ЗНАУЫРЫ РАЙОН

Ивгъуыд къуыри хыгъдон æмбырд уагъд æрцыд Знауыры районы администрацийы. Æмбырды хайад райста РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Районы администрацийы сæргълæууæг Гæбæраты Инал банысан кодта, зæгъгæ, районы къухдариуæгад йæ разы цы хæстæ æрæвæрдта, уыдон здæхт уыдысты цæрджыты царды уавæртæ хуыздæр кæнынмæ, цы проблемæтыл æмбæлынц, уыдон скъуыддзаг кæнынмæ. Районы цæрджыты нымæц фæстаг бæрæг-гæнæнтæм гæсгæ у 4 мины бæрц, ис дзы 6 хъæууон административон иуæджы æмæ 70 хъæуы.

«Кæд цалдæр азы Знауыры районмæ цæугæйæ алчидæр æвдисæн уыд фæндæгты æдзæллæг уавæрæн, уæд ныр та фенæн ис, куыд рогæй йыл згъорынц машинæтæ. Фæндаг хæрзарæзт æрцыд Инвестпрограммæйы фæлгæтты, фæлæ фæндаг асфальтгонд æрцыд æрмæст Знауыры районы центры онг. Мах та дарддæр кусæм, цæмæй фæндæгтæ хъæутæм дæр фæхуыздæр кæнæм», – дзырдта Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ Ожора-Дзагъина, Хъорнис, Цъорбис, Гъуертеу, Бехъмар, Малда, Балтайы хъæутæм дæр хи тыхтæй ацы аз фæндæгтæ æрцыдысты цалцæггонд. Фæндæг-ты арæзтад, йæ ныхæстæм гæсгæ, дарддæр дæр цæудзæнис.

Фæндæгты цалцæг кæнынæн пайда кæнынц бынæттон æрдзон æрмæджытæй. Поселочы уынгтæ, дæр, æрцыдысты асфальт, æмæ уый бирæ фæрогдæр кодта йæ цæрджыты царды уавæртæ.

Районы къухдариуæгадæн хорз æнтыстытæ ис хъæутæм дон рауадзыны хъуыддаджы дæр. Нуазыны донæй ифтонгад Знауыры районы фылдæр баст у йæ рауадзынимæ. Уый фæдыл иууыл стырдæр проектыл районы къухдариуæгад нымайы Гомарт-Уахтъанайы донуадзæн хаххы арæзтад. Ацы проектмæ гæсгæ 2018 азы донæй ифтонг æрцæудзæн канд Уахтъанайы хъæу нæ, фæлæ ма Терегуан дæр. Æдæппæт 150 хæдзары. Архайынц ма, цæмæй районы дæрддзæф хъæутæ дæр ифтонг æрцæуой нуазыны донæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы проблемæтæ иу афæдзмæ скъуыддзаг не ‘рцæудзысты, фæлæ район йæ разы æвæры ахæм хæс æмæ йæ гæнæн уæвгæйæ аскъуыддзаг кæндзæнис. Куыст цыд, цæмæй Гобозты хъæуы доны хæтæл иугонд æрцыдаид поселочы сæйраг доны хæтæлмæ æмæ уый дæр бафтыд сæ къухы.

Гæбæраты Иналы ныхæстæм гæсгæ, кæд район, æмткæй сисгæйæ, доны цухдзинад не ‘ййафы, уæддæр поселочы дон сыгъдæг нæ цæуы, донсыгъдæггæнæн ифтонггæрзтæ йыл æвæрд кæй нæй, уымæ гæсгæ. Фылдæр дзы пайда кæнынц, куыд хардзы дон, афтæ.

Хыгъдон æмбырды ма дзырд цыд электро-энергийы фарстатыл дæр. Фæсфæд хъæуты элетроцæджындзтæ сты æдзæллаг уавæры æмæ ивд цæуынц Паддзахадон Унитарон куыстуат «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-имæ иумæ.

Районы æмбæлон æмвæзадыл нæу бахардзгонд электроэнергийы аргъ фидыны хъуыддаг. Уый хауы, куыд цæрджытæм, афтæ æмткæй районы организацитæм дæр. Фарстмæ районы къухдариуæгадæй ис хъусдард æмæ ныфс æвæрынц, кæй фæхуыздæр уыдзæнис уавæр. Кæд район æмткæй электроэнергийы хъуагдзинад не ‘ййафы, уæддæр Нагутнийы хосгæнæндон «Ныфс»-мæ нæй уагъд электрохызæг, дæрддзæф кæй у, уымæ гæсгæ. Ацы фарст æрмæст районы тыхтæй нæ аскъуыддзаг уыдзæн, фæлæ ма дзы хъæуы хицауад æмæ «Энергоресурс»-ы æххуыс дæр.

Районы экономикон секторы райрæзтыл дзургæйæ, Гæбæрайы фырт банысан кодта, зæгъгæ, рагæй фæстæмæ дæр Знауыры район хъуыстгонд уыд хъæууон-хæдзарадон продукцийы æркондæй. Уымæн æмæ дзы, йæ географион равæрдмæ гæсгæ фадæттæ ис хъæууон хæдзарад райтынг кæнынæн. Фæлæ сæйраг проблемæ у, æркæнгæ продукцийы реализаци кæнын. Уыцы хъуыддаг хынцгæйæ арендатор дызæрдыг кæны, хъæуы ма дарддæр ацы здæхты кусын æви нæ.

Знауыры районы ис æнтыстджын проекттæ дæр, зæгъæм, хъæрмуаттæ. Уыдонæн ис хуыздæр æнтыстытæ.

Гæбæраты Инал æнтыстыты æмрæнхъ дзырдта проблемæтыл дæр. Поселочы централон канализацион хахх ис тынг æвзæр уавæры. Уый тынг æндавы, иумиагæй æппæт экологийыл. Дзырд цыд цæрæнуатон проблемæтыл дæр. Ис дзы, хæдзар кæмæн нæй, сæ цæрæн уавæртæ хуыздæрхъуаг кæмæн сты, ахæм æмбæстæгтæ, уыдон æхсæн æвзонг бинонтæ. Районы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ хорз уаид, ацы фарст æрбæстон кæныны нысанæн поселочы арæзт куы æрцæуид бирæуæладзыгон хæдзæрттæ.

Сæ проблемæтимæ районы администрацимæ æрбацæуынц цæрджытæ дæр. Гæбæраты Инал куыд банысан кодта, афтæмæй сæм æмбæстæгтæ, сæйраджыдæр, бахатынц цардуагон проблемæты фæдыл – чи хæдзары æмбæрзт раивыны тыххæй, чи та æндæр ахсджиаг проблемæтимæ. Сæ фадæттæм гæсгæ администрацийы къухдариуæгад фарстатæ скъуыддзаг кæнынц. Уыимæ иумæ ма сын æххуыс кæны парти «Иугонд Ирыстон». Районы ис, æвæрæз чи сты,  ахæм бинонтæ. Уыдонæн дæр баххуыс кæнынц. Дзырдта ма мобилон бастдзинадыл дæр – бирæ рæтты нæй бастдзинад æмæ дзы уымæ гæсгæ адæм райгонд не сты, уæлдайдæр та йæ лæггæдтæ зынаргъ кæй сты, уый тыххæй.

Кæронбæттæны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик хорзыл банымадта Знауыры районы администрацийы куыст «Хорзыл нымайын районы æмткæй доны фарст скъуыддзаг кæй цæуы,  уый, фæндæгтæ канд поселочы нæ, фæлæ ма бирæ дард хъæутæм дæр цалцæг кæй цæуынц, уый. Мæн бафæндид, цæмæй фылдæр хъусдард здæхт цæуа хъæуы цæрджыты проблемæтæм. Хорз уаид Цхинвалы районы администраци диспансеризаци куыд ауагъта, ахæм мадзæлттæ арæзт куы æрцæуиккой сымахмæ дæр. Æвзæрыл нымайын электроэнергийы фиддонты мæгуырау уавæр. Уый тыххæй та хъæууон администрациты сæргълæуджытæ хъуамæ уадзой æмбарынгæнæн куыст цæрджытимæ», – загъта Хицауады Сæрдар.

Уазæгты Марфа

 

 

 

ДЗАУЫ РАЙОН

Ивгъуыд азы Дзауы районы администраци цы куыст бакодта, уый тыххæй ацы бонты хыгъд радта йæ сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг. Хыгъдон æмбырды хайад райста РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Магкойы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй хыгъдон рæстæджы фылдæр хъусдард здæхт цыдис районы инфраструктурæ æндидзын кæнынмæ – дæрдтаг хъæутæм фæндæгтæ аразын æмæ цалцæг кæнын, хъæууон цæрджыты нуазыны донæй ифтонг кæнын, Дзауы, Къуайсайы æмæ æндæр цæрæн бынæтты хæрзарæзт кæнынмæ.

Ацы куыстытæ районы æххæст кодтой Дзауы районон æмæ горæт Къуайсайы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управленитæ. Дзауы районон управленийæн æдæппæт ивгъуыд азы бантыстис 30,4 милуан сомы аргъ куыстытæ бакæнын. Цæвиттон, цалцæг æрцыдысты Уанел-Къусджытæ-Содтитæ (7,5 километры), Угæрдæнтæ-Сулайтæ æмæ Къуылыхтыхъæу-Барсы (æдæп-пæт 10,5 километры) фæндæгтæ. Доны хæххытæ та цалцæг æрцыдысты Уанел, Барс, Бузала, Църу, Шихантурæй Хуымы-сæртæм (æдæппæт 12 километрæй фылдæр). Уымæй дарддæр ма куыстой Дзауы поселочы схæрзарæзт кæныныл, скъолаты бæстыхæйтты цалцæг кæныныл. Æххæст кодтой æндæр куыстытæ дæр. Афтæ ма сæ бон цæмæй уыд, уымæй æххуыс кодтой æвæрæз бинонтæн. 38 бинонты сифтонг кодтой зымæгмæ суг-тæй, 32 бинонтæн бахуым кодтой сæ зæххы фадгуытæ, иу хæдза-рæн раивтой йæ æмбæрзт æмæ йæ иу хæдзар та цалцæг скодтой.

Къуайсайы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад дæр, сæйра-джыдæр, кодта фæндагцалцæггæнæн куыстытæ. Фæндæгтæ сцалцæг кодтой Хъеуселт, Шеобан, Къоз, Бзитæ æмæ Мæсыгуаты хъæутæм. Нуазыны дон та уагъд æрцыдис Мæсыгуат, Шеобан æмæ Фæзыхъæумæ. Уымæй дарддæр ма сцалцæг кодтой хицæн бæстыхæйтты, митæй сыгъдæг цыдысты фæндæгтæ.

Алы экономикæйæн дæр йæ рахæцæн у сæудæджерад. Æрмæст районы нæ, фæлæ республикæйы дæр иууыл хъомысджындæр сæудæджерадон куыстуатыл нымад у Бæгъиаты суаруадзæн завод. Уый йæ куыст, æгæрыстæмæй, иууыл уæззау рæстæджыты дæр никуы æрлæууын кодта. Уый нæ, фæлæ азæй азмæ фылдæр кæны рауадзгæ продукцийы гуырахст, уæрæхдæр та –  йæ ассортимент. Æрмæст ивгъуыд азы куыстуат товарон продукци рауагъта 40,5 милуан сомы аргъ, уый та у 3,8 милуан сомы фылдæр 2016 азимæ абаргæйæ. «Бæгъиатæ»-йæ дарддæр ма ам уадзынц минералон дон «Дзау», 0,5, 5 æмæ 19 литруат мигæнæнты суадоны дон «Суадон». Ивгъуыд аз та «Бæгъиатæ» 0,5 литруат авгæй мигæнæнты райдыдтой уадзын. Афтæмæй ивгъуыд аз куыстуат бюджетмæ фиддонты хуызы бахаста 4,8 ми-луан сомы. Фæлæ, районы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй ам дæр æнæпроблемæ нæу. Транспортæй æмбæлон æгъдауæй ифтонг кæй не сты, уый мæгуырауæрдæм æндавы заводы бæрæггæнæнтыл.

Районы администрацийы æмбæлон куыст цыдис рахицæнгонд бюджетон фæрæзтæ нысанмæздæхтæй хардз кæныны фæдыл. уыдонæн сæ 97,8 проценты хардз æрцыдысты. Паддзахадон бюджетмæ районæй цы фиддонтæ бацыд, уыдон рауадысты 24,3 милуан сомы. Пенсион фондмæ та ахынцыд æрцыдис 20,1 милуан сомы.

Районы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, хуыздæр кæны уавæр бахардзгонд электроэнергийы аргъ фидыны хъуыддаджы. Æндæразимæ абаргæйæ, ивгъуыд аз æрæмбырдæуыд 194 мин сомы фылдæр æмæ уыдысты – 17,2 милуан сомы.

Хъæууон хæдзарады къабазыл дзургæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, районы цы 30 фермерон хæдзарады регистраци æрцыд, уыдонæй архайынц æрмæстдæр 17. Уыдоны нымадæуы 291 сæры ставдкъах фос. Ис дзы, мыддарды куыст чи кæнынц, ахæм хæдзарадтæ дæр. Фæлæ уыдонæн сæ разы карзæй лæууы, хъæууонхæдзарадон техникæ кæй нæ фаг кæны, уыцы проблемæ. Бæрцæй сæм ис 6 трактор æмæ дыууæ уæзласæн машинæйы æмæ уыдон дæр сты зæронд, арæх хæлынц. Фос бирæ фылдæр ис хисæрмагонд хæдзарадты. Цæвиттон, уыдоны ставдкъах фосы иумæйаг нымæц у 5384 сæры, 340 – фыстæ æмæ сæгътæ, 543 – хуытæ, 77 – бæхтæ, 1084 та – мыды чыргъæдтæ.

Хъæууонхæдзарадон продуктты æрконды гуырахст, Магкоты Уырызмæджы хъуыдымæ гæсгæ, нæй фылдæргæнæн, уыцы продуктты реализацийæн фадæттæ куынæ уа, уæд. Республикæйы та ахæм куыстуæттæ нæма ис æмæ уый мæгуырауæрдæм æндавы хъуыддæгты иумæйаг уавæрыл. Куыд банысан кодта, афтæмæй хъæуы дзидза-æхсыры куыстуæттæ сæндидзын кæнын, кæнæ та Дзауы поселочы дзидза æмæ æхсыркуыстгæнæг мини-цех бакæнын.

Районы кæд бирæ ис хъæууонхæдзарадон кондадæн бæзгæ зæххытæ, уæддæр техникæ кæй нæ фаг кæны, афтæ ма хъæутæ кусæгдыхæй кæй ихсийынц, уымæ гæсгæ хуымзæххытæ къаддæр кæнынц æмæ свæййынц угæрдæнтæ, угæрдæнтæ та – сæрвæттæ æмæ уыцы сæрвæтты фос чи фæхиза, уый дæр нал вæй-йы. Ацы тенденци дарддæр дæр цæуы æмæ фæстагмæ гæнæн ис пайда кæнынæн бынтондæр мауал бæззой. Ууыл у йæ сагъæс районы сæргълæууæгæн. Уый куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд фæззæджы бахуым кодтой 10 гектары зæхх æмæ дзы фæнд кæнынц картоф ныссадзын. Сæ планы ис æндæр халсæртты байтыдтытæ дæр фæфылдæр кæнын.

Хыгъдон рæстæджы куыст цыдис районы цæрджыты æнæ-низдзинад хъахъхъæныны фарстыты фæдыл. Медицинон уаг-дæттæ æдæппæт балæггад кодтой 3 664 рынчынæн, районы централон рынчындоны се ‘нæниздзинад банывыл кодтой 201 адæй-маджы. Районы территорийыл цы 16 фельдшерон-акушерон пункты ис, уыдонæй æртæ – Рукъ, Хъемулта æмæ Теделеты – сты хорз ифтонггонд бæстыхæйтты, фæлæ иннæтæй раппæлæн нæй, иуæй-иутæ та дзы сты, чи сæ кусынц, уыдоны хæдзæртты.

Йæ архайд ахадæн уыдис администрацийы адæмон ахуырады хайадæн. Ахуыры процессы сæйраг фæстиуæг у ахуыргæнина-джы ахуырфæразондзинад. Районы цы 8 иумæйагахуырадон скъолайы ис, уыдон аивгъуыйгæ азы рауагътой 51 рауагъдоны æмæ иууылдæр систы студенттæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединститут, медтехникум æмæ бирæпрофилон колледжæй дарддæр уыдонæй бирæтæ ахуыр кæнынмæ бацыдысты Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæм.

Скъолайы кæд ахуыры уавæртæ хуыздæр кæнынц, уæддæр, районы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, нырма бирæ бакусын хъæуы уыдоны компьютертæй, интерактивон æмæ маркерон фæйнæджытæй, æндæр ахуыргæнæн фæрæзтæй ифтонг кæныныл.

Сæ хæстæ æмбæлон уагыл æххæст кæнынц цæрджыты социалон хъахъхъæнынады кусджытæ дæр. Уыдон архайынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты, фæмардуæвæг æфсæддон службæгæнджыты бинонтæ, кардзыд пенсиисджытæ, Венгри æмæ Афганистаны цауты хайадисджытæ, иунæг, æвæрæз æмæ бирæсывæллонджын бинонты цардуагон уавæртæ хуыздæр кæныныл.

Администрацийы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæ-мæй алыгъуызон мадзæлттæ уагъд цыдысты культурæйы æмæ спорты къабазы дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.