18 сентябры УФ-йы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ Хуссар Ирыстоны территорийыл уадзыны рæстæджы æдасдзинад æмæ барвæтк сифтонг кæныны, афтæ ма 20 сентябры республикæйы Хæдбардзинады бонмæ цæттæ кæныны æмæ æндæр фарстытыл 12 сентябры уынаффæ цыдис республикæйы Президентмæ æмбырды, цыран хайад райстой тыхон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ.

«Нæ республикæ кæддæриддæр уыдис Уæрæсейы хæлар æмæ æмцæдисон. Мах кæддæриддæр хæцыдыстæм, уыцы ахастыты æвварс æмæ сæ фидардæр кодтам. Нæ республикæйы цæрынц 25 мин уæрæсейаг æмбæстагæй фылдæр, кæцытæн сæ фылдæр хай сты Хуссар Ирыстоны цæрджытæ  дывæр æмбæстагдзинад кæмæ ис, ахæмтæ. Æмæ абон, куыд раздæры азты, афтæ мах хъуамæ равдисæм максималон активондзинад æмæ æмбæстагон позици», – загъта Президент.

Тыбылты Леонид æрсидт барадхъахъхъæнæг органты къухдариуæггæнджытæм, цæмæй бакусой æппæт фарстытыл дæр хъæлæс дæттыны бонты æппæт фадгуыты барвæтк æмæ æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мураты ныхæстæм гæсгæ Президенты барамындмæ гæсгæ арæзт æрцыд къамис, кæцы æххуыс кæны РХИ-йы уæрæсейаг минæварадæн нæ республикæйы территорийыл æвзæрстытæ ауадзынæн.

Тыхон структурæты раз ма Президент цы хæс æрæвæрдта, уый хаудис 20 сентябры республикæйы сырæзтыл 26 азы сæххæсты бонты барвæтк æмæ æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл иууон план бакусынмæ.

Президентæн фехъусын кодтой Хахъхъæнынады министрады æмæ æндæр æнгæс ведомствоты парадон расчетты цæттæдзинады тыххæй, кæцытæ уыцы бон рацæудзысты парады.

Хъахъхъæнынады министрады хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагимы ныхæстæм гæсгæ «æфсады æнæ исты цаутæ æрцæугæйæ уагъд цæуынц æфсæддон тренировкæтæ».

Афтæ ма Гассеты Ибрагим сæйраг командæгæнæгæн фехъусын кодта 16 сентябры дунеон æфсæддон-техникон форум «Армия-2016»-ы хайадисты тыххæй, кæцыйы организатор уыдис УФ-йы Хъахъхъæнынады министрад.

«Форумы куыстой дунейы 80 бæстæйæ фылдæры минæвæрттæ, 35 уыдонæй уыдысты официалон делегацитæ. 13 паддзахады делегациты уыдысты æфсæддон ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, 22 делегацийы сæргъ та лæууыдысты генералон штабты хистæртæ æмæ Хъахъхъæнынады министры хæдивджытæ. Уазджыты иумæйаг бæрц æфсæддон делегациты сконды уыдис 260 адæймагæй фылдæр», – загъта уый.

Æмбырды ма байхъуыстæуыд, уый размæ æмбырдты цы хæслæвæрдтæ радтæуыд, уыдоны тыххæй информацимæ. Уыцы хæслæвæртты ‘хсæн уыдис Леуахийы цæугæдоны донæй Дзауы районы Бузалайы хъæуæй Цхинвалы горæтмæ анализтæ саразын.

«Ацы фарст, кæд афтæ зыны æмæ фылдæр хауы æндæр къабæзты къухдариуæггæнджытæм, уæддæр мæ фæнды сымахимæ йыл æруынаффæ кæнын. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ ам дзырд цæуы не ‘мбæстæгты æдасдзинадыл, кæцыты тыххæй дзуапп дæтты махæй алчидæр, фыццаг рады та æз, куыд паддзахады сæргълæууæг, афтæ. Фарст хуымæтæджы нæу, фæлæ дзы тæрсгæ ма кæнæм æмæ аххосæгты зæгъæм. Афтæмæй йæ æнцондæр уыдзæн аскъуыддзаг кæнын», – загъта Президент.

Президенты Администрацийы контролон управленийы къухдариуæггæнæг Къодоты Таймураз куыд бамбарын кодта, афтæмæй ацы хæслæвæрд æрвыст æрцыд республикæйы хицауадмæ.

РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментийы ныхæстæм гæсгæ ацы фарст ахуыр æрцыд æмæ радтæуыд конкретон хæслæвæрдтæ.

«Æцæгæйдæр, бæлвырд æрцыд, Леуахийы цæугæдон кæй счъизи, уыцы факт. Ныридæгæн раргом сты уыцы объекттæ, цæугæдонмæ уыцы чъизитæ кæцæй хауынц. Æппæт фарстытæ дæр райдыдтам  скъуыддзаг кæнын кусæгон уавæры», – йæ ныхасмæ бафтыдта премьер-министр.

Ноджы ма иу фарст, кæцы баст у цæугæдоны чъизи кæнынмæ – хаудис хуыты африкæйаг йемынæ парахат кæнынмæ.  Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ республикæйы Генералон прокуратурæ, Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг куыд бамбарын кодта, афтæмæй ацы фарсты фæдыл бакодта дыууæ уголовон хъуыддаджы цалдæр фермермæ ахасты, кæцытæ фехæлдтой ветеринарон домæнтæ.

Дзæгъиаты Уырызмæджы ныхæстæм гæсгæ уыцы фермертæ цæугæдоны баппæрстой, африкæйаг йемынæйæ рынчын чи уыдысты, ахæм хуыты  мæрдтæ.

Æмбырды ма æруынаффæ кодтой, ацы низ парахат кæныны ныхмæ цахæм тох цæуы, ууыл. Цхинвал æмæ Дзауы районты администрациты сæргълæуджытæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ветеринарон службæты зонæнтæм гæсгæ низ ногæй бахæцæны факттæ нал рабæрæг сты.

Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ мадзæлттæ ист цæуынц,  машинæ нозтджынæй чи скъæрынц, ахæм шофыртæ рабæрæг кæнын æмæ сæ ныхмæ мадзæлттæ исыны фæдыл.

РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсары ныхæстæм гæсгæ, регулярон æгъдауæй кæй уадзынц, уыцы рейдон мадзæлттæ ахъаз кæнынц республикæйы фæндæгтыл фæндагон-транспортон цаутæ къаддæр кæнынæн.

«Фæлæ рулы фарсмæ нозтджынæй бадыны факттæн нырма бынат ис. Ахæм шофыртæ, кæй зæгъын æй хъæуы, урæд æрцæуынц æмæ дзуапп раттынц закъонмæ гæсгæ», – йæ ныхасмæ бафтыдта Лæууойы фырт.

Республикæйы Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Хуыгаты Илонæ   куыд банысан кодта, афтæмæй тæрхондæтты бирæ ис ахæм хъуыддæгтæ.

«Цæуы стыр куыст, бирæтыл æрцыдис тæрхон, кæнæ та сын æристæуыд машинæ скъæрыны бартæ. Мах хъæуы бакусын цалдæр дохтыры квалификаци фæивыны фарстыл, кæцытæн сæ бон уыдзæн, нозтджынæй кæй æруромынц, ахæм шофырты басгарын. Тæрхондонон практикæйы уыдонæн хъæуы æмбæлон бар», – загъта уый.

Президент бахæс кодта, цæмæй ацы фарст рахаст æрцæуа хицауадмæ æмæ фæрæзтæ самалчындæуа, цæмæй дохтыртæ æрвыст æрцæуой сæ квалификаци фæивынмæ, афтæ ма лабораторийæн æнæмæнгхъæуæг ифтонггæрзтæ самал кæнынæн.

«Ацы фарст мæнæн у ахсджиаг. Æз нæ хъуыды кæнын æмæ хицауад не ссардзæн фадæттæ йæ аскъуыддзаг кæнынæн. Кæд æмæ нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ къаддæр кæнынц, уæддæр проблемæ нырма скъуыддзаг нæу. Уæ хъусдард уын здахын уымæ, æмæ бирæ къухдариуæггæнджытæ уымæй кæй сайынц. Фæлæ мах иууылдæр хъуамæ зонæм, закъоны раз иууылдæр æмхуызон кæй стæм», – загъта Президент.

Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар ракой кодта республикæйы æппæт æрцæуæг фыдракæндты тыххæй, уыцы нымæцы Дзауы районы Эрцъойы хъæуы лæгмарды тыххæй, кæцы æвзары Генералон прокуратурæ. Фæндагон-транспортон цауты ‘хсæн рахицæн кодта Знауыры районы æрцæугæ цау, кæцыйы цыппар бæлццонæй иу фæмард бынаты, иннæты фервæзын кодтой. Уыцы цау æрцыдис 3 сентябры Цхинвал-Знауыры трассæйыл Фарны хъæумæ хæстæг. Ацы æрцæугæ цауы тыххæй дзургæйæ, Уæлвæткон уавæрты министр Санахъоты Сергей фехъусын кодта, зæгъгæ,  машинæ басыгъд.

«Амондæн уыцы рæстæджы сæ иувæрсты рацæйцыд не ‘мкусæг – Знауыры поселочъы зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайы командир Сиукъаты Мурат. Йæ машинæ æруромгæйæ, уый балыгъд судзгæ машинæмæ æмæ уырдыгæй иста бæлццæтты. Уыцы рæстæджы ма уырдæм фæзынд нæ иннæ æмкусæг Джиоты Гоча дæр. Уæдмæ ардæм æрбацыдысты æндæр службæтæ дæр», – загъта министр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ айхъуыст ахæм информаци, зæгъгæ, Сиукъаты Мураты арвыстой Уæлвæткон уавæрты министрадæй.

«Айхъуыст ахæм информаци, цыма Сиукъаты Мураты куыстæй систой, зæгъгæ, уый у парти «Иууон Ирыстон»-ы уæнг. Æмæ, зæгъгæ, куыстæй йæ сисыны фæстæ бахауд рынчындонмæ. Афтæ гъе. Фыццаджыдæр, Сиукъаты Мурат куыстæй æрвыст не ‘рцыд, дыккаджы та, уый нæ уыдис æмæ ныр дæр нæй рынчындоны», – банысан кодта министр.

Кæронбæттæны Президент æмбырды хайадисджытæм æрсидт, цæмæй баххуыс кæной Тедеты æмæ Битеты бинонтæн, кæцытæ дæс боны размæ бахаудысты æвирхъау фæндагон-транспортон цауы. Уæд фæмард бинонты иу уæнг, æрыгон мад æмæ йæ астаздзыд чызг та сты уæззау уавæры.

«Не ‘мбæстæгтæн хъæуы æххуыс. Бæрæг нæу нырма цас операцитæ бахъæудзæн æмæ цас хос кæндзысты сæхицæн. Президентон фондæй мах самал кодтам фæрæзтæ, фæлæ уыдон фаг не сты. Цæй æмæ баххуыс кæнæм уыдонæн, цæмæй раздæхой цардмæ. Æз цæттæ дæн мæ куыстмыздæй фæрæзтæ рахицæн кæнын, мæ хъуыдымæ гæсгæ ахæм цæвиттон равдисдзыстут сымах дæр», – æрсидтис   Президент.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.