Фыдбылыз адæймагмæ куы фенхъæлмæ кæсы, уæд æй кæмфæнды дæр æрæййафы. Æрæджы нæ республикæйы цæрджытыл айхъуыст æвирхъау хабар: не ‘мбæстаг Тедеты Натия æмæ йæ чысыл хъæбултæ Гуырдзыстоны йæ цæгатæй рацæйцæугæйæ, бахаудысты аварийы. Уый фæстиуæгæн уæззау уавæры рынчындонмæ бахаудтой Натия æмæ йæ чысыл чызг Битеты Сабинæ. Фыдбылызы бахауæг бинонтæн схос кæнынæн хъæуы дзæвгар финансон хæрдзтæ. Ахæм рæстæджы нæ ирон адæм кæрæдзимæ кæддæриддæр равдисынц аудгæ ахаст. Ацы бинонтæн, йæ бон кæмæн куыд у, афтæ æххуыс кæнынц.

5-æм октябры киноконцертон зал «Чермен»-ы Тедеты æмæ Битеты бинонты тыххæй ауагъд æрцыд хæрзаудæн концерт «Твори добро» горæт Цхинвалы администрацийы культурæйы, фæсивæд æмæ спорты управленийы дæлбаруæвæг адæмон инструментты оркестр «Айзæлд»-ы хъæппæрисæй. Хайад ма дзы райстой зынгæ ирон зарæггæнджытæ Амага Готти, Æлборты Инал, Хаситы Сослан, Дыгъуызты Маринæ, Хæбæлаты Лали, Тадтаты Мадинæ æмæ æндæртæ.

Концертæй райсгæ æхцайы фæрæзтæ лæвæрд æрцæудзысты ацы бинонтæн.

Мадзалы хайадисджыты хъуыды у ахæм, зæгъгæ, адæймаджы æххуыс æмæ искæй ныфс кæддæриддæр хъæуы, фæлæ тыхст адæймаджы фарсмæ балæууын у стыр хæрзиуæгон хъуыддаг. Уый тыххæй стыр хъуыддæгтæ аразын нæ хъæуы, фæлæ тыхст адæймагмæ дæ къух куы фæдаргъ кæнай, уæд ын уый вæййы стыр æххуыс. Уымæ гæсгæ бузныг  загътой, сæ хæрзаудæн концертмæ чи æрбацыд, уыдонæн.

Мадзалы организатортæ ма бузныджы ныхæстæ загътой Телерадиокомпани «Ир»-ы директор Зæгъойты Радæ æмæ радиокомпанийы директор Цхуырбаты Аланæн, сæ концерт уадзынæн сын кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй.

Бузныг зæгъын хъæуы, ацы зын уавæры бахауæг адæмæн чи баххуыс кодта, æппæт уыцы адæмæн дæр.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.