Ирон адæм буц æмæ сæрыстыр кæмæй сты уыцы бирæнымæц æмбæстæгтæй иу у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтар, Знауыры районы Тигъуайы хъæуы цæрæг Цхуырбаты Иван. Иваны ном æрымысыны сæраппонд 27 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы ветеранты Советы уæнгтæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Афганистаны хæсты хайадисджытæ, куысты æмæ фæллойы ветерантæ, Знауыры поселокмæ цæугæйæ, баздæхтысты æмæ дидинтæ сæвæрдтой Къостайыхъæуæй хæстмæ чи ацыдысты, йæ адæм æмæ Фыдыбæстæ знагæй бахъахъхъæныны сæраппонд сæ сæртæ чи рхастой, уыцы хæстонты цыртыл.

Ветерантæн раарфæ кодта Къостайыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Гæбæраты Барис. Загъта сын, цæмæй уой æнæниз æмæ амондджын радзырдта, цырт куыд æмæ цы амæлттæй арæзт цыдис, уый тыххæй.

Къостайыхъæуы скъолайы ахуыргæнæг Хуыбиаты Зоя та уазджытæн æмæ скъолайы ахуыргæнинæгтæн радзырдта, зæгъгæ, кæд Къостайыхъæу Стыр Фыдыбæстæйон хæсты размæ уыд бирæ чысылдæр, уæддæр дзы хæстмæ ацыд 150 хæстхъом лæппуйæ фылдæр. Фæстæмæ ма дзы, алыгъуызон хорзæхтимæ, цæфтæ æмæ инвалидтæй æрыздæхт æрмæстддæр 44 хæстоны. Банысан ма кодта, зæгъгæ, хъæуы цалдæр хæдзарæй хæстмæ ацыдысты æртыгай хæстхъом лæппутæй. Зоя ма загъта, зæгъгæ, кæд цырт аив арæзт у, уæддæр ын йæ алыварс хъæуы схæрзарæзт кæнын. Ныссадзын дзы хъæуы декоративон бæлæсты талатæ, алыгъуызон къутæртæ, дидинджытæ.

– Мæнæ цы цырты раз лæууæм, уый кæй номыл арæзт у, уыдон, æцæгæйдæр, сты стыр кады аккаг, – зæгъы ацы хъæуы цæрæг, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайадисæг, цалдæр паддзахадон хорзæхы хицау Мамиты Æхсар. – Æз сæ иууылдæр зыдтон æмæ сæ абон дæр хъуыды кæнын. Уыдон æфсæддон къамисариатмæ, стæй та фронтмæ цыдысты сæхи разæнгардæй. Хæсты быдырæй дæр  кæрæдзийæн хъусын кодтам нæ хæстон архайдыты æмæ хъæбатырдзинæды тыххæй, – дзырдта Æхсар.

Хæсты размæ дæр, Æхсар куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, æппæт хъуыддæгты дæр уыдысты активон. Абон Цхинвалæй Къостайыхъæумæ фæндаджы дыууæ фæрсты цы бæлæстæ ис, уыдоны дæр, зæгъгæ, ныссагътой уыдон. Æмæ сæ æрмæст садзгæ нæ, фæлæ ма сæм дардтой сæ хъус, хус рæстæджыты сæм уæрдæттыл ластой дон дæр.

Йæ раныхасы РХИ-йы Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæм дзæвгар фæхуыздæр нæ хъусдард. Сæ номыл цалдæр хъæуы арæзт æрцыдис цыртытæ. Абон нæ паддзахады стæм хъæу разындзæнис, цырт арæзт кæм нæй. Уымæй дарддæр ма сæ номыл уадзæм алыгъуызон мадзæлттæ. Ахæм ахаст сæм кæй дарæм уымæй кæнæм раст. Уымæн æмæ йæ Фыдыбæстæйы, йæ адæмы истори чи нæ зоны,чи нæ йын аргъ кæны, уыдонæн сомбон дæр нæй.

Ветеранты Советы сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз та ветерантæн балæвар кодта гуырдзыйы агрессийы азты фæмардуæвæг хæстонты тыххæй арæзт чиныг «Большая трагедя маленкого народа».

Уый фæстæ Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ хæстон æмæ патриотикон те-мæтыл ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл кастысты æмдзæвгæтæ, сæххæст ма кодтой цалдæр зарæджы.

Мадзал ахæм рауад Знауыры поселочы дæр. Ам та ветерантæ æмæ Знауыры астæуккаг скъолайы ахургæнинæгтæ дидинджытæ сæвæрдтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтар Цхуырбаты Иваны цырты раз. Мадзалы хайад райста Знауыры администрацийы сæргълæууæг Гæбæраты Инал дæр.

Куыд Къостайыхъæуы, афтæ ам дæр Знауыры астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ районы культурæйы хæдзары аивадон къордтæ ветерантæн равдыстой концерт.

Концерты фæстæ ацыдысты, Иван кæм райгуырд æмæ схъомыл, уыцы хъæу Тигъуамæ, бацыдысты ацы хъæуы Мады Майрæмы аргъуанмæ дæр.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.