Кæйдæр кæнæ кæйдæрты тынг нæ фæнды сабыр арвы бын нормалон цард кæнын, адæмы сæ мæгуырыл ныууадзын. Кæмæндæр  кæнæ кæмæндæрты сæ цард ад нал кæны Ирыстоны хуссар хайæн цыфыддæр фыдбылыз ракæныныл сагъæс æмæ мæтæй…

Афтæ нæу? Афтæ у, афтæ, хорз адæм: генералон прокуроры йæ бынатæй сис, Президент йæ бынат ссæрибар кæнæд, Уæрæсе Хуссар Ирыстонæн цы финансон æххуыс кæны, уый æруромæд, республикæйы афæдзон бюджет ист ма ‘рцæуæд æмæ афтæ дарддæр…

Æппæт уыдæттæ адæмы цард халын, ирон адæмы хуыздæр хъæбулты тугæй æлхæд паддзахад ныппырх кæныныл дзурæг не сты, уæдæ цы сты?

Ныр… Цыма чидæртæ сæхимæ æрцыдысты, бамбæрстой, фыдыбæстæйы хъысмæты разæй цыфæнды æмæ кæйфæнды амбицитæ дæр хъуамæ сæхиуыл фæхæцой, цыма цыдæр хуыздæрырдæм фæивта, марты мæйы 12 бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æххæстхъомысадæй, бойкот-æнæбойкотæй йæ куыстмæ кæй æрæвнæлдта, уый фæстæ…

Фæлæ та… Ныр та æндæр домæн фæзынд: хъуамæ ивд æрцæуа, Республикæ Хуссар Ирыстоны парламент февралы мæйы 26 бон республикæйы 2021 азы бюджет кæм сфидар кодта, уыцы сессийы уынаффæ…

Æмæ стæй цы уыдзæн, Ирыстоны гуыппырсартæ! Уыцы сессийы уынаффæмæ гæсгæ цы бюджет райстæуыд, уыцы бюджетæй мыздтæ, пенситæ, алыгъуызон æххуыстæ чи райста, уыдон та цы фæуой, фæстæмæ сæ хъуамæ раттой? Сæ пенсийы муртæй макаронтæ чи балхæдта, уыдонæн сæ макаронтæ хъуамæ байсат?.. Сæ мыздтæ чи райс-той, æмæ уыцы мыздтæй 8-æм марты бæрæгбонмæ сæ сылгоймæгтæн дидингуытæ чи балæвар кодта, уыдон сæ лæвар дидинджытæ фæстæмæ хъуамæ байсой, æрдæгхустæй сæ ауæй кæной æмæ сын сæ аргъ фæстæмæ къассæмæ хъуамæ бахæссой? Йæ рынчын хъæбулы хос кæнынмæ чи акодта, уыдон хъуамæ æрдæгвæндагæй фæстæмæ раздæ-хой?..

О, цæуыл худут, афтæ цæуы! Бюджеты райст æнæзакъоныл нымад куы ‘рцæуа, уæд уыцы бюджетæй иу сом дæр æддæмæ кæй къухфыстæй ацæуа, уыдон дæр закъонхалджытыл нымад цæуынц æмæ уыцы æхца хъуамæ кæнæ фæстæмæ къазнамæ æрбаздахой, кæнæ ахæстоны сбадой. Кæнæ хъуамæ ахæстоны сбадой, кæнæ адæмæн се ‘хца фæстæмæ байсой. Уый та нæ цæмæ æркæндзæн? Хæстмæ, уымæй дæр – мидæггагон хæстмæ. Мидæггагон хæст та æркæны паддзахады ныппырхмæ… Æмбарæм æй, хорз адæм, хъуыддаг цæмæ цæуы, уый?..

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сессийы республикæйы бюджет депутатты хуымæтæг фылдæр хайы хъæлæсты фæстиуæгæн ист кæй æрцыд, уымæн йæ юридикон барадон бындур æмæ закъондзинад компетентон юристтæ лæмбынæг бамбарын кодтой æмæ уыдонмæ ницыуал фарстатæ ис. Фæлæ ма бафæрсæм, йæ ныхмæ чи у, адæмы дарæг æмæ уромæг бюджеты райст æнæзакъоныл чи нымайы, суанг ма йæ паддзахадон фæфæлдæхт дæр чи схуыдта, уыдоны:

Кæмæн дзурут уыдæттæ, уæ хорзæхæй? Адæмæн? Æмæ адæм цы аххосджын сты, уыдон схъæлæс кодтой сессийы? Чи схъæлæс кодта, уыдон уæм сæхæдæг райсомæй сихормæ лæгъзтæмхасæн куы сидтысты, цалдæр сахаты уæм æнхъæлмæ куы кастысты, цæмæй бацæуат æмæ бюджеты фарст равзарат, уæд цæмæннæ бацыдыстут æмæ сын сæхицæн цæмæннæ загътат: раст не стут, æнæзакъон хъуыддаг аразут?.. Гъеныр, газет «Хурзæрин»-ы бæрнон кусджытæ иу изæрыгон фæзуаты куы слæууиккой æмæ сæхицæй «интервью куы исын кæниккой», абон газеты ныммыхуыр, паддзахадон фæфæлдæхтыл дзурæг уац, зæгъгæ, уæд æй афтæ ма хъуамæ бафæрсат: æмæ йæ цæмæн бауагътат, уым нæ кусут, кæм уыдыстут, куы йæ мыхуыр кодтой, уæд, цæмæннæ бацархайдтат сæ баиргъæвыныл?..

Фарст логикон у? Бæгуыдæр, фæлæ…

Æрмæст, охх, тæхуды, æмæ уыцы примитивон æфсон куы нал хъусиккам –  Президент генералон прокуроры йæ бынатæй кæй нæ исы, уый тыххæй… Президент йæ бынатæй кæй æмæ цы барадон принципмæ гæсгæ хъуамæ сиса, уый ис гæххæттыл фыстæй. Президент искæй йæ бынатæй æнæмæнг цы аххосаг æмæ кæй домæнмæ гæсгæ хъуамæ сиса, уый та кæм фыст ис, æрбахæссут ма йæ æмæ йæ газеты ныммыхуыр кæнæм!

Иннæ та уый, æмæ стыр бизнес, магазинтæ æмæ фирмæтæ кæмæн нæй, уыцы бюджетон мыздисджытæ, мæйæ-мæймæ йæ пенсийы къапеччытæй чи цæры, йæ рынчын сывæллоны тæри-гъæдмæ чи кæсы, уыдоны, генералон прокурор чи у, куыд исгæ у, чи йæ хъуамæ сиса, цæмæн æй хъуамæ сиса, уыдæттæ бынтондæр не ‘ндавынц, бамбарут æй, гукк!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.