Зынаргъ æмбæстæйонтæ!

Вазыгджын фæндагыл рацыд нæ Республикæ, разæй та нын ис ног фæндæгтæ.

Хуссар Ирыстоны адæм зонынц: зындзинæдты мах хъуамæ кæрæдзи фарсмæ æрлæу-уæм, хъуамæ кæрæдзийæн æххуыс кæнæм хæдбардзинад æмæ æнæниз хъуыдыйы уæззау уаргъ хæсгæйæ, нæ адæмы традицитæн аргъ кæнæм, нæ мадæлтæ æмæ нæ сывæллæттыл аудæм, аргъ кæнæм, ахæм зынтæй нæ къухы чи бафтыд, уыцы сабырдзинадæн æмæ архайын ууыл, цæмæй йæ ма фесафæм.

Иумæ мах куыстам Цхинвалы æртхутæгæй сыстын кæныныл, Гуырдзыстоны тыхæрбахасты фæстæ ногæй æндидзын кодтам нæ Республикæ, арæзтам фæндæгтæ, рынчындæттæ, скъолатæ æмæ сабидæттæ. Иумæ чысыл къахдзæфтæгæнгæ æндидзын кодтам национ разыдзинад, нæ адæмы иудзинад, ферохгæнæн кæмæн нæй, уыцы 2011 азы æмбæстагон ныхмæлæуды фæстæ.

Абон махæн уæлдай ахсджиагдæр у, ахæм зынтæй нæ къухты бафтгæ сабырдзинад, фарн æмæ иудзинад не ‘хсæнады, нæ республикæйы уавæр фенкъуысын кæнымæ чи хъавы, уыцы алыгъуызон провокатортæй бахъахъхъæнын. Хуссар Ирыстон нырма æрæджы райдыдта размæ цæуын, нырма дзы æрæджы бацыд цардызмæлд, æмæ нæй æруадзæн, цæмæй ногæй æрцæуæм ныхмæлæуды уавæрмæ. Æрмæстдæр не ‘ппæт дæр иумæ куы уæм, уæд нæ бон суыдзæн нæ Республикæйы размæцыд æмæ хуыздæр фидæнмæ бахæццæ кæнын, цæмæй нæ зæххыл уа фарн æмæ разыдзинад.

Политикон партитæ, æхсæнадон организацитæ æмæ Республикæйы æмбæстæгтæ, кæмæндæриддæр ахсджиаг у нæ зæххыл фарн æмæ сабырдзинад бахъахъхъæнын – сидынц Хуссар Ирыстоны адæммæ, цæмæй слæууой кæрæдзи æмбарыны традициты фæндагыл.

Абон мах хъæуы, цæмæй ма бакоммæ кæсæм провокацитæм æмæ ма ацæуæм не ‘нкъарæнты фæдыл, нæ зæрдыл дарæм нæ ивгъуыд æмæ кæсæм нæ фидæнмæ.

Мах хъуамæ бахъахъхъæнæм нæ сæрыстырдзинад, нæ адæмы, нæ бæстæ – иумæ цæ-уæм размæ Уæрæсеимæ æнгомæй, нæ экономикæ æндидзынгæнгæйæ, адæмы хъысмæтыл аудгæйæ.

Разæй нын бирæ куыст ис. Æмæ æрмæстдæр хъуыдыгонд фæндæттæ хæсгæйæ, алы адæймаджы хъуыдымæ дæр хъусгæйæ, нæ алы къахдзæфы фæстиуджытыл дæр сагъæсгæнгæйæ  – мах бахæццæ уыдзыстæм хуыздæр фидæнмæ.

Афтæмæй æрбангом уыдзыстæм æмæ бахъахъхъæндзыстæм нæ райгуырæн Хуссар Ирыстоны быцæутæ æмæ хицæндзинæдтæй. Алы фæллойадон коллективы дæр, хæлæртты æхсæн æмæ, æгæрыстæмæй, уынгты дæр уæ зæрдыл дарут, уæ сабырдзинадæй кæй бахъахъхъæндзыстут Республикæйы фарн, бахъахъхъæндзыстут йæ фидæн, уæ сывæллæтты фидæн

Фарн æмæ сабырдзинад уæд нæ республикæйы!

Амонд æмæ хæрзиуджытæ уæд нæ адæмы!

Алани – сабырдзинады фарс!

Хуссар Ирыстоны адæмы фæнды размæцыд æмæ дидинæфтыд!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.