Дунейы бирæ ис ахæм цæдтæ, кæцытæ иннæтæй хицæн кæнынц се ‘нахуыр хиæдтæ æмæ миниуджытæй. Уыдонæй иу хуыйны дунейы стæм æнæфенгæ диссаджы цад. «Кæд уæ йæ фенын фæнды, уæд дæрдтыл ма фæзилут, фæлæ комкоммæ ацæут Индонезийы Флоренсы сакъадахтæм», – афтæ дзурынц индонезиæгтæ туристтæн. Ацы тæмæссаг цад куы фенат Келумутуйы рагъы цъуппыл, уæд уæ дисæн кæрон дæр нал уыдзæн. Иуырдæм куы акæсай, уæд фендзынæ цад, кæцы у æхсырау урс; иннæрдыгæй фендзынæ тугау сырх-сырхид, аннæрдыгæй – æрвгъуыз цъæх цад. Доны хуызтæ раст калейдоскоптау ивынц. Цæстæй сæ уыныс, фæлæ дæ уырнгæ нæ кæны, æцæг афтæ у, аргъæутты бæстæйы дæ, æви дæ цæстытыл истытæ уайы.

Ахуыргæндтæ рафæлгъуыдтой цæдты сусæгдзинæдтæ. Æртæ цады дæр сты, цы вулкантæ ахуыссыдысты, уыдон кратерты. Сæ дæттæ алыгъуызон уымæн сты, æмæ сæ ахæм хуызты минералтæ батадысты æмæ сын радтой сæхирдыгон хуыз. Сырх донæн туджы хуыз дæтты, цы æфсæйнаджы баиугæнд дзы батад, уый; урс æмæ æрвгъуыз – цъæх хуыз цæдтæ райстой, цы сондоны минералтæ сæ батад, уый фæстиуæгæн.

 

ЦАДЫ РÆЗЫНЦ ДУРТÆ

Алтайы зылды, Кулундийы быдыры ис иу цад. Уый йе ‘рдхæрæны диссаджы ми-ниуæгæй адæмы дистыл æфтауы. Цадæн йæ ном хуыйны Малиновое, ома, Мæнæргъыйы цад. Чидæриддæр йæ бынмæ бацыд, кæнæ бынæттон цæрджытæм байхъуыста, уыдон ацы цады æнæрцæугæ диссаг, кæнæ аргъау тагъддæр фенхъæлдзысты, уымæн æмæ, дам, ахæм тæмæссагæн иудзинадæй ницы ис æцæг цардимæ. Æцæгæй та адæм фæхатыдысты, цады дуртæ кæй рæзынц, уый. Адæм фæзæгъынц: ам раздæр дуртæ бынтондæр нæ уыд,  раздæр дзы уыд гыццыл дуртæ ныр бæрæг фестырдæр сты. Ацы дурты бынæттон адæм сæттынц æмæ дзы пайда кæнынц арæзтады.

Раздæр афтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, дуртæ рæзынц цыдæр алæмæтон фæзынды хуызы.

Малиновоейы сусæгдзинад æрмæстдæр уæд раиртæстой, цадæн йæхи дон æмæ йæм зæххы бынæй цы дæттæ ‘фты, уыдон химион скондтæ куы рафæлгъуыдтой, уæд.

Куыд рабæрæг, афтæмæй цады дон хъæзныг у магнийæ. Магнийы цæххытæ, зæххы бынæй цы дæттæ цæуынц, уыдон цæххытимæ куы баиу вæййынц, уæд æрцæуы ахæм реакци, кæцыйы хуызы фæзыны фидар буарыгъæд. Афтæ стыр кæнынц, рæзынц цады дуртæ. Уæлдæрракойгонд кæлæнгæнæг кæд разынд хими.

ÆРДЗОН АХОРÆН

Иу диссаджы донауадзæн ис Алжиры, Сиби-бел-Абесы горæты фарсмæ. Донуадзæн æй хуындæуы, фæлæ уый та, æцæгæй, у ахорæн, фыссынæн бæзгæ. Цы хъæуы кæнæ цæмæн ис, доны ахорæн? – бафæрсдзысты чидæртæ. Цадæн йæ сусæгдзинад раргом ис, цы дыууæ чысыл цæугæдоны йæм æфты, уыдон сконд сбæрæг кæныны фæстиуæгæн. Цæвиттон, уыцы дæттæй иуы бирæ ис æфсæйнаджы цæххыты таддæгтæ, иннæйы –  цæуы торфджын цъыфдзасты уæрæх массивыл, уыцы дæттæ иу кæнынц цады æмæ сæ æвзæры æцæг фыссæн ахорæн. Ацы цады нæдæр кæсаг ис, нæдæр – зайæгойтæ. Цады дон хъæстæ у æмæ бæззы æрмæст фыссæн æрмæгæн. Гъе, фæлæ уый дæр æвзæр нæу: дуканиты зилын æмæ ахорæн æлхæныны бæсты, æрдз æввонгæй дæтты ахорæн.

ÆНÆНИЗДЗИНАДЫ АРТДЗÆСТ

Раджы рæстæджы, бердзенаг æмæ ромаг ахуыргæндтæ Птоломент æмæ Плинийы дуджы, Хъырымы рæсугъддæр цадтæй сæ иуы æмæ уый хосгæнæн миниуджыты тыххæй фыстой. Уый Сакы горæтмæ æввахс уыд æмæ йын йæхи ном дæр Сак хуыдтой. Уый дæр ма бæрæг у, æмæ ацы цъыфæй кæй пайда кодтой æнæниздзинады охыл скифтæ. Гæнæн  ис æмæ ацы бынат дунейы рагондæр курорт схонæм.

Ам ныр ис дунеон нысаниуæджы хосгæнæн. Æнæниздзинады æртдзæстытæ абон ам сты рæгъæй стыр аууонджын бæлæсты парчы, кæцытæ адæймагæн ныфс сты ‘рмæст сæ бакастæй дæр. Зæрдæскъæф донауадзæнтæ æмæ фонтантæ хуыздæрæй цы хъуамæ фена адæймаджы цæст! Хъарм æмæ зæрдæйæн æхцон Сау денджыз дæр ам ис. Цад йæхæдæг чысыл æмæ сабыр у. Къæсæргондæй дыууæ хайыл дихгонд. Йе скæсæйнаг хайы ис цъыфæй зынаргъ хосгæнæн, ныгуылæн хайы уардæуы хомæг, кæцыйæ бынæттонтæ пайда кæнынц  цæхх æмæ химийы кондады. Цады цъыф сау у, сондоны туагады тæф кæны. Уы-мæн ис æвдадзы хосы хуызæн хæрзиуæг: схосгæнæн кæмæн нал вæййы, уый дæр дзы фервæзы.

P.S: Ацы бынат махæн уæлдай ад-джын уымæн у æмæ дзы цардысты нæ рагфыдæлтæ Сактæ, сæ ном абон дæр хæссынц.

«АЛАВЕРДИ»-ЙЫ АРГЪУАН

Къахеты æппæты рагондæр уырнынад æмæ аивады æвдисæндарыл нымад цæуы, гуырдзы йæ сæхæдæг куыд хонынц, афтæмæй Алавердийы аргъуан. (йæ ныв- хизæн сыфыл. Уымæн зæронд заманы йæ ном хуынд Ардалани, ома, Аланты ард (дзуар, кувæндон). Афтæ нæхи ирæттæ хуыдтой æрмæст аргъуан нæ, фæлæ йæ алфæмблай цы регион уыд, уый дæр. Фыццаг хатт аргъуаны тыххæй ныффыста сомихагæй чи сгуырдзиаг, уыцы Гъарибашвили, хонгæ дæр æй Ардалани уый схуыдта йæ куысты. Уый дæр сабиты фыссæг æмæ археолог. Фæстæдæр дзырдæн йæ нысаниуæг куы бамбæрстой гуырдзы, уæд ын йæ ном аивтой Алаверди-йæ (тæтæйраг, пысылмон номæй). Афтæмæй та сæхи чырыстон динылхæст хонынц. Телауæй куы ахизай æмæ цæгатырдæм куы фæзилай, уæд уæм уадид разындзæн иттæг бæрзонд аргъуан 18 метры дæрддзæгæй, уайтагъд зæгъдзыстут: ай æнæмæнг егъау аргъуан хъуамæ уа. Тагъд адæймаг йæхи цæстæй дæр фендзæн Алардыйы хъæу æмæ Алардыйы аргъуан дæр, кæцытæ сты Алазаны доны рахиз фарс. Аргъуанæн йæ дæргъ у 27 сажены, йæ уæрх 13 сажены, йæ бæрзæнд – 32 сажены. Асæй уый иннæ аргъуантæй бирæ стырдæр у. Йæ алыварс ис фæтæн сис, кæддæриддæр уый уыд иттæг фидар. Йæ уæлæ уыд бирæ мæсгуытæ. Уый руаджы бирæ хæттыты аирвæзт знæгтæй. Аргъуаны кувæндæттæй æппæты фенддаг у Уастырджи. Алардыйы кувæндоны бон вæййы 14-æм ноябры.

Алардыйы аргъуан сарæзтæуыд 6-æм æнусы. Ацы аргъуанæн йæ ном ивд кæй æрцыд, уымæн æвдисæн – Иры зæххы ацы кувæндонæн – Алардыйæн цы аргъуантæ ис, уыдоныл иууылдæр Алаверди кæй сæвæрдтой. Рæстдзинад зыгъуыммæйыл баивыны охыл ма гуырдзы афтæ дæр ныффыстой: «Йæ фæдонтæ сты къахеттæгтæ, кизихътæ, гуырдзиæгтæ, лекъæгтæ, пшав-хевсурæгтæ. Ирæтты кой дзы бынтондæр нæй, афтæмæй та нæхи кувæндон уыд 20 æнусы размæ”.

Цгъойты Клим

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.