгонд куыд у, афтӕмӕй уыдон сты 96 процентæй фылдӕр, уыдзӕн дыккаг ӕрзылд. Оппоненттӕ ныридӕгӕн сарӕзтой сидтытӕ. Ноджыдӕр ӕй зӕгъын, уый у, мах алцы дӕр закъоны  фӕлгæтты кӕй арӕзтам, уый фӕрцы», – загъта Президент. Уый банысан кодта, тынг ӕхсызгон ын кӕй у, дыккаг ӕрзылдмӕ Гаглойты Аланимӕ кӕй ахызт, уый.

«Дыккаг ӕрзылдмӕ ахызтысты дыууӕ идеологийы. Мӕнмӕ гӕсгӕ  сымах ӕмбарут, дзырд цахӕм идеологитыл цӕуы, уый. Æмӕ кӕнгӕ у адӕмы равзӕрстӕй. Адӕм кӕмӕн схъӕлӕс кӕной, уый уыдзӕн Президент», – загъта Бибылты Анатоли.

Паддзахады сӕргълӕууӕг бузныг загъта ӕвзарджытӕн се ‘ппӕтӕн дӕр, ӕвзӕрстыты хайад кӕй райстой, ӕмӕ се ‘мбӕстагон хӕс кӕй бафыстой, уый тыххӕй.

«Уӕлдай бузныг уыдонӕн, кӕцытӕ рахӕцыдысты ме ‘вварс. Мӕн фӕнды зӕгъын, тох кӕй нӕ фӕци. Политикон тох алы хатт дӕр уыд ӕмӕ уыдзӕн», – загъта уый.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны адӕммӕ Президент ӕрсидт мобилизацимӕ:

«Консолидаци у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг. Æз уый тыххӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ загътон. Æмӕ, ӕнӕдызӕрдыгӕй, ӕппӕт дӕр кӕнгӕ уыдзӕн, дыккаг ӕрзылды адӕм цы равзӕрст саразой, уымӕй. Мах иумӕ стӕм. Мах цӕуӕм размӕ, ӕмӕ мах цӕуӕм уӕлахизмӕ адӕмы фӕрныгады сӕраппонд», – загъта Бибылты Анатоли.

Хуссар Ирыстон Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуа, уый сӕраппонд референдумы темӕйыл дзургӕйӕ, паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, «нӕ разы кӕй ис хӕс, ӕмӕ йӕ мах хъуамӕ сӕххӕст кӕнӕм».

«Нӕ адӕмӕн ӕмӕ нӕ уарзон республикӕйӕн – дарддӕры ӕнтыстытӕ ӕмӕ дидинӕфтыд», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.