Йæхи ироныл чи нымайы, ирон дзырд йæ зæрдæйы рæбын сатæджы тау кæмæн суагъта, уыдон иууылдæр æнувыд сты национ аивадыл. Цард афтæ арæзт у, æмæ бæрзонд аивад мæргъты дæр сцъыбар-цъыбур кæнын кæны, кæугæ хæрисæн дæр йæ сыфтæртæ сæхиуыл схæцынц царддæттæг хуры хъæбысмæ, цыма уыдонмæ  дæр цæхæркалгæ курдиаты зынг бахъардта, сæ удты сын  уæлмонцы равг бауагъта, афтæ.

1935 азы 10 ноябры фыццаг хатт йæ æмбæрзæн байгом кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театр. Уыцы бон сызгъæрин дамгъæтæй фыст у ирон театралон аивады историйы. Уæд  бындур æвæрд æрцыд, театр абон сæрыстыр кæмæй у, уыцы хуыздæр традицитæн æмæ сæ уæдæй нырмæ артистты фæлтæртæ æххæст кæнынц æнувыдæй.

Бирæ азты дæргъы театры сценæмæ амонды æнкъарæнтимæ цыдысты, ирон аивадæн йæ цард чи снывонд кодта, уыцы номдзыд артисттæ: Таутиаты Солæман, Тæбæхсæуты Бало, Хъæрджынты Варя, Икъаты Серафин, Баллаты Валодя, Саламты Къола, Уататы Бибо, Бирæгъты Къоста, Годжыцаты Исахъ æмæ æндæртæ. Адæмæн цас циндзинад æмæ сæрыстырдзинад хастой, уый сбарæн ницæмæй ис, æмæ сын ирон театрдзау дзуапп лæвæрдта иузæр-дион уарзондзинадæй.

Адæймаг куы ахъуыды кæны, цас æрттивгæ стъалытæ уыд æмæ ис нæ аивады цъæх арвыл, уæд зæрдæйы цины царды æнкъарддзинад атайы, æмæ дзы хуры тынтæ сæхи райдайынц найын.

Зæрдæйы æмæ зонды хъизæмарæй райгуыры драматургæн йæ уацмыс. Фæлæ фæстаг ныхас æрхауы актермæ, уымæй кæнгæ у пьесæйы дæргъвæтин цард дæр. Актер фыссæджы куыстæн донвæдæй хъауджыдæр нæу.Уый йæ фæхæццæ кæны æгæрон фурд-мæ – адæмы зæрдæтæм. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, актеры алæмæты хъазты руаджы фыссæгæн дæр йæ уацмыс свæййы æнæфæцудгæ цыртдзæвæн. Цæмæй афтæ уа, уымæн та артисты хъæуы бирæ тых, бирæ хъару æмæ рæстæг хардз кæнын. Ахæм удуæлдай куыстæн та, мах, аивадуарзджытæ, стæм цардæгас æвдисæнтæ. Театрдзауты цины хъæртæ, арфæтæ, тыхджын къухæмдзæгъд… Æрмæстдæр уæд банкъары актер, цард кæй у рæсугъд фæндаг, æмæ йыл кæй рацыд уæндонæй, кадджынæй æмæ цæсгомджынæй. Аивадæн ис йæхи миниуæг – хуыздæрæй-хуыздæр кæнын, æмæ уыцы хорзæн та кæрон нæй, рæстæг æмæ адæймаджы хъуыдыйæн куыд нæй кæрон, афтæ.

Ирыстонæн кад æмæ намыс чи скодта, йæ сагъæс, йæ мæт адæмы амондыл кæмæн уыдысты, нæ культурæйы рæзтыл удуæлдайæ чи тох кодта, уыцы лæгтæй иу уыд Тæбæхсæуты Бало – аивады дзырддзæугæдæр æмæ курдиатджындæр актер. Теат-рæн лæвæрдта йæ уды цæхæр, йæ хъарутæ, йæ зонд  – хорзæй йæм цы уыд, уый.

Уый куыста, цæмæй адæм кæной хуыздæр, цæмæй се ‘хсæн уа фылдæр хæларзæрдæ, сыгъдæгцæсгом, рæдау адæймæгтæ. Алкæддæр архайдта адæймаджы рæсугъддæр миниуджытæ ссарыныл æмæ сæ афтæ равдисыныл, цæмæй сæм тырной, æмæ сæ фæзмой дзыллæтæ. Уыд цырддзаст, йæ зондахаст – ирд, алы хъуыддагмæ дæр зæрдæргъæвд – ахæмæй йæ зыдтой йе ‘мхъæуккæгтæ. Уымæн афтæ фесгуыхт.

Тæтæрхъаны роль Тæбæхсæуты Балойы раз байгом кодта уæрæх фæндаг. Уыцы фæндаг æй фæстæдæр фæхæццæ кодта ССР Цæдисы адæмон артисты кадджын номмæ, Станиславскийы номыл Паддзахадон пре-мимæ.

Уæдæ ирон æвзаг куыд хъæздыг, аив æмæ рæсугъд у, уымæн æппæты бæрзонддæр æвдисæнтæй иу уыд Балойы ныхас. Йæ аивдзинад, йæ дзырд, йæ хъару уыдысты уымæн йæ зæрин хъæлæсы. Диссаг уыд, æцæгæйдæр, уымæн йæ ныхасыхъæд. Сценикон ныхасы дæсны, профессор Иринæ Козлянинова афтæ загъта: «Тæбæхсæуы-фырты ныхасмæ хъусгæйæ фидарæй зæгъæн ис, ирон æвзаг кæй у дунейы адæмты æвзæгтæн сæ рæсугъддæртæй иу». Æрыгон актертæ сæ лæмæгъ тыхтæй фæзмыдтой йæ алы ныхас дæр. Балойæн йæ алы фезмæлд уыдонæн сæ зæрдæты æвзæрын кодта диссаджы хъуыдытæ. Тæбæхсæуы-фырт сценæйæ ирон адæмæн хаста цин, кæд-иу сын сæ цæссыгтæ æркалын кодта, уæддæр сын уыцы цæссыгтæ сæ зæрдæтæ сыгъдæг кодтой.

Бало-иу Сæрмæты ролы сценæмæ куы рахызт ирон дарæсы, уæд-иу æм адæймаг нал æмæ нал æфсæст кæсынæй. Уыцы роль йедтæмæ Балойæ куы ницы баззадаид, уæддæр йæ ном цæргæйæ  баззадаид сæдæ, мин азы фæстæ дæр. Диссаджы лæг уыд Бало. Уымæн йæ бирæвæрсыг сфæлдыстады тыххæй бирæ дзурæн ис. Диссаг та уый у, уыйбæрц хъару йæм кæцæй  разынд æмæ утæппæт ролты ахъазын йæ къухы куыдæй бафтыд. Уый дын Отеллойы роль, Король Лиры, Макбеты, Сæрмæты, Чермены, Егор Булычевы  æмæ бирæ бирæ æндæр рольтæ.

 Уыимæ Бало театр куыд уарзта, ахæм дыккаг лæг нæ уыд. Æрыдонæй-иу боны-цъæхтыл фистæгæй рараст ис Дзæуджыхъæумæ. Изæрæй та-иу спектаклы фæстæ фæлладæй ногæй фистæгæй фæраст Дзæуджыхъæуæй йæ райгуырæн уæзæг Æрыдонмæ. Уыдис ма йæм иу ахæм миниуæг дæр. Райсомæй-иу йæ дзаумæттæ уыцы æнæбары ласт ракодта. Фæлæ-иу искæцы ролы хъазыны размæ йæ хъайтары уæлæдарæс йæ уæлæ куы кодта, уæд-иу йæ цæс-тытæ фырцинæй цæхæртæ калдтой.

Бало цы зæрдæмæдзæугæ фæлгонцтæ сарæзта ирон театры сценæйыл æмæ  ки-ноаивады, уыдон зынгæ бынат  æрцахстой нæ аивады æмæ бæрзонд тæрхæгыл æвæрд сты. Се´хсæн, кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдай бæрæгдæр дары  Шекспиры Отелло.

Уыцы ролы куы ахъазыд, уæд йæ ном анæрыд æрмæст нæ бæстæйы нæ, фæлæ æппæт дунейыл дæр. Тæбæхсæуы-фырты ном хаст æрцыд цыппар æнусы дæргъы дунейы театры Отеллойы ролы æппæты хуыздæр чи ахъазыд, уыдоны кадджын номхыгъдмæ. Уый тыххæй бирæ хорз ныхæстæ загъд æрцыди нæхимæ дæр, Мæскуыйы дæр æмæ суанг фæсарæнты дæр. Хуымæтæджы дзы нæ загътой англисаг аивады стыр дæснытæ,  Шекспиры пьесæты æппæтæй хуыздæр чи ахъазыд, уый англисаг нæ уыд, фæлæ – ирон. 1964 азы Английы Шекспиры райгуырдыл  400 азы куы бæрæг кодтой, уæд Лондоны  Паддзахадон   театры Тæбæхсæуты Балойæн стыр аргъ скодта королевæ Елизаветæ. Банымадта йæ, дунейы æппæты хуыздæр Отеллойы роль чи ахъазыд, ууыл.

Йæ царды фæстаг бонты онг Тæбæхсæуты Бало æвæллайгæйæ куыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры хуыздæр æгъдæуттæ рæзын кæныныл, йæ фæлтæрддзинадæй æмæ зонындзинæдтæй парахат хай кодта сценæйы йæ кæстæр æмбæлттæн. Фæллад нæ зонгæйæ, цыдис аивады бæрзæндтæм. Уыимæ ма уыдис æхсæнадон кусæг дæр.

 Райгуырæн бæстæ стыр аргъ скодта Тæбæхсæуты Балойæн. Радта йын Ленины орден, Октябры революцийы орден, Фæллойадон Сырх тырысайы дыууæ ордены æмæ майдантæ. Лæвæрд ын æрцыд Советон Цæдисы адæмон артисты ном, Станиславскийы номыл Паддзахадон преми. Республикæйы академион театр хæссы йæ рухс ном, Дзæуджыхъæуы дæр  æмæ йæ райгуырæн Æрыдоны дæр йæ номыл  ис уынгтæ.

 Алы адæймагæн дæр йæ райгуырды бон, æвæццæгæн, Хуыцау радты хæрзиуджытæ. Уыдонæй иу у курдиат. Уымæй хайджын адæймаг йæ царды уагæй хицæн кæны иннæтæй. Бирæты дзы адæм хионау бауарзынц, кад ын фæкæнынц. Иры зæхх хъæздыг уыд æмæ у  курдиатджын адæмæй.

Ирон адæмы  аивадмæ  аккаг æвæрæн чи бахаста æмæ йын бирæ хæрзты чи бацыд, уыдонæй иу уыд дзæнæты бадинаг Уататы Бибо. Иуæй-иу нæмттæ адæмæн амонинаг не сты. Афтæ Бибо дæр зындгонд æмæ уарзон уыд ирон адæмæн.

Бибо йæ фыды рæстмæ зонгæ дæр нæ кодта. Фыд хæстмæ куы ацыд, уæд йæ къахыл нæма уад. Фæлæ йæ ныв баззад цæстытыл. Æмæ цæмæй йæ ном æдзухдæр бинонты æхсæн хъуыса, уый тыххæй йæ хистæр фыртыл сæвæрдта йæ фыды ном.

Аивадмæ йæ фæндаг райдыдта астæуккаг скъолайы фæстæ. Уæд фыццаг хатт бахызт ирон театры къæсæрæй. Х. Къостайы «Лæскъдзæрæн» – ы мæгуыр,  фæлæ зондджын лæджы фæлгонц куы сарæзта, уæд æм Тæбæхсæуты Бало бацыд æмæ йын раарфæ кодта:

–  Арæхсыс, фæлæ дæ зæрдыл дар: уый фаг нæу, дæхиуыл куы нæ кусай, уæд дæм цы курдиат ис,  уый дæр бамынæг уыдзæн. Ахуырмæ бацу. Хиуыл кусынæй макуы бафæллай.

Хистæрты зондамынд, уымæй дæр Балойы хуызæн хистæры зондамынд ссис Бибойы царды нысан. Ирон театры бакуыста дыууæ азы. Профессион дæсныдзинад  æм нæ уыд, æмæ ахуырмæ ацыд  Мæскуыйы Вахтанговы номыл театры Щукины номыл училищемæ. Ам йæ хуыздæр æмæ рæдаудæр ахуыргæнæг уыд артист æмæ режиссер  Юрий Любимов. Уыцы рæстæг Бибо зæрдиагæй ахуыр кодта ССР Цæдисы адæмон артисттæ Тæбæхсæуты Бало, Николай Симонов, Николай Черкасов æмæ иннæты сценикон хъæздыг фæлтæрддзинады сусæгдзинæдтæ. Ирыстонмæ сыздæхт теоретикон æгъдауæй æххæст артистæй.

Ирон театры сценæйыл Бибойæн иу фæл-гонцæй иннæмæ йæ хъазт кодта зæрдæмæхъаргæдæр. Уæлдай фылдæр æй бауарзтой театрдзаутæ Таймуразы ролы Гаглойты Владимиры пьесæ «Уарзондзинады кадæджы», Сосланы Плиты Грисы «Сослан Цæразон»-ы, паддзах Клавдийы Шекспиры «Гамлет»-ы, Аслæнбеджы «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ»-йы æмæ бирæ æндæр арæзт фæлгонцтæ.

Уæдæ бæстæйы кинорежиссертæ дæр сæ цæст æрæвæрдтой, ирон æрыгон лæппу Таджикистаны киноныв «Хасан – арбакеш» -ы сæйраг роль куы ахъазыд, уæд йæ хъазтыл, йæ курдиатыл . Уыцы рæстæг Ашхабады цы зоналон кинофестиваль уыд, уым не´мбæстаг нæлгоймаджы роль хуыздæр кæй ахъазыд, уый тыххæй райста фыццаг, Киевы Æппæтцæдисон кинофестивалы та – дыккаг преми. Фирдоусийы генион поэмæ «Шахнаме»-мæ гæсгæ арæзт кинонывты тых-хæй Уататы Бибойæн радтой Таджикистаны Рудакийы номыл Паддзахадон преми.

Махæй алчидæр  зоны,  Бибо Чермены роль куыд дæсны æмæ арæхстджынæй сарæзта, уый.  Актер тыхджын аивадон ахорæнтæ æмæ фæрæзтæй равдыста ирон адæмон хъæбатыры стыр сгуыхтдзинæдтæ мæгуыр адæмы сæрыл тохы, йæ æнæкæрон зæрдæхæлардзинад æмæ хъæздыг мид-дуне.

Нæрæмон удыхъæд уыд ирон курдиатджын артист Бибойæн. Æнæнцой уыд æдзухдæр йе сфæлдыстадон уæлтæмæн. Бирæ фæндтæ уыд йæ зæрдæйы. Тынг æй фæндыд ирон кинематографы исты саразынмæ.  Ахуыр кæнынмæ дæр ма бацыд Госкинойы режиссерты дыууæазон уæлдæр курсытæм. Каст сæ куы фæци, уæд хъуамæ  Æфхæрдты Хæсанæйы тыххæй райдыдтаид аивадон киноныв исын. Сценари дæр ын ныффыстой. Уый фæстæ та исынвæнд кодта Нарты Сос-ланы  æмæ ирон адæмон хъæбатыртыл.

Фæлæ  цы загъдæуа хъысмæтæн … Йæ цард ын æрдæгыл аскъуыдта, 9 майы 2000 азы ацыд йæ цардæй. Ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы Намысы Аллейæйы.

Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæ Хъæрджынты Варяйы сфæлдыстадон биографи у  тынг ирд æмæ хъæздыг.  Йе стыр курдиаты фæрцы уый ирон аивад бæлвырд фæхъæздыгдæр кодта.  Йæ сурæттæй бирæтæ бацыдысты театры хæзнадонмæ. Варяйы сценикон куыст æмæ фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнынц кæстæр артисттæ. Театры размæ цы егъау хæстæ лæууыд, уыдон тынг хорз æмбæрста Варя. Ног роль-иу ын куы бахæс кодтой, уæд-иу архайдта ууыл, цæмæй базона, арф бамбара сурæты бынат пьесæйы, йæ зондахаст, йæ миддуне, йæ размæ цы хæстæ лæууы. Алы хатт дæр архайдта сурæтæн сæрмагонд сценикон фæрæзтæ ссарыныл. Канд стыр рольтыл нæ, фæлæ хæрз чысылтыл дæр куыста  йе ‘ппæт хъарутæй  æмæ сæ кæддæриддæр арæзта бæстон  æмæ биноныг.

Уæлдæр цы дæсны актерты кой скодтон, уыдон се стыр сценикон дæсныйадæй, сæ сыгъдæгдзинадæй, сæ цæргæйæ самадтой Ирыстоны бæстастæу рæсугъд æнусон фидар – Ирон  театр. Мах, æрыгон фæлтæр, уырдæм цæуæм æмæ цæудзыстæм  дзуармæ цæуæгау æмæ мысдзыстæм нæ дзæнæты бадинаг Тæбæхсæуты Балойы, Уататы Бибойы, Хъæрджынты Варварæйы, Саламты Къолайы, Годжыцаты Исахъы æмæ бирæ бирæ æндæрты… Уыдон Æрфæны фæдау æрттивгæйæ, арфæйагæй ныууагътой сæ рухс ном фидæны фæлтæртæн.

МАГКОТЫ Иринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.