Хæсты фæстиуæгæн чи ныппырх, уыцы горæт Цхинвал азæй азмæ йæ раздæры хуыз исы. Æниу йæ раздæры хуыз цы, ноджы рæсугъддæр æмæ хæрзарæзтдæр кæнынц йæ уынгтæ. Æрмæст ацы аз нæ горæты схæрзарæзт 11 уынджы. Хæрзарæзтадон куыстытæ дарддæр дæр æххæст цæудзысты 2015-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ гæсгæ. Пырх æмæ сыгъд хæдзæртты бынæтты дæр сырæздзысты ног бæстыхæйттæ, рæзынц æндæр æмæ æндæр нысаниуæгджын объекттæ. Фæлæ, уæддæр, алы горæтæн дæр йæ рæ-сугъддзинадыл дзурæг сты æрмæст йæ аив арæзт бæстыхæйттæ, хæрзарæзт уынгтæ, фæзуæттæ æмæ сквертæ не сты, фæлæ йæ цъæхдарæнтæ, уынгты сагъд бæ-лæстæ. Адæймагæн хъæды рæсугъддзинад, йæ сыгъдæг уæлдæф æхцондзинад кæй хæссынц, уымæ гæсгæ сæ зайын кæны горæты дæр.

Бирæ ис нæ горæты уынгты дæр алыгъуызон мыггаг бæлæстæ æмæ зынгæбæрцæй ахъаз кæнынц уæлдæф сыгъдæг кæнынæн. Уыимæ ма адæймаг æхцондзинад фæисы æнтæф бонты сæ бынты, аууоны цæугæйæ.

Бирæ хъизæмæрттæн уыдысты æвдисæн нæ горæты сагъд бæлæстæ. Уыдоныл дæр уынгæджы бон уыд 2008 азы августы хæсты цалдæр боны. Цæстытыл абон дæр ауайынц Ногдзауты парчы, Джиоты Аланы уынджы æмæ бирæ æндæр рæтты дæр ахизæнтæ куыд нал уыд фæлдæхт бæлæстæй, бæлæсты хауд цæнгтæй. Абон дæр ма горæты бирæ ис хæстдзагъд, цæф бæлæстæ, баззадысты нуæстæй æмæ сын рæстæджы бон дæр нал у схос кæнын.

Бирæ бакуыстой уæд æмбæлон службæтæ уынгты калд бæлæстæ æмæ къалиутæй ссыгъдæг кæныныл, хæстдзагъд бæлæстæ бахсæдыныл. Фæлæ куыст ууыл нæ фæци. Бæлæстæ, уæлдайдæр та, горæты сагъд чи сты, уыдон домынц зилын. Чи сæ зæронд кæны æмæ йæ калын хъæуы, кæй та – æхсæдын. Ныр цалдæр боны ацы куыст кæнынц нæ горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинаты цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджытæ Джиоты Филиппы сæргълæудæй. Ацы хайады кусджытæ цы удуæлдай æмæ стыр куыст кæнынц нæ горæты рæсугъддзинады тыххæй, уымæн хъæуы стыр аргъ кæнын. Филипп куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ у бæлæсты хус къалиутæ æхсæдынæн тынг хорз рæстæг. Уыдон уалдзæджы суадздзысты ног таутæ æмæ иуæй йæ къалиутæ бирæ февзонгдæр уыдзысты, иннæмæй та фæ-рæсугъддæр уыдзæн æмткæй бæлас. Бæлæсты хус цæнгтæ ма ралыг кодтой 13 коммунары уынджы, ныр та сæ бахсæстой Пушкины уынгыл. «Дарддæр дæр архайдзыстæм иннæ уынгты бæлæсты хус къалиутæй ссæрибар кæныныл», – загъта Филипп.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.