Нæ горæттаг лæппу Бестауты Алан ссис  æрыгæтты ‘хсæн Европæйы чемпион.

Ерыстæ уагъд цæуынц Италийы. Бестауы фырт ссис уæлахиздзау 110 кг уæзы категорийы. Йæ ныхмæлæуджытæ, тренер Хъоцыты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, уыдысты зындгонд хъæбысæйхæцджытæ, фæлæ хуссарирыстойнаг спортсмен æппæт тохтæ дæр рамбылдта фылдæр очкотæ райсгæйæ.

«Хорз тохтæ фенын кодта не спортсмен, иу балл дæр нæ радта йæ ныхмæлæуджытæн. Турниры иумæйаг хыгъдмæ гæсгæ Бестауы фырт рамбылдта 32:0. Æдæппæтæй йын уыд цыппар тохы, уыдонæй æртæ, уыцы нымæцы финалон, уый рамбылдта æмгъуыдæй раздæр 10:0 хыгъдæй. Финалмæ рахизыныл Бестауы фырт тох кодта гуырдзиагимæ, кæцы тох кодта Украинæйы номæй, æмæ йыл фæуæлахиз ис 2:0 хыгъдæй, финалы та тох кодта болгариаг спортсмен Георгий Любомировимæ æмæ та фенын кодта хорз тох», – радзырдта тренер.

Хъоцыйы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй хуссарирыстойнаг хъæбысæй-хæцджытæн рагæй нæ уыд ахæм фæстиуджытæ Европæйаг ерысты.

«Хуссарирыстойнаг хъæбысхæцджытæ раздæр дæр тох кодтой Европæйы фыццаг бынатыл, фæлæ уый тынг раджы уыд. Фæстаг азты Хуссар Ирыстонæй никæмæн бантыст уым хайад райсын», – банысан кодта тренер.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.