Аивгъуыйгæ аз Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны æмæ адæймаджы фæрныгады къабазы хъусдарды фæдыл комитет цы куыст бакодта, уый тыххæй хыгъд радта йæ сæрдар Коцты Маринæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй зынгæ фæфылдæр, хъусдарды бын чи сты, уыцы объектты басгæрстыты нымæц. Санитарон хъусдарды хайады специалисттæ æдæппæтæй ауагътой 331 контролон мадзалы. Уыдонæн сæ фылдæр хай уыдысты, планмæ хаст чи не ‘рцыдысты, ахæмтæ  – амалиуæггæнджытæй, хицæн фæлхасгæнджытæй цы куырдиæттæ хъæстытæ æрбацыд, уыдоны бындурыл.

Нæ республикæйы территорийыл нуазыны æмæ минералон дæттæ уадзæг куыстуæтты басгаргæйæ, рабæрæг къорд цухдзинады, кæцыты фæдыл арæзт æрцыдысты санитарон-эпидемиологион хатдзæгтæ, хицæн объекттæ та æхгæд æрцыдысты, цалынмæ сæрмагонд барамынд уа, уæдмæ.

Базарад æмæ æхсæнадон хæлцады объектты санитарон уавæры фæдыл ист цыдысты хуызæгтæ санитарон-бактериологион иртасæнтæн. Уыцы нормæтæн дзуапп чи нæ лæвæрдтой, ахæм басгæрстгонд базарадон æмæ продуктуадзæг объекттæн кæд 2015 азы уыдысты сæ 26 проценты, уæд ивгъуыд азы та уыцы нымæц æрхауд 16 процентмæ. Уый дзурæг у ууыл, æмæ куыд амалиуæггæнджытæ, афтæ объектты кусджытæ дæр бæрнондæр цæстæй кæсынц, сæ разы цы домæнтæ æвæрд цæуы, уыдон æххæст кæнынмæ. Фæлæ уæддæр нырма, Коцты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ, банысангонд объектты ис къорд цухдзинады, кæцыты хъæуы аиуварс кæнын.

Хыгъдон рæстæджы сæрмагонд хъусдард здæхт цыд, нæ горæт цы нуазыны донæй ифтонг цæуы, уый гъæдмæ. Æдæппæт дзы систой 526 хуызæджы бактериологон иртасæнтæн æмæ 528 хуызæджы та – санитарон-химион иртасæнтæн. Иртасæнты фæстиуджытæ куыд фенын кодтой, афтæмæй сæ 44 проценты дзуапп нæ дæттынц бактериологон бæрæггæнæнтæн. Доны ма нæ рабæрæг вæййынц хлоры баззайæццæгтæ, уый та ууыл дзурæг у, æмæ йыл æй кæнæ бынтондæр нæ кæнынц, кæнæ та, цас æмбæлы, уыйбæрц нæ. Æмбæлон гъæды дон кæй нæ цæуы горæты цæрджыты хæдзæрттæм, ууыл ма дзурæг сты, уыдонæй райсгæ хъæстытæ. Нуазыны донмæ санитарон-эпидемиологион домæнтæ хæлд кæй цæуынц, уый тыххæй паддзахадон-унитарон куыстуат «Водоканал»-ыл арæзт æрцыд æртæ суагъæйы. Коцты чызджы ныхæстæм гæсгæ доны гъæд азæй-азмæ хуыздæр нæ, фæлæ кæны æвзæрдæр. Уавæр ноджы мæгуыраудæр у республикæйы районты. Донæмбырдгæнæнтæ æмæ донуадзæн хæххытæ дæр дзуапп нæ дæттынц санитарон-техникон æмæ санитарон-гигиенон домæнтæн.

Иртæст цыдис нæ горæты цады æмæ Леуахийы цæугæдоны гъæд дæр æмæ, куыд рабæрæг, афтæмæй дзуапп нæ дæттынц санитарон нормæтæн.

Хыгъдон рæстæджы контролон мадзæлттæ уагъд цыдысты скъолаты æмæ скъолайы агъоммæйы уагдæтты санитарон-гигиенон æмæ санитарон-техникон уавæры фæдыл. Ивгъуыд аз комитеты кусджытæ ахæм объектты ауагътой 77 басгæрсты. Хъусдард здæхт цыдис ахуыргæнæн уагдæтты хæрæндæтты мигæнæнтæ æмæ инвентары сыгъдæгдзинадмæ, æхсад мигæнæнтæ куыд æфснайд цæуынц, дезинфекцигæнæн фæрæзтæй куыд пайда кæнынц, персонал хисæрмагонд гигиенæ куыд хъахъхъæны, хæлцадон блок цахæм санитарон уавæры ис æмæ æндæр ахæм фарстытæм.

Комитеты эпидемиологион хъусдарды специалисттæ ивгъуыд азы басгæрстытæ уагътой куыд Цхинвалы, афтæ республикæйы районты медицинон уагдæтты дæр. Сæ нысан уыдис, хосгæнæн-профилактикон уагдæтты эпидемийы ныхмæ режим бæстон кæныны фæдыл санитарон закъондæттынады домæнтæ куыд æххæст цæуынц, ууыл контроль кæнын. Басгæрстыты фæстиуæгæн фылдæр рабæрæг сты ахæм цухдзинæдтæ, куыд донифтонгады домæнтæ халын, хосгæнæн-профилактикон уагдæтты материалон-техникон ифтонгад фаг кæй нæу, санитарон æмæ эпидемийы ныхмæ режимы домæнтæ халын æмæ æндæр ахæмтæ.

Басгæрстыты фæстиуджытæм гæсгæ арæзт æрцыдысты суагъæтæ административон бархалынады тыххæй. Административон бæрндзинадмæ æркондæуыд медицинон уагдæтты бæрнон кусджыты. Сæ архайд урæд æрцыд Знауыры районон рынчындоны стоматологион кабинет æмæ Громы хъæуы стоматологион кабинетæн.

Комитеты архайды ахсджиаг здæхт у товарты гъæдыл контроль кæнын æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнын. Коцты Маринæ куыд зæгъы, афтæмæй ацы хайады специалисттæ аивгъуыйгæ азы ауагътой 372 басгæрсты. Уыдон уагъд цыдысты куыд планмæ гæсгæ, афтæ æмбæстæгты куырдиæттæм гæсгæ дæр. Сгæрст цыдысты, сæйраджыдæр, базарадон объекттæ, афтæ æхсæнадон хæлцады объекттæ дæр. Цухдзинæдтæ раргом базарады къабазы дæр. Фæстиуджытæй куыд бæрæг у, афтæмæй раздæры азтимæ абаргæйæ, уыдон бæрæг фæкъаддæр сты.

Коцты чызг куыд банысан кодта, афтæмæй цы объекттæ сгæрст æрцыдысты, уыдонæй 120 объектмæ ницы аиппытæ уыд фæлхасгæнджыты домæнтæ хъахъхъæныны къабазы закъондæттынады домæнтæ æххæст кæныны хъуыддаджы.

Фæлхасгæнджытæй цы куырдиæттæ райстæуыд, уыдон баст сты, сæ гъæд мæгуырау кæмæн уыд, ахæм хæлцадон æмæ æнæхæлцадон товарты уæй кæнынимæ, уыимæ ма, се ‘мгъуыд кæмæн ацыд, ахæмтимæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ се ‘мгъуыд кæмæн аивгъуыдта, ахæм товартæ базарадон объектты азæй-азмæ къаддæр кæй кæнынц. Ивгъуыд аз цы 372 объекты ауагъдæуыд басгæрстытæ, уыдонæй ахæм товартæ разынд æрмæстдæр 10 объекты. Фæкъаддæр сты иварон санкцитæй спайда кæнгæйæ административон бархалынæдтæ дæр. Фæлæ комитеты сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй æппæрццаг эффект дæтты, закъонмæ гæсгæ æртæ боны раздæр кæй фехъусынчындæуыд базаргæнджытæн планон басгæрстыты тыххæй. Базарадон объектты хицæуттæ уыцы рæстæг-мæ аиуварс кæнынц сæ цухдзинæдтæ, тæрхджытæй айсынц, се ‘мгъуыд кæмæн аивгъуыдта, ахæм товартæ æмæ та сæ басгæрстыты фæстæ ногæй равæрынц. Йæ хъуыдымæ гæсгæ ахæм уавæр фæивын хъæуы.

Куыст цыдис цæрджыты фæлхасадон культурæ бæрзонддæр кæныны фæдыл. Уыцы нысанæн сын лæвæрд цыдис информаци. Комитеты специалисттæ горæты хицæн скъолаты уагътой лекци-беседæтæ. Уыдонмæ цымыдисæй хъуыстой сывæллæттæ, уымæн æмæ зонгæ дæр нæ кодтой, чи у фæлхасгæнæг æмæ йын цахæм бартæ ис.

Комитеты сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй хуыздæрæй-хуыздæр кæны комитеты лабораторийы материалон-техникон базæ. Цалцæг æрцыдысты диагностикæйы хатæнтæ. Райдыдтой кусын Росаккредитацийы системæйы комитеты лабораториты аккредитацимæ бацæттæ кæныны фæдыл. Афтæ ма куыст цыдис комитеты специалистты квалификаци бæр-зонддæр кæныны фæдыл дæр.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.