2018 азы 14-æм январы Советон Цæдисы спецназы хъæбатыр афицер Бекъойты Павел Викторы фырты райгуырдыл сæххæст 60 азы. Бекъойы фыртæй æппæлыдысты, фæзмыдтой йæ æмæ йын кад кодтой, йæ ном дардыл хъуыстгонд уыд æнæхъæн Советон Цæдисы Паддзахадон æдасдзинады арæнгæрон æфсæдты æмæ æнæхъæн Афганистаны, уый уыд Ахмад Шах Масуды сæрмагонд знаг. Бирæтæ йын хæлæг дæр кодтой йæ диссаджы   фердæхтдзинад æмæ хъæбатырдзинадмæ. Алайнаг фыранк, ирон уари йæ удæгасæй ссис Сæйраг развæдсгæрсты управленийы легендæ, йæ къорды йын хуыдтой спецназы  къорд. Павел цы специалон операцитæн къухдариуæгад кодта, уыдоны нымæц у феноменалон – 170. Уал хатты командæ кодта Масуды хæстонты ныппырх кæныны операцитыл. Йæ æвиппайды цырд архайдтытæй æмæ хъæбатырдзинадæй хицæн кодта иннæ хæстонтæй. Уый комкоммæдæр цыд нæмгуыты бынмæ, семæ тагъддзинадæй ерыс кæнгæйæ, иунæгæй йæ бон уыд, знæгтыл иу минутмæ уыйбæрц гранатæтæ нызгъалын, æмæ-иу ныхмæлæуджытæ фен-хъæлдтой, цыма сæ штурмæй исынц цалдæр ротæйы. Фыццаг хатт ын йе сгуыхтдзинæдтимæ чи базонгæ вæййы, уыдонæн вæййы иугъуызон реакци, сæ сæрыхъуынтæ барц слæууынц, афтæ сæм фæкæсы, цыма карзсюжетон голливудаг боевикы тыххæй кинонывмæ кæсынц.

Бекъойты Павел дыууæ хатты уыд командировкæйы Афганистаны, фæлæ ацы бæстæмæ йæ фыццаг командировкæйы тыххæй ницы бæрæг ис, æрмæстдæр уый, æмæ Павел кæй службæ кодта Паддзахадон æдасдзинады арæнгæрон æфсæдты взводы командирæй. Йе ‘мгæрттæ дзурынц, зæгъгæ, уый никуы дзырдта уыцы рæстæджы тыххæй. Уымæн æмæ номхуындæй Паддзахадон æдасдзинады комитеты хæстонтæй 1980 азы арæзт æрцыд сусæггаг къорд «Каскад», кæцы архайдта Афганистаны, æмæ ацы къорды хуыздæр хæстонтæй та арæзт æрцыд Советон Цæдисы Паддзахадон æдасдзинады спецназ «Вымпел». Хронологон бæрæггæнæнтæм гæсгæ фидарæй зæгъæн ис, Павел кæй службæ кодта Афганистаны «КАСКАД-3»-йы къорды 1981 азы июны мæйæ 1982 азы апрелмæ, фæлæ ирон капитаны сгуыхтдзинæдты тыххæй сусæгдзинады гриф абоны онг дæр ист нæма æрцыд. Ахæм сусæгдзинад та дзу-рæг у ууыл, æмæ Павел хуымæтæджы «каскадер» кæй нæ уыд – афтæ хуыдтой «Каскад»-ы хæстонты.

Уый райгуырд 1958 азы 14-æм январы Ставраполы крайы горæт Железноводскы æфсæддон дохтыры бинонты ‘хсæн. Уый фæстæ цард Беларусы горæт Минскы. Каст фæцис Минскы 50-æм астæуккаг скъола æмæ 1980 азы та  Минскы радиотехникон завод. Ацы институты цур ма каст фæцис æфсæддон кафедрæ, лейтенанты цин райсгæйæ. 1980-1982 азты службæ кодта Советон Цæдисы Æдасдзинады паддзахадон комитеты Арæнгæрон æфсæдты взводы командирæй. Йæ хæс сæххæст кæныны фæстæ æрæздæхт Минскмæ æмæ кусын райдыдта завод «Термопласт»-ы цехы мастерæй.

Дыккаг хатт æм барвæндæй Советон Цæдисы Гарзджын тыхтæм æрсидтысты 1984 азы 23-æм майы. 1984 азы сентябрæй службæ кодта Афганистаны, спецназы къорды командирæй, (Советон Цæдисы Гарзджын тыхты Генералон штабы Сæйраг развæдсгарæн управленийы спецназы)154-æм хицæн къорды  2-æм ротæйы командиры хæдивæгæй). 1985 азæй та уыд Советон Цæдисы Гарзджын тыхты Генералон штабы Сæйраг развæдсгарæн управленийы спецназы 15-æм хицæн бригадæйы 177-æм хицæн къорды спецназы 3-æм ротæйы командир.

Кæд Павел бирæ хæстон операциты райста хайад, уæддæр дзы Афганистаны хæсты историмæ бацыд цалдæр, уыдонæй иу у Газнийы цы операци сæххæст кодта, уый. Уым сфидаргонд районы æрæмбырд сты ныхмæлæуæджы стыр тыхтæ. 40-æм æфсады командæкæнынадæн сæ разы æрæвæрдтой растадонты ныппырх кæныны хæс. Операцийы хайад истой Бекъойы фырты хæстонтæ дæр. Æнæхъæн бон цыдысты тохтæ авиаци æмæ уæззау артиллерийæ пайда кæнгæйæ. Знаг уыд тынг тыхджын. Уымæн йæ бон ссис бæрзонд бынæттæ бацахсын æмæ Павелы къордæн нæ лæвæрдта размæ ацæуыны фадат. Ахæм тынг æхстой, æмæ йæ хæстонтæн сæ бон нæ уыд сæ сæртæ хæрдмæ сдарын дæр. Фæлæ тохы размæ Бекъойы фырты ротæ схызт бæрзонддæр бынæттæм æмæ бацахста хæрзвадат позицитæ. Хæцæнгæрзтæ уыдысты тынг хорз æмбæхст, цæмæй сæ уæлдæфæй ма рахатыдаиккой æмæ здæхт уыдысты уыцы фæзуаты ‘рдæм, кæцыйы Павелы ротæ спайда кодтаид уæлдæфон десант æрбадынæн. Душмантæ раздæр зыдтой десанты æрбадæн бынат æмæ, зæгъгæ, сæ фæнд сæххæст кæнын сæ къухты бафтыд, уæд ротæйæ ничиуал аирвæзтаид. Фæлæ сæ Бекъойты Павелы ротæ ахæм цæф ныккодта, æмæ уыдонæн сæ бон ницыуал ссис. Ацы операци нымад æрцыд 177-æм къорды иууыл æнтыстджындæр операцитæй сæ иуыл. Капитан Бекъойы фырты ном айхъуыст æнæхъæн спецназыл. Ахмад Шах Масуд æррайы хуызæн уыд ирон лæппуйы радон æнтыстджын операцийы тыххæй. Æмæ цал æмæ цал хатты байста душмантæн сæ хæцæнгæрзтæ, уыдоны чи фæнымайдзæн.

Бекъойты Павел йæ фæстаг тохмæ ацыд 1986 азы 18-æм марты Газнийы провинцийы территоримæ. Сихибханы хъæу уыд зынвадат бынаты. Уырдыгæй сæм æрбайхъуыст, зæгъгæ, уым ис душманты чысыл бандæ. Æмбисбоны Павелы ротæйы сыстын кодтой фæдисмæ гæсгæ æмæ сбадтысты вертолеттыл, семæ уæззау хæцæнгарз дæр нæ рахастой, афтæмæй. Командирмæ афтæ фæкаст, цыма тох цæудзæн æрмæстдæр дыууæ сахаты бæрц. Бирæ операциты æнтыстджын уæлахизтæ сын сæ тасдзинады æнкъарæнтæ фесæфын кодтой. Уырныдта сæ, ам дæр кæй фæуæлахиз уыдзысты, уый. Вертолеттæ атахтысты, цалынмæ хæстон машинæтæ паркæй рацыдысты, уæдмæ, кæд æмæ хæстон бардзырды бацамынд ис, зæгъгæ, бронекъорд хъуамæ æххуыс кæна Бекъойы фыртæн, куы йæ бахъæуа, уæд. Ротæ дыууæ сахаты дæргъы зылд хъæуыл, рацыдысты хъæугæронмæ стыр фидары  цурмæ, уым дæр ничи разынд. Вертолеттæ фæстæмæ куыд хъуамæ ратахтаиккой, афтæ ротæйы райдыдтой тыхджын æхст кæнын. Майор Волош куыд загъта, уымæ гæсгæ Павел ахуыр нæ уыд фæстæмæ алæууыныл. «Уый бахъуызыд фидары къулы цурмæ æмæ къахырыл бахызт мидæмæ. Йæ фæстæ бацыдысты капитан Олег Севальнев æмæ ма ноджы иу салдат. Уыдон ацыдысты мæлæтмæ сæ командиры фæстæ. Павел фæхъæр кодта Севальневмæ: «Олег, цом! Мах сæ дыууæйæ афтид къухæй дæр ныххурх кæндзыстæм!». Уый уæндонæй сгæпп кодта фидары уæлхæдзармæ æмæ йыл алыгъд, кæртмæ гранатæтæ æппаргæйæ. Душмантæ йын йæ къæхты хъæр куы фехъуыстой, уæд æй æхсын райдыдтой тæнæг æмбæрзт уæлхæдзармæ æмæ йæ  сцæф кодтой… Уый æрхауд кæртмæ æмæ йыл рудзынгæй суагътой автомат. Æнустæм йæ кусынæй æрлæууыд 28 аздзыд ирон легендæйы зæрдæ, фæлæ йæ хъæбатырдзинæдты тыххæй йæ ном цæргæйæ баззади, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты. Фæмард Севальнев дæр. Салдат куыддæрты раирвæзт æмæ фехусын кодта дыууæ афицеры амæлæты тыххæй. Афганистаны-иу 40 боны дæргъы фæмардуæвæджы сынтæджы ничи схуыссыд. Ацы традици бахъахъ-хъæд æрцыд Павелы сæраппонд ахасты дæр.

Бекъойты Павел хорзæхджын æрцыд Сырх Тырыса æмæ Сырх Стъалыйы ордентæй, бирæ майдантæй. Йæ трагикон амæлæты фæстæ бавдыст æрцыд Советон Цæдисы хъайтары номмæ, фæлæ йын цæмæдæр гæсгæ лæвæрд не ‘рцыд, æвæццæгæн, Советон Цæдис кæй ныппырх, уый аххосæй. Йæ номыл Минскы кæм ахуыр кодта, уыцы скъолайы баконд æрцыд мемориалон фæйнæг.

Белорусаг зæххыл Минскы цæгат уæлмæрды мæрдæнцой кæны афгайнаг хæсты хъайтар, ирон легендæ. Уым æй хъуыды кæнынц, зæрдылдарæн бонты æрбацæуынц йæ уæлмæрдмæ йæ хæстон æмбæлттæ, йæ зонгæтæ æмæ сæркъулæй йæ цырты раз фæлæууынц.

2018 азы май – июны мæйты альпинизмæй Уæрæсейы чемпионаты рæстæджы Бекъойы фырты мысынæн Цæгат Ирыстоны альпинизмы федераци аскъуыддзаг кодта Суганскы хохы æнæном бæрзæндтæй иумæ схизын æмæ йын «Бекъойы фырты Пик»-ы ном радтын.

Æрмæг бацæттæ кодта

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.