Уыцы бон æрмæст æз нæ, фæлæ ма Дменисы хъæууон клубмæ чи ‘рбацыд, цæугæ та æрбакодта бирæ адæм, уыдон се ‘ппæт дæр æнкъардтой стыр æхцондзинад æмæ сæрæстырдзинад. Уымæн æмæ клубы кæд нырмæ дæр уагътой алыгъуызон мадзæлттæ, уæддæр æм 2008 азæй фæстæмæ, гуырдзиаг фыдгæнджытæ Ирыстоны сабыр, дзаджджын æмæ адджын цард куы фехæлдтой, уæдæй фæстæмæ уыйбæрц адæм никуыуал æрцыд. Аннæмæй та уымæн, æмæ дменисæгтæ нысан кодтой се ‘мзæххон æмæ уарзон адæймаг, поэт, публицист æмæ журналист Икъаты Владимиры мысæн юбилейон бон.

– Владимир кæд райгуырд Цхинвалы районы Соцъийы хъæуы, цæуын æмæ дзурын дæр базыдта уым, уæддæр ын Соцъийау адджын æмæ уарзон уыдысты Дменис æмæ дменисæгтæ, – загъта мадзал байгомгæнæг Джиголаты Заремæ. Æмæ, æцæгæйдæр, Владимир æцæг уарзтæй уарзта æмæ кад кодта куыд Соцъи æмæ соцъийæгтæн, афтæ Дменис æмæ дменисæгтæн дæр.

Заремæ ма цыбыртæй æрдзырдта Владимиры цард, архайд æмæ сфæлдыстады тыххæй. Уый фæстæ ныхасы бар радта Ирыстоны фысджыты æмсæрдар Хъазиты Мелитонæн.

– Фæнды йæ æмбæхсæм, фæнды – ма, уæддæр адæмы ‘хсæн ис ахæм æмбарынад, зæгъгæ,  кæд дын ничи ис, нæй дын феххуысгæнæг, уæд дæхæдæг дæр ничи уыдзынæ. Уый, чизоны кæмдæрты раст у, кæмдæрты та – нæ. Владимирæн нæ уыд æххуысгæнæг, фæлæ йын аразын цы бантыст, уыдон иууылдæр сты йæхи тых, арæхстдзинад æмæ хъаруйы фæрцы æмæ йæ адæм дæр, æвæццæгæн, уымæн фылдæр уарзынц, – банысан кодта Мелитон.

Мелитон ма банысан кодта уый дæр, æмæ кæд кæстæр уыд Владимирæй,  уæддæр нæ уыд ахæм бон æмæ ма ‘мбæлдаиккой, ма фæныхас кодтаиккой се сфæлдыстадон куыст, сæ Ирыстон, бинонтау бирæ кæй уарзынц, уыцы адæмыл.

– Владимир нæниз æмæ хъæддых уыд, – дарддæр дзырдта Мелитон, – фæлæ йæ бадомдтой Ирыстоны уæззау бонтæ. Фæцудыдта йе ‘нæниздзинад. Бирæ чидæртæ йæ фæдзæхста, дзырдтой йын, цæмæй фæхæца йæхиуыл, алцы зæрдæмæ ма иса афтæ ‘ввахс, фæлæ, Ирыстон æмæ ирон адæмы сæрвæлтау йæ разы цы хæстæ æвæрдта, уыдон къаддæры бæсты кодтой фылдæр. Æгæрæстæмæй, йæ ныфс ахаста Мæскуымæ дæр. Ссардта фадæттæ, гæнæнтæ æмæ фембæлд Советон Цæдисы сæйраг советы депутаттимæ, ра-дзырдта æмæ сын æмбарын кодта, Ирыстон æмæ ирон адæм цахæм уæззау æмæ зын уавæрты цæрынц, уый.

Владимирæн йæ Ирыстон æмæ адæммæ ахæм ахастытæ кæй уыдис, уый æнæмбаргæ нæ уыдысты адæм æмæ йын кодтой æмбæлон кад дæр. Уый та фæбæрæг, куы фæзиан, уæд. Æрцыд бирæ адæм æмæ йæ фæндараст кодтой уæззау цæссыгтимæ. Адæмæй иутæ æрцыдысты Владимиримæ сæхи хорз ахастыты тыххæй, аннæтæ та – сæ сывæллæтты тыххæй. Уымæн æмæ Владимир бирæ уарзта сывæллæтты æмæ йæ уыдон дæр уарзтой, зæрдæмæдзæугæ æмдзæвгæтæ сын кæй фыста, уый тыххæй.

Кæронбæттæны ма Мелитон банысан кодта, зæгъгæ, йæ адæмы æмæ йæ Ирыстоны уыйбæрц чи уарзта, уыцы æмбæстаг йæ адæм æмæ йæ Ирыстонæй рох никуы уыдзæн, мысдзысты йын æнустæм йæ рухс ном.

Мысæн боны ма раныхас кодта поэты чызг Икъаты Мадинæ, йæ хо Икъаты Ануси æмæ Дменисы Администрацийы нымæрдар Дзанайты Заретæ. Уыдон банысан кодтой, Владимир æрмæст хорз поэт æмæ æмбæстаг кæй нæ уыд, фæлæ ма кæй уыд хорз фыд, æфсымæр æмæ сыхаг дæр.

Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ Владимир сывæллæтты цас уарзта, уыйбæрц уарзт æм равдыстой Дменисы сывæллæтты рæвдауæндоны сывæллæттæ сæхæдæг дæр. Уыдон мадзалы аив æмæ рæсугъд дзырдтой æмæ кастысты Владимиры фыст æмдзæвгæтæ. Уæлдай хуыздæр та йын сæххæст кодтой йæ зарджытæй цалдæр.

Сæ арæхстдзинады тыххæй раппæлын æмбæлы Дменисы хæдархайгæ аивадон къорды уæнгтæй, сæ къухдариуæггæнæг Козаты Радион. Уыдонæн алы ирон кафты фæстæ дæр кодтой дæргъвæтин къухæмдзæгъд.

Мадзалмæ æрцæуджыты зæрдæтæ ма йæ рæсугъд зарджытæй барухс кодта Владимиры æфсымæры лæппу, зарæггæнæг Икъаты Ибрагим дæр.

Гæззаты Иван  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.