Ацы бонты нæ редакцимæ фæуазæг нæ горæты цæрæг Гæззаты Циури. Уый нæм бахатыд, цæмæй нæ газеты фæрцы стыр бузныг зæгъа Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры адæмон артист Тъехты Васяйæн. Сылгоймаг нын йæхæдæг куыд радзырдта, уымæ гæсгæ райсомæй ацыд йæ куыстмæ æмæ, машинæйæ рахизгæйæ, зæхмæ æрхауд йе ‘хцадон. «Уайтагъд æй нæ фæхатыдтæн ме ‘хцадон мæ хызыны кæй нал ис, уый. Фæлæ мæ бахъуыд телефонæй фæдзурыны сæр. Мæ хызынæй хъуамæ систаин мæ телефон, кæцы уыд ме ‘хцадоны, фæлæ… Æз уайтагъд ме ‘мкусæджы телефонæй адзырдтон мæхи номырмæ æмæ мын сдзуапп кодта æнæзонгæ нæлгоймаг. Уый йæ уайтагъд фæхатыд хъуыддаг цæй мидæг ис, уый æмæ мын загъта ме ‘хцадон мын кæй ссардта, уый тыххæй: «абон райсомæй дын де ‘хцадон ссардтон æмæ дын æй кæдæм бахæссон?» Мæ цинæн ма кæрон кæм уыдис, мызд уыцы бонты кæй райстон, уымæ гæсгæ ме ‘хцатæ иуылдæр уыдысты ме ‘хцадоны», – радзырдта нын Гæззаты Циури.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ныртæккæйы уæззау æмæ тыхст дуджы нæ алыварс ахæм хорз адæймæгтæ кæй ис, уый зæрдæйæн æнахуыр æхсызгон у. Ахæм адæймæгтæ нын нæ цард кæнынц рæсугъддæр æмæ мидисджындæр. Адæймаг ахъуыды кæны, æгайтма нæ чысыл хæстæфхæрд Ирыс-тон хъæздыг у ахæм адæймæгтæй, уыдон стыр ныфс сты æхсæнадæн, рæзгæ фæлтæрæн та – цæвиттойнаг.

Тъехты Вася йæ ацы зæрдæхæлар мийæ равдыста стыр адæймагдзинад æмæ йын зæгъын хъæуы æгæрон бузныджы ныхæстæ. Адæм Тъехты лæппуйы зонынц, куыд курдиатджын артист, йæ аивадæй сценæмæкæсджытæн стыр æхцондзинад чи хæссы, ахæм адæймагæй. Ныр ацы цæвиттойнаг ми кæй сарæзта, уымæй йæ кадыл бафтдзæн ноджыдæр.

Бирæ нын фæцæр æнæнизæй, æмæ дæ курдиат æмæ адæймагдзинадæй æхцондзинад хæсс дæ радтæг ирон адæмæн.

Кокайты Зарина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.