Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрад ноябры мæйы материалон æххуыс бакодта 72 æххуысхъуаг æмбæста-гæн  810 милуан сомы бæрц.

Уыдонæй 4 – гуырцæй инвалидтæ (40 000 сомы); 45 – бирæсывæллонджын бинонтæ (520 000 сомы); 6 – фæмардуæвджыты бинонтæ (60 000 сомы); 15 – æвæрæз бинонтæ (50 000 сомы); 1 сидзæр – (10 000 сомы). 5 æмбæстагæн се ‘нæниздзинады тыххæй иурæстæгон материалон æххуыс лæвæрд æрцыд 70 000 сомы.

Афтæ ма 60 000 сомы рахицæн кодтой I-аг къорды æхсæз инвалидæн, кæцытæ пенси исынц РХИ-йы, æмæ II-аг къорды инвалидтæн, кæцытæ фæцæф сты 1991-2008 азты гуырдзиаг агрессийы рæстæджы.

Бæрæг куыд у, афтæмæй  республикæйы цæрджытæй зын цардуагон уавæрты чи бахауд, уыдонæн материалон æххуыс цæуы «Адресон социалон æххуыс æххæст кæныны тыххæй» Хицауады 2015 азы 9 октябры №89 Уынаффæмæ гæсгæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.