Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады боны цытæн нæ республикæйы ахуырадон æмæ культурон уагдæтты æрвылаз дæр уагъд æрцæуынц алыгъуызон мадзæлттæ. Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ уыдоны руаджы æвзонг фæлтæр, Ирыстоны фидæн аразджытæ базонгæ вæййынц сæ ныййарджытæ, сæ дадатæ æмæ нанатæ 20 азы дæргъы цы уæззау фæндæгтыл рацыдысты, уыдоны тыххæй.

Иу ахæм мадзал уагъд æрцыд нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы. Уагдоны кусджытæ сæ директор Тототы Ленæйы сæргълæудæй ацы нысаниуæгджын боны цытæн бацæттæ кодтой сæрмагонд къуым, цыран æвæрд æрцыдысты, 1989 азы 23-æм ноябры тыххæй дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ газетты фæрстыл цы æрмæджытæ ныммыхуыр кодтой, уыдон. Афтæ ма къуымы æвæрд æрцыдысты гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы æрцæугæ уæззау цаутыл фыст чингуытæ дæр. 20-æм ноябры Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ хъайтардзинады урок ауагътой се ‘взонг чиныгкæсджытæн. Уырдæм æрбацæуæг нæ горæты скъолаты ахуыргæнинæгтæ стыр цымыдисæй байхъуыстой, 23-æм ноябры ирон хъæбатыр лæппутæ цы æхсардзинад равдыстой, уыцы хабæрттæм.

28 азы размæ 1989 азы 23 ноябры райдыдта Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агресси.  Уæд Гуырдзыстоны къухдариуæгад бафæлвæрдта хуссарирыстойнаг адæмы ныхмæ фыццаг æргом интервенци саразыныл. Ацы сырдон акцийы организатортæ хъавыдысты ирæтты сæ райгуырæн зæххæй фæсурынмæ. Фæлæ сын уыцы æлгъаг ми саразын нæ бантыст. Сæ райгуырæн горæт æмæ сабыр цæрджыты бахъахъхъæныны сæраппонд сæ ныхмæ æрлæууыдысты иу къорд æнæхотых ирон лæппуйы. Уыдон кæрæдзийы къухтыл ныххæцгæйæ æрæхгæдтой горæтмæ æрбацæуæн фæндаг, æмæ не ‘рбауагътой знаджы мидæмæ. Афтæмæй Хуссар Ирыстоны Паддзахадæн бындур æвæрд æрцыд 1989 азы 23 ноябры. Уыцы боны хабæрттыл дзырдтой   библиотекæйы кусджытæ.

Уагдоны директоры ныхæстæм гæсгæ ацы къуым æвæрд уыдзæн библиотекæйы æмæ æвзонг чиныгкæсджытæ зонгæ кæндзысты нæ хъæбатыр лæппуты æхсардзинадимæ.

Ахæм мадзæлттæ хъæуы арæхдæр уадзын, цæмæй ма ферох уой, гуырдзиæгтæ ирон адæмæн цы сырдон митæ фæарæзтой, уыдон. Хъуамæ рæзгæ фæлтæр зоной, ахæм нысаниуæгджын бонты æмæ сын абоны сæрибардзинад чи æрхаста, уыцы лæппуты æнæмæлгæ сгуыхтдзинæдты тыххæй. Уадз, рæзгæ фæлтæр зоной, абон хæдбар Ирыстоны сæрибарæй цы сæрæнгуырдты  руаджы цæрынц, уыдоны тыххæй. Махæй алчи дæр хæсджын у, цæмæй Ирыстоны сæрибардзинады сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдоны нæмттæ хъуыды кæнæм цæрæнбонтæм. Уадз, Ирыстон нырæй фæстæмæ хызт уæд ахæм фыдбылызтæй!

Джиоты Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.