РХИ-йы Парламенты экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комиет йæ рабадты æруынаффæ кодта «Æппæтиумæйаг хъæууонхæдзарадон сфысты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проектыл. Комитеты сæрдар Джиоты Инал куыд банысан кодта, афтæмæй закъоны проект бакуыста æмæ йæ Парламентмæ бавдыста РХИ-йы Хицауад. Йемæ сты æппæт хъæуæг хатдзæгтæ. «Закъоны проект лæвæрд æрцыд æппæт парламентон комитеттæм, кæцытæ бавдыстой сæ хатдзæгтæ æмæ фæндæттæ. Йæ фиппаинæгтæ загъта РХИ-йы Парламенты контролон-барадон управлени дæр», – загъта Джиоты Инал.

Закъоны проектыл бакусыны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй депутатты раз раныхас кодта Статистикæйы паддзахадон управленийы къухдариуæггæнæг Тыбылты Инал.

«Æппæтиумæйаг хъæууонхæдзарадон сфысты тыххæй» закъоны проект райсыны æнæмæнгхъæуындзинад уый тыххæй фæзынд, æмæ исын кæй хъæуы хъæууонхæдзарадон зонæнтæ, кæцыты нæй райсæн хъæууон хæдзарадæй информаци æмбырд кæныны стандартон методикæйы руаджы. Æввахс рæстæджы хъæууон хæдзарады министрад бакусдзæн хъæууон хæдзарады рæзты концепцийыл æмæ уымæн та саразæн нæй, ацы закъоны проект ист куынæ æрцæуа, уæд», – загъта Тыбылы фырт.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, закъоны проекты æвдыст æрцыдысты æппæтиумæйаг хъæууонхæдзарадон сфыст ауадзыны сæйрагдæр принциптæ. Цæвиттон, æппæтиумæйаг хъæууонхæдзарадон сфысты рæстæджы цы зонæнтæ райстæуа, уыдонæй пайда цæудзæн æрмæстдæр хъæууон хæдзарады сæйраг характеристикæты æмæ структурæйы тыххæй паддзахадон информацион ресурстæ бæстон кæныны нысæнттæн.

Афтæ ма бæлвырд цæуынц сфысты объекттæ дæр. Уыдон сты, хъæууонхæдзарадон продукцийы æркондæн кæмæй пайда чындæуы, ахæм зæххы фадгуыты хицæуттæ, пайдагæнджытæ кæнæ арендатортæ, гъе та хъæууонхæдзарадон цæрæгойтæ чи дарынц, уыцы юридикон æмæ физикон цæсгæмттæ. Уый фадат ратдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады кусджыты æппæт категориты дæр сфыстмæ бахæссын.

Тыбылты Иналы ныхæстæм гæсгæ «Æппæтиумæйаг хъæууонхæдзарадон сфысты тыххæй» закъон райсынæй арæзт æрцæудзæн æнæмæнгхъæуæг нормативон-барадон базæ, кæцы ифтонг кæндзæн хъæууонхæдзарадон продукци уадзджыты æмæ паддзахадон хицауиуæгады ‘хсæн ахастытæ бæстон кæнын.

Рабадты ма уынаффæ цыд хæдзарон цæрæгойтыл биркæтæ кæныны фæдыл. Ацы фарсты фæдыл йæ хъуыдытæ загъта РХИ-йы хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев. «Хæдзарон цæрæгойыл нысан æвæрын у æнæмæнг хъуыддаг фермæты ветеринарон хынцынады. Нырмæ мах дырысæй ницы зыдтам хæдзарон цæрæгойты æнæниздзинады тыххæй, фæлæ ныр ацы процедурæ уагъд куы æрцæуа, уæд хынцыд цæудзысты фермерты фос. Алы цæрæгойæн дæр арæзт æрцæудзæн анкетæ, цыран нысан цæудзæнис йе ‘нæниздзинады уавæр, зонæнтæ йæ басгæрсты æмæ йын цы низты ныхмæ хос кодтой, уыдæттæ», – загъта уый. Министр ма банысан кодта, зæгъгæ, хæдзарон цæрæгойтыл ницы хъалон æвæрд цæудзæнис æмæ сын нысæнттæ кæй кæндзысты, уымæн хъалонмæ æппындæр ницы ахаст ис, ис ын æрмæстдæр профилактикон нысан.

Рабадты депутаттæ райстой уынаффæ, цæмæй закъоны проект, æппæт фиппаинæгтæ æмæ баххæсткæнинæгтæ бахынцгæйæ, æркæсынмæ хаст æрцæуа РХИ-йы Парламенты Президиумы рабадтмæ.

Комитеты рабадты хайад райстой депутаттæ Бесаты Зитæ, Дзукъаты Вилорд, Тасойты Барис, Бæззаты Вадим æмæ Къозонты Алан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.