Хуссар Ирыстоны зæххыл бирæ курдиатджын кæстæртæ рæзы æмæ уыдонæн сæ фылдæр сты аивæдты хуызтæм æвзыгъд.

Кæстæры куы фæцалх кæнай, йæ зæрдæмæ иууыл æввахсдæр чи лæууы, ахæм дæсныйадыл, уæд æй ноджы тынгдæр бауарздзæн æмæ йæм йæ хъус лæмбынæгдæр æрдардзæн, йæ бирæ сусæгдзинæдтæ райхалын æмæ базонынæн ын æнцондæр уыдзæнис. Рæстæджы цыдимæ фылдæр æмæ хуыздæр кæндзæн йæ фæлтæрддзинад, йæ къухты айстæй цæстæвæрæн чи суа, ахæм куыстытæ бакæнынæй райгонд уыдзысты нырма йæхæдæг, стæй та йæ йæ хъуыддагмæ чи фæцайдагъ кодтой, уыцы ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ дæр. Хорз курдиаты фæстиуджытæн аккаг аргъ скæнынц æндæртæ дæр æмæ афтæмæй раргом вæййынц йæ дæсныйадыл æнувыд æмæ арæхстджын чи вæййы, нæ уыцы курдиатджын фæлтæры аивады æндæр хуызтæм чи разæнгард æмæ цыбæл кæны, уыдонæй сæ иу у нæ горæты Колыты Аксойы номыл паддзахадон Аивæдты лицей. Ацы ахуыргæнæндон йæ бакондæй нырмæ бирæ хорз сывæллæтты схъомыл кодта æмæ рауагъта, абон нæ чысыл республикæ сæрбæрзонд кæмæй у, ахæмтæ. Уый та фылдæрбæрцæй дзурæг у педагогон коллективы æрвылбонон зæрдиаг æмæ профессионалон куыстыл сæ ахуыргæнинæгтимæ. Æмæ сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, райгонд сты ныййарджыты дæр.

Колыты Аксойы номыл Паддзахадон аивæдты лицейы фæлтæрд ахуыргæнджыты руаджы, ахуыргæнинæгтæн ацы ахуыргæнæндоны хуыздæр райхæлы сæ курдиат, сæ хъуыдыкæнынад æмæ афтæмæй иттæг хорз базонынц аивады алыгъуызон сусæгдзинæдтæ. Уымæн та æвдисæн сты, сæ нæмттæ нæ республикæйы, афтæ ма Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр горæтты дæр. Паддзахадон аивæдты лицейы ном базыдтой фæсарæнты дæр æмæ сæм арæх фæсидынц алыгъуызон культурон мадзæлттæм — конкурстæм, фестивалтæм. Ацы скъолайы ахуыргæнинæгтæ нæ республикæйæн æддейæ цы конкурсты, фестивалты æмæ æндæр ахæм мадзæлтты хайад куы райсынц, уæд фылдæр хатт бацахсынц призон бынæттæ æмæ æрыздæхынц уæлахиздзаутæй.

Афтæ та рауад ныр дæр. Æрæджы нывкæнынæй цы конкурсы райстой хайад, уым ацы ахуыргæнæндоны ахуыргæнинæгтæ бацахстой фыццаг бынæттæ æмæ Аивæдты лицейы майдантæм æрбафтыдтой æртæ сыгъзæрин æмæ цыппар та æвзист майданы. Уый сывæллæттæн уыдис тынг стыр æнтыст æмæ сæ ноджы тынгдæр сразæнгард кодта сæ хъуыддагмæ. Ацы цины хъуыддаг айхъуыст æгас республикæйыл дæр æмæ сын се стыр циныл фæцин кодтой се ’ппæт дæр. Ацы хъуыддаджы тыххæй бæстондæр информаци райсыны тыххæй нæ газеты уацхæссæг бахатыд Колыты Аксойы номыл Паддзахадон аивæдты лицейы нывкæныны студийы фæлтæрд ахуыргæнæг, уæлдæрбанысангонд конкурсы уæлахиздзау Дзæгъиаты Альбинæмæ æмæ нын афтæ радзырдта:

— Æрæджы мах фæхуыдтой фыццаг дунеон пленер-конкурс Сочи — 2016. Конкурс уагъд цыдис ахæм девизимæ — «Красота и доброта спасут», зæгъгæ. Уæлдæр ма йæ куыд банысан кодтам, афтæмæй ацы равдысты конкурс уагъд цыдис фыццаг хатт нывгæнджытæн æмæ дзы хайад райсыны бар уыдис куыд æрыгæттæн, афтæ хистæр кары нывгæнджытæн дæр.

Дунеон пленер-конкурс уагъд æрцыдис Уæрæсейы Федерацийы рæсугъддæр курортон горæттæй сæ иу Сочийы Лазаревскы районы 2-æм майæ 6-æм маймæ. Ацы равдысты хайад райстой 33 бæстæйы нывгæнджытæ Хуссар Ирыстонæй та дзы хайад райстам мах, æмæ Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнингтæ. Аивæдты лицейæ æз акодтон мæ ахуыргæнинæгтæй æхсæзы. Къостайыхъæуы скъолайæ та дзы хайад истой дыууæ сывæллоны.

Мах ардыгæй афæндараст стæм фыццæгæм майы. Куы ныххæццæ стæм, уæд ныл нæ фысымтæ тынг хорзæй сæмбæлдысты, фæцин ныл кодтой æмæ нæ афтæмæй суазæг кодтой. Нæ фæллад куы суагътам, уæд æрæвнæлдтам нæ хъуыддагмæ. Сывæллæттимæ фæрацу-бацу кодтам æмæ равзæрстам сæ куыстытæн ахъазгæнæг рæсугъд бынæттæ æмæ афтæмæй бон цалдæргай сахаттæ ныв кодтам, конкурсмæ нын цы хæслæвæрд уыдис, уыцы пейзажтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæймагæн денджызон уæлдæф æмæ рæсугъд æрдзысконд лæвæрдтой цавæрдæр эмоцианалон, æвæрццаг æнкъарæнтæ æмæ нын æхсызгон уыд, афтæмæй кусын. Æрдзы хъæбысы, уæлдæфы кусын нывкæнынады хуыйны пленер æмæ нæ конкурс дæр уымæн афтæ хуындис.

Фæнды ма мæ зæгъын уый, æмæ мах ацы равдысты конкурсмæ куы фæхуыдтой, уæд нын развæлгъау радтой, афтæ йæ зæгъæм, хæдзарон куыст. Ома, мах хъуамæ равзæрстаиккам темæ æмæ уымæ гæсгæ бакуыстаиккам. Конкурсмæ чи хъуамæ ацыдаит, уыцы ахуыргæнинæгтæ бынаты хъуамæ бакуыстаиккой æмæ ныффыстаиккой сæ нывтæ, кæцыты стæй Сочийы уагъдцæуæг конкурсы равдыст æрцыдаиккой. Мах равзæрстам националон темæ. Иу æртæ къуырийы бæрц бакуыстам нæ хæдзарон куыстытыл æмæ равдыстмæ бавдыстам тынг цымыдисон, ирд нывтæ. Уыдоныл бакуыстой: Санахъоты Екатеринæ («Колыбель родного края»), Кокойты Валерия («Любимый мой край»), Пæррæстаты Анна-Мария («Душа — моя Осетия»), Джиоты Заринæ («Элегия»), Хъотайты Аделинæ («Аланские врата»), Хуыгаты Виктория («Аланская царица»).

Ацы куыстытæ рацыдысты тынг цымыдисон, сывæллæттæ дзы ирдæй равдыстой национ колорит æмæ сын равдысты дæр жюрийы уæнгтæ тынг хорз саргъ кодтой.

Нæ ахуыргæнинæгтæ тынг хорз бакуыстой пленер-конкурсы дæр. Йæ хайадисджытæ Сау денджызы былыл æрдзысконд сæ хуызджын ахорæнтæй афтæ аив раныв кодтой æмæ иууыл хуыздæр уыдонæн уыдысты сæ пейзажтæ дæр. Уымæ гæсгæ жюрийы уæнгтæ фыццаг бынæттæ радтой хуссарирыстойнаг конкурсанттæн. Сыгъзæрин майданты хицау баисты æрыгон чызджытæ Пæррæстаты Анна-Мария æмæ Хуыгаты Виктория. Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн ма нæ цинæн кæрон кæм уыдис, афтæ æхсызгон нын уыдис. Уымæн æмæ конкурсы хайад истой бирæ рæттæй, суанг ма дзы Японийæ дæр уыдысты. Фæлæ, раст куы зæгъæм, уæд, æцæгæйдæр, нæ сывæллæттæ уыдысты иууыл хуыздæр. Уый загътой компетентон жюри дæр. Зæгъæм, мæнæ Хуыгаты чызджы куыстæй сæ иу афтæ загъта: «Æз дæр ацы фендтаг бынæттыл æрзылдтæн. Бирæ, сæм фæкастæн æмæ Хуыгианы куысты æз цы æрдзы хай федтон, уый æрыгон нывгæнæгмæ рауадис бирæ аивдæр æмæ уыд цымыдисаг».

Мæнæн, куыд ахуыргæнæгæн, афтæ мын ацы цины хъуыддаг уыдис тынг æхсызгон. Уымæн æмæ алкæцы ахуыргæнæджы дæр бафæнддзæн, цæмæй йæ хъомылгæнинæгтæ уой иууыл хуыздæр, уа сын иууыл хуыздæр æнтыстытæ. Мæн мæ ахуыргæнинæгтæн ноджыдæр фæнды уый, цæмæй кæддæриддæр Ирыстонæн уой хорз хъæбултæ æмæ йын йæ кад хæссой бæрзонд, — зæгъы Дзæгъиаты Альбинæ.

Дзæгъиаты чызг ма нын куыд загъта, афтæмæй хуссарирыстойнаг сывæллæттæ ацы конкурсы се ’ппæт дæр призон бынæттæ бацахстой, афтæмæй æрæздæхтысты Цхинвалмæ. Конкурсы æппæт хайадисджытæ дæр аккаг бынæттæ кæй бацахстой, уымæ гæсгæ хорзæхджын æрцыдысты дипломтæй дæр æмæ систы дунеон пленер-конкурсы лауреаттæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ конкурсы хистæр кары категорийы нывгæнджыты æхсæн хайад кæй райста Дзæгъиаты чызг йæхæдæг дæр. Уымæн равдыстмæ хаст æрцыд цалдæр нывы æмæ йын жюрийы уæнгтæ радтой фыццаг бынат, райста сыгъзæрин майдан. Афтæмæй хуссарирыстойнаг чызджытæ систы конкурсы уæлахиздзаутæ æмæ æртæ сыгъзæрин майданы æрхастой Хуссар Ирыстонмæ.

Фыццаг дунеон пленер-конкурс Сочи-2016-ы организатортæ уыдысты Уæрæсейы Национ Артийаг комитет, нывгæнджыты дунеон цæдис, сфæлдыстады дунеон Академи, афтæ ма сфæлдыстадон змæлд «Спираль света».

Конкурсы нысан у, цæмæй æрыгон нывгæнджытæ сæхи цайдагъ кæной нывкæнынæй æмæ райтынг уа сæ интеллектуалондзинад ацы фадыджы.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.