10 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны уыд «Демократи æмæ адæмты барты сæраппонд» паддзахадтæ-хайадисджыты Æмæхсæнады Æхсæнпарламентон Ассамблейы VIII рабадт. Рабадт уагъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Инал.

Ассамблейы куысты хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Паддзахады сæргълæууæг зæрдиаг салам радта уазджытæ æмæ æмбырды хайадисджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, 11 азы размæ, 2006 азы 30 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы парламентты  къухдариуæггæнджытæ сæ къухтæ æрфыстой «Демократи æмæ адæмты барты сæраппонд» паддзахадтæ-хайадисджыты Æмæхсæнады Æхсæнпарламентон Ассамблейы сырæзты тыххæй Сразыдзинадыл. Уымæй нæ бæстæты парламентаризмы рæзты историйы байгом кодтой ног сæр æмæ нæ республикæты адæмты æфсымæрон цæдис сфидар кæнынмæ сарæзтой ахсджиаг къахдзæф.

Президент куыд загъта, афтæмæй Æхсæнпарламентон Ассамблейы сырæзт æнæмæнгхъæуæг къахдзæф уыд нæ паддзахадты сæйраг закъондæттæг органтæн. Уыдон иу кæны  иугъуызон историон хъысмæт, сæрибардзинад æмæ æмбардзинады сæрыл тох, ис сын иугъуызон нысан æмæ æргъадтæ, сты иууон цивилизацийы минæвæрттæ æмæ тырнынц Уæрæсейы Федерациимæ ахастытæ рæзын кæнынмæ. Æхсæнпарламентон Ассамблейы куыст здæхт у æртæ парламенты æмархайды организаци æмæ координацимæ. Уый сбæрæг кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы ахастыты ног здæхтытæ. Уый бирæбæрцæй фæахъаз кæрæдзийæн æххуысы æмгуысткæнынад рауæрæх, кæрæдзийы фæлтæрддзинадыл ахуыр, æмархайды тыххæй ног фадæттæ сбæрæг кæнынæн. «Хуссар Ирыстоны мах куыд нымайæм, афтæмæй Ассамблейы архайд стыр хайбавæрд бахаста нæ паддзахадты кад фæбæрзонддæр æмæ сфидар кæнынмæ  æмæ йын дунеон хъуыддæгты йæ позици размæ кæнынмæ. Ассамблейы куыст ма фæахъаз сабырад бахъахъхъæнынæн, сабырдзинад сфидар кæнынæн, демократийы рæзтæн, куыд нæ бæстæты паддзахаддзинадты бындур, афтæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинæдтæ банымайыны тыххæй Ассамблейы куысты ахсджиагдзинад.. «Уырны мæ, паддзахадон хæдбардзинæдтæ банымайыны бæрæгбонтæ сæ рæстæджы  æрцæудзысты Приднестровье æмæ Арцахы зæхмæ дæр. Æнæмæнгхъæуæгыл нымайын парламентаризмы, закъоны сфæлдыстады, сабырад æмæ демократи сфидар кæныны, нæ бæстæты адæмты бартæ хъахъхъæныны фæдыл æмархайд æмæ æмгуыстад дарддæр дæр рæзын кæнын. Ассамблейы архайды уын мæ зæрдæ зæгъы æнтыстджын куыст æмæ йæ хайадисджытæн та – æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ æнтыстытæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

«Демократи æмæ адæмты барты фарсхæцæг» паддзахадтæ-хайадис-джыты Æмæхсæнады Æхсæнпарламентон Ассамблейы Генералон нымæрдар Григори Маракуца раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн, Президентæй æвзæрст кæй æрцыд, уый тыххæй.

«Æхсæнпарламентон Ассамблейы секретариаты номæй дын арфæ кæнын, Президентæй æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый сæраппонд. Æхсызгон мын у, нæ парламентариты рæнхъытæй адæймæгтæ паддзахадты сæргълæуджыты онг кæй сырæзынц. Мах æй иууылдæр æмбарæм, дæхимæ цы стыр бæрндзинад райстай, фæлæ йæ адæмы чи уарзы, уый зындзинæдтæй нæ тæрсы, уый йæхимæ райсдзæн бæрндзинад æмæ æппæт дæр сараздзæн, цæмæй йæ адæм цæрой сабыр арвы бын æмæ уой амондджын», – загъта Григори Маракуца.

Йæ рады абхазаг делегацийы сæргълæууæг Левон Галустян банысан кодта Ассамблейы рæзтмæ  Григори Маракуцайы ахсджиаг хайбавæрд. Уыимæ иумæ ма йын раарфæ кодта, æрæджы йыл 75 азы кæй сæххæст, уый тыххæй æмæ йын бакодта зæрдылдарæн лæвар.

Уый фæстæ хъæлæсæппæрстæй фидар æрцыдысты боны фæткы фарстытæ. Фыццаг фарст хауд Æхсæнпарламентон Ассамблейы скондмæ ивындзинад бахæссын æмæ къамисы сæрдæртты сфидар кæнынмæ, дыккаг фарст та уыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй чи фæмард, уыдоны нæмттæ сæнусон кæныны тыххæй» закъоны проект, æртыккаг фарст баст уыд, Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы территоритыл æдзухæй чи цæры, уыцы уæрæсейаг æмбæстæгты сывæллæттæн паддзахадон æххуысы уæлæмхас мадзæлтты тыххæй Уæрæсейы Федерацийы закъон сахуыр кæнынимæ. Ацы фарстатæ цалынмæ райст æрцыдысты, уæдмæ уал сæ хъуыдытæ загътой æмæ сыл æруынаффæ кодтой Ассамблейы минæвæрттæ.

Боны фæткы дыккаг фарсты фæдыл раныхс кодта Диакъонты Амиран. Уый банысан кодта, зæгъгæ, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй чи фæмард, уыдоны нæмттæ сæнусон кæныны тыххæй» закъон тынг ахсджиаг у, хæстытæ цы паддзахадты уыд, уыдонæн. Депутат банысан кодта, зæгъгæ, ацы закъоны проектыл Хуссар Ирыстоны Парламенты уынаффæ цыд æмæ райст æрцыд 2015 азы. Ассамблейы хайадисджытæ  – делегациты сæргълæуджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй сæ республикæты парламентты уыдон дæр уынаффæ кодтой ацы закъоны проектыл. Рабадты хайадисджытæ рахæцыдысты ацы фарсты фарс æмæ закъоны проект æмхъæлæсæй ист æрцыд.

Æртыккаг фарсты тыххæй сæ хъуыдытæ загътой Ассамблейы хайадисджытæ æмæ йæм ивындзинæдтæ бахæссыны фæстæ уый дæр ист æрцыд.

Ассамблейы хайадисджытæ æмхъæлæсæй райстой «Демократи æмæ адæмты барты сæраппонд» паддзахадтæ-хайадисджыты Æмæхсæнады ахсджиагдæр здæхтыты æмæ æввахс фидæны йæ дарддæры рæзты фыццаградон хæслæвæрдты тыххæй уынаффæ.

Рабадты уынаффæ цыд терроризмы ныхмæ тохы Уæрæсейы Федерацийы фарс рахæцыныны тыххæй хъусынгæнинаг саразыны  фарстыл дæр. Ацы фарсты фæдыл раныхасгæнджытæ банысан кодтой терроризмы ныхмæ тохы Уæрæсейы Федерацийы ахсджиаг нысаниуæг. Уыдон се ‘ппæт дæр банысан кодтой,  дипломатон æмвæзадыл Уæрæсейы Федераци цы аразы, уыцы нымæцы хæцæнгарзы тыхæй дæр, уый фарсхæцæг кæй сты.

Боны фæткы фæстаг фарст уыд  «Демократи æмæ адæмты барты сæраппонд» паддзахадтæ-хайадисджыты Æмæхсæнады Æхсæнпарламентон Ассамблейы Советæн иннæ азмæ Сæрдар равзарыны тыххæй. Ацы фарсты тыххæй загъд æрцыд фæндæттæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æххæстбартæ ноджы иу аз адарддæр кæныны тыххæй. Ацы фæндоны фарс рабадты хайадисджытæ рахæцыдысты иууылдæр æмæ фарсты фæдыл уынаффæ ист æрцыд.

Дарддæр абхазаг фарс фæндон бахаста, цæмæй боны фæткы «æндæр æмæ æндæр» фарстыты пунктмæ  хаст æрцæуа Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы фæндон Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты минæвæртты хъусдарджыты хуызы Ассамблеймæ фæхоныны фæдыл.

Абхазы Адæмон Æмбырды Æхсæнадæмон, Æхсæнпарламентон бастдзинæдты, æмæ æмфыдыбæстæйонтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Астамур Логуайы ныхæстæм гæсгæ, Абхазы закъондæттæг орган уæрæх кæны æхсæнадæмон бастдзинæдтæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Республикæйы хæдбардзинады бæрæгбонмæ Абхазмæ æрцыдысты Сириаг Арабаг Республикæйы минæвæрттæ. Уый банысан кодта ахæм фембæлдтыты ахсджиагдзинад æмæ ма фехъусын кодта, абхазаг делегаци кæй кæнынц Сиримæ ацæуыны фæнд. Уымæй дарддæр ма загъта, ахсджиагыл кæй нымайы цæстдарджыты хуызы сириаг хæлæртты Æхсæнпарламентон Ассамблеймæ фæхонын. Ацы фæндоны фарс рахæцыдысты рабадты хайадисджытæ  се ‘ппæт дæр.

Ууыл йæ куыст фæцис «Демократи æмæ адæмты барты фарсхæцæг» паддзахадтæ-хайадисджыты Æмæхсæнады Æхсæнпарламентон Ассамблейы VIII рабадт.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.