Æнтыстджын уыд ацæугæ 2016 аз нæ адæмæн. Уыцы аз бæрæг фæфылдæр сты ног цæрæн хæдзæртты арæзтæдты нымæц. Уыдон та бирæбæрцæй æндавынц нæ республикæйы цæрджыты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Æмæ канд цæрæн хæдзæрттæ нæ цыдысты арæзт, фæлæ ма æндидзыд, арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты бирæ   культурон,  кономикон  æмæ  æндæр  нысаниуæджы  объекттæ. 2016-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты арæзт чи цæуынц, уыдонæй сæ иу у Цхинвалы дзулфыцæн куыстуаты ног бæстыхай. Ацы бæстыхайы саразыны æнæмæнгхъæуындзинад сæвзæрд, зæронд бæстыхай дзуапп кæй нал дæтты нырыккон домæнтæн, уый тыххæй.

Инвестицион программæмæ цы объекттæ хаст æрцыдысты, уыдоны ахсджиагдæртæй сæ иу у университетон комплексы арæзтад. Ам куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ, графикæй раздæр. Комплекс уыдзæн цыппаруæладзыгон бæстыхай 700 бынатæн. Аразы йæ бынæттон фирмæ арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Мегаполис Т». Йæ къухдариуæггæнæг та у Джуссойты Константин. Ацы сæйраг ахуырадон уагдон арæзт цæуы афтæ, цæмæй дзы хæрзвадат уавæртæ уа ахуыр кæнынæн, кусынæн.

Нæ адæм культурон æгъдауæй сæ улæфт кæм уагътой, уыдонæй сæ иу уыдис Паддзахадон драмон театр. Уымæ гæсгæ йæ сырæзт ахсджиаг цау суыдзæнис нæ адæмы царды. Театры бæстыхай цахæм уыдзæн, уый ныридæгæн бæрæг у – йæ хуыз скалдта. Бахъахъхъæд æрцыд йæ раздæры хуыз æмæ уымæй, кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдай зынаргъдæр уыдзæн нæ адæмæн. Чи басыгъдис, уыцы бæстыхайы кæд 360 бынаты йеддæмæ нæ уыд, уæд дзы ныр та 500 бынаты уыдзæн. Бæрæг куыд у, афтæмæй бирæ рæстæг нал баззад, Паддзахадон драмон театры бæстыхай йæ дуæрттæ кæд байгом кæндзæн нæ театрдзаутæн, уыцы бонмæ. Уый уыдзæн стыр, ахсджиаг цау нæ республикæйы культурон царды æмæ циндзинад æрхæсдзæн нæ республикæйы алы цæрæгæн дæр.

Ногдзауты парчы дæр æвæрд æрцыдысты тротуарон плиткæтæ, дыууæ фонтаны, ног фæхсбадæнтæ, æвæрд æрцыдысты ног рухсгæнæн цæджындзтæ, ивд æрцыдысты зæронд хъеллаугæнæнтæ, фæуæрæхдæр цъæхдарæнты зонæ. Ацы парк хорз лæвар у нæ горæты цæрджытæн.

Ахсджиаг цау уыдис нæ адæмы царды Харебаты Исахъы уынджы  хæлцадон базарадон бæстыхайы сырæзт.  Уый арæзт æрцыд дуджы домæнтæм гæсгæ. Зæронд базар куыд базаргæнджыты, афтæ фæлхасгæнджыты домæнтæн дзуапп нæ лæвæрдта. Нæ дзы уыд уавæртæ – уæййæгтæ уæй цыдысты антисанитарон уавæрты.

Ам арæзтадон куыстытæм бавнæлдтой 2016 азы марты мæйы. Арæзгæ та йæ кодта фирмæ «Престиж». Ныр зæрдæ рухс кæны йæ арæзтадæй. Базаргæнджытæн дзы арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр, дзуапп дæтты абоны домæнтæн, алцы дæр дзы у сыгъдæг.

2015-2017 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ хаст объектты арæзтадмæ здæхт цæуы стыр хъусдард. Уыдонæй бирæтæ азы кæронмæ фесты арæзт, хицæн объектты арæзтад та хаст æрцыд 2016 азæй 2017 азмæ. Ахæм объекттæй сæ иу у республикон соматикон рынчындоны территорийыл арæзтцæуæг операцион-хирургион комплекс. Уый уыдзæн æртæуæладзыгон корпус æмæ баиу уыдзæн соматикон рынчындоны бæстыхаимæ. Куы сырæза, уæд ифтонг æрцæудзæн нырыккон ифтонггæрзтæй. Корпусы уыдзæн 6 операцион блокы: урологион æмæ офтальмологион хайадтæ, рентгены аппараттæ, уыдзæн дзы реанимацион зал, интенсивон терапийы палатæтæ, фотолаборатори, дохтырты кабинеттæ, персоналон хатæнтæ. Ацы территорийыл ма ноджыдæр арæзт æрцæудзæн Гуырæн хæдзар. Зындгонд куыд у, афтæмæй ма ацы территорийыл арæзт цæуынц ноджыдæр цалдæр медицинон объекты. Уыдонæй Сывæллæтты реабилитацион центр ныридæгæн у цæттæ.

Ацы объектты арæзтад зынгæ фæбæрзонддæр кæндзæн республикæйы цæрджытæн медицинон лæггæдты æмвæзад.

Зындгонд куыд у, афтæмæй нæ горæты æвзонг техникты станц йæ сырæзтæй фæстæмæ бæстон цалцæг никуы æрцыд, нæ дзы уыд æмбæлон куыстæн уавæртæ æмæ тынг тыхстысты ацы ахуыргæнæн уагдоны коллектив, фæлæ ахуыргæнджытæ уæддæр сæ ахуыргæнинæгтæн сæ зонындзинæдтæ цæстуарзонæй амыдтой. Ацы фарст бахынцыд æрцыд Ахуырады министрады æрдыгæй æмæ йын йæ арæзтад йæхимæ райста фирмæ «Золотое сечение». Цалцæггæнæн куыстытæ æххæст æрцыдысты æмæ барухс ис ахуыргæнджыты æмæ хъомылгæнинæгты зæрдæтæ – ныр уыдон сæ куыст кæнынц сыгъдæг æмæ райдзаст хатæнты.

Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейы егъаудæр æмæ популярондæр компани «Евродон» ам Хуссар Ирыстоны аразы дзидзакуыстгæнæн завод. Завод аразыны хæстæ йæхимæ райста зынгæ амалиуæггæнæг Уанеты Вадим. Завод куы скуса, уæд дзы кусæгон бынæттæ уыдзæн 30 бæрц. Завод цы дзидзайæ куса, уый дзуапп дæтдзæнис паддзахадон стандарттæн. Ам боны дæргъы уагъд цæудзæн 2 – 2,5 тоннæйы цæттæ продукци, æргæвддзысты дзы фос дæр. Æппæт продукци дæр уыдзæн гъæдджын, æххæстæй ифтонг кæндзæн республикæйы цæрджыты. Йæ фыццаг продукци уыдзæн тахынæг, завод дзы уадздзæн 10 хуызæй фылдæр. Уыдон уæй цæудзысты ам бынаты, заводы территорийыл цы дукани уа, уым. Æргътæ уыдзысты къаддæр. Завод арæзт æрцæудзæн ацы аз апрель-майы мæймæ.

Реконструкци æрцыдысты, Октябры уынджы кæрон цы дыууæ фæрастуæладзыгон хæдзары ис, уыдон. Бæрæг куыд у, афтæмæй уыдон тынг бахъыгдард сты 2008 азы августы хæсты рæстæджы. Ныр ам куыстытæ æххæст цæуынц æмбæлон уагыл æмæ рæхджы   цæрджытæ райсдзысты хорз лæвар – ног цалцæггонд хатæнтæ ссардзысты сæ хицæутты.

Реконструкци ма æрцыд Маяковскийы уынджы цы фарастуæладзыгон хæдзар уыд, уый дæр. Йæ фатертæ æрцыдысты хæрзарæзт, афтæ ма аив арæзт æрцыд йæ алфæмблай территори дæр.

Хъайтарты уынджы цы цæрæнуатон комплекс арæзт цæуы, уый эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцæуа, уæд цалдæргай азты номхыгъды рады чи лæууынц, уыдон фатерты хицæуттæ кæй бауыдзысты, уый дызæрдыггаг нæу. Ацы цæрæнуатон комплексы аргъ у 524 милуан сомы. Сæ иу уыдзæн аст секцион, иннæ та – фондзсекцион. Уыдзæн дзы 80 иухатæнон, 60 дыууæхатæнон æмæ 5 цыппархатæнон фатеры. Сæ квадратурæ уыдзæн, ныртæккæ нæ горæты цы бирæуæладзыгон фатертæ ис, уыдонæй бирæ фылдæр.

Сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы скъолайы агъоммæ кар уагдæттæм. Уыдонæй бирæтæ раууатмæ æрцыдысты хæсты азарæй æмæ бирæ ныййарджытæн фадат нал уыд сæ сывæл-лæтты рæвдауæндæттæм кæнынæн. Ныр уавæр фæивта хуыздæрæрдæм. Æрмæст фæстаг азты капиталон цалцæг æрцыдысты сывæллæтты æхсæз рæвдауæндоны. Æмæ, канд цалцæг не ‘рцыдысты, фæлæ ма сæ ифтонг кодтой хъæуæг инвентарь æмæ æндæр æрмæджытæй. Афтæмæй 750 сабийæн фæзынд бынæттæ рæвдауæндæтты. 2008 азы хæст ма арф фæд ныууагъта нæ горæты Гафезы уынджы 14-æм цæхæрадоныл дæр. Ацы уагдонæн хæсты рæстæджы комкоммæ ахастыты фæстиуæгæн ныппырх йæ фылдæр хай. Афтæмæй дзы хъизæмайраг куыст кодтой йæ коллектив. Уый фæстæ йæм цавæрдæр организаци æрывнæлдта æндидзынгæнæн куыстытæм, фæлæ сæ куыст æмбисмæ дæр нæ бакодтой. Фæстæдæр нæ горæты администрацийы къухдариуæгадæн бантыст фондз мæймæ бæстыхайы æппæт æндидзынгæнæн-цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ бакæнын. Уый арæзт æрцыд 120 сывæллонæн.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт æрцыдысты, уыдонæй сæ иу у бирæпрофилон колледжы æрмадзты арæзтад. Колледжæн стыр нысаниуæг ис алыгъуызон кусæгон кадртæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы. Æмæ цæмæй æмбæлон кадртæ бацæттæ кæной, уый тыххæй та хъуыд æрмадзтæ, лабораторитæ саразын, цæмæй сын хуыздæр фадæттæ уыдаид сæ дæсныйæдтæ хуыздæр сахуыр кæнынæн. Фарст скъуыддзаг æрцыд. Ам баконд æрцыд 10 факультеты æмæ дзы ныр ахуыр кæнынц хæринаггæнæджы, электромеханикы, аразæджы æндæр æмæ æндæр дæсныйæдтыл, экономикæ æмæ бухгалтеры дæсныйæдтыл.

Фæстаг рæстæджы нæ горæты уынгты арæзтадон куыстытæ кæй цæуынц, уый зæрдæйæн æхцондзинад хæссы. 2016 азы нæ горæты хæрзарæзт æрцыдысты 11 уынджы: Дзадтиайы фырты уынг, Хуыбылты Валерийы, Интернационалон, Гаглойты Владимиры, Хетæгкаты Къостайы, Горькийы, Тугъанты Махарбеджы, Кобылты Сергейы, Сталины уынджы иу хай, – Абайты Васойы уынгæй Пушкины уынджы онг. Уынгтæ арæзт æрцыдысты капиталонæй. Хæрзарæзт куы æрцæуынц, уæд сæ фæхъæуы цъæхвæлыст скæнын æмæ сæ сагъд æрцыдис алыгъуызон декоративон бæлæстæ, дидинджытæ. Ацы хъуыддагмæ стыр хайбавæрд бахастой горæты администрацийы хæрзарæзтадон комбинаты цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджытæ.

Канд горæты нæ цæуынц арæзт уынгтæ, фæлæ ма фæндæгтæ хæрзарæзт цæуынц нæ республикæйы районтæм дæр. 2016 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы фæндæгтæ хъуамæ арæзт æрцыдаиккой, уыдоны номхыгъды уыдис Къуайсайы фæндаг дæр. Уый уал арæзт æрцыд Гуфтаимæ Уæллаг Хъемултамæ. Аразгæ та йæ кæны Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитет, Гуфта-Къуайсайы фæндаг хæхты астæуты кæй цæуы, уымæ гæсгæ дзы ис проблемон бынæттæ. Цъыфзæйтæ-иу арæх фехæлдтой фæндаджы уæлцъар æмæ-иу уый бахъыгдардта автотранспорты змæлд. Ныр уым арæзт æрцыдысты лæсæнуромæн къултæ, проектон институты техникон амындмæ гæсгæ иу проблемон бынаты æвæрд æрцыдис, 3 метры йæ диаметр кæмæн у, ахæм бетонон трубæ, цæмæй цъыфы зæй сыгъдæг кæна.

Уникалон арæзтадыл нымад цæуы Синагур-Казманы фæндаджы арæзтад дæр. Ацы фæндаг арæзт цыдис Инвестицион программæйы фæлгæтты. Аразгæ та йæ кодта «Дорэкспострой». Фæндаджы дæрддзæг æдæппæт у 11 километры бæрц, йæ фæтæн та – 8 метры. Хъæды астæуты цы фæндаг айгæрстæуыд, ууыл ныр сæрибарæй цæуынц машинæтæ æмæ уымы хъæуты цæрджытæн бирæ фенцондæр ис. Синагурмæ хæстæг ма арæзт æрцыд хид дæр, кæцыйæн йæ дæргъ у 15 метры.

Хæстон уавæрты цæргæйæ нæ республикæйы экономикæ раууатмæ кæй æрцыд, уый уæлдай тынгдæр бандæвта горæт Къуайсайыл. Уымæн æмæ йæ цæрджыты цард баст уыдис æрзæткъахæн управлениимæ. Æмæ уæззау дуг уымæн дæр йæ иувæрсты нæ ахызт. Æхгæд æрцыд æмæ йæ кусджытæ иу-уылдæр æгуыстæй аззадысты. Абон республикæйы разамынад æппæт дæр аразы, цæмæй ацы хæххон горæт ногæй сæндидза æмæ йæ цæрджыты цард æрбæстон уа. Ам фæзындысты нырыккон скъола, рынчындон, сывæллæтты цæхæрадон, культурæйы хæдзар та æрцыдис цалцæггонд. Асфальт æрцыдис централон уынг.

Куыд уыйразмæ азты, афтæ ивгъуыд азы дæр сæрмагонд хъусдард здæхт цыд Ленингоры районмæ. Ам дæр æнтысгæйæ скъуыддзаг цæуынц бирæ ахсджиаг фарстытæ. Ивгъуыд аз фидарæй-фидардæр кодта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмгуысткæнынад  цардифтонгады æппæт къабæзты дæр. Къухтæ фыст æрцыдысты æндæр æмæ æндæр Сразыдзинæдтыл, кæцыты реализаци кæнгæйæ, бæрзонддæр кæндзæн нæ республикæйы цæрджыты царды æмвæзад.

16 декабры Дзæуджыхъæуы ауагъд æрцыд РХИ æмæ УФ-йы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы радон рабадт, цыран нысан æрцыд 2016 азæн Инвестпрограммæ æнтысгæйæ кæй фæуд кæны, афтæ ма бæлвырд æрцыдысты 2017 азæн Инвестпрограммæйы мадзæлттæ, кæцытæн сæ проектон-сметæйон документаци арæзт фæуд кæны æмæ фадат уыдзæн ног азы фыццаг мæйты сæ реализаци кæнынмæ æрæвналынæн.

Ивгъуыд азы кæрон бюджетон къабазы кусджытыл æрцыд æхсызгон хабар – фæфылдæр сты сæ куыстмыздтæ. Атфæ ма фæфылдæр сты пенситæ æмæ æндæр социалон бафыстытæ. Уыдон нымад æрцыдысты азы райдианæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.