Цхинвалмæ æртæбонон кусæгон балцы æрцыд Воронежы областы Хицауады делегаци. Йе сконды сты Хицауады Сæрдары хæдивæг, УФ-йы Паддзахадон хицауиуæгады федералон органты цур Воронежы областы минæварады къухдариуæггæнæг Елена Фадеева, экономикон рæзты департаменты къухдариуæггæнæг Анатоли Букреев æмæ Воронежы горæтон Думæйы горæтон зылды сæргълæууæджы æххæстбарджын минæвар Плиты Маринæ.

Цхинвалмæ æрцæугæйæ воронежаг уазджытæ фембæлдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментиимæ. Фембæлды хайад райстой Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Тъехты Алан, УФ-йы РХИ-йы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр, экономикон рæзты министр Зæгъойты Вильям, хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Гуыцмæзты Маирбег.

Фембæлды ныхас цыд Хуссар Ирыстон æмæ Воронежы областы кæрæдзийæн пайдайы æмгуысткæнынады фарстатыл.

Уазджытæн зæрдæбынæй раарфæ кæнгæйæ, Хъуылымбегты Доменти ба-нысан кодта, зæгъгæ, кæддæриддæр æхсызгон у уæрæсейæгтимæ уазæгуарз Хуссар Ирыстоны зæххыл фем-бæлын.

«Иттæг æхсызгон мын у ацы фембæлд æмæ, Воронежы област æмæ Хуссар Ирыстонæн цымыдисон чи сты, ахæм фарстатыл æруынаффæ кæнын. Ныфс мæ ис, мах бирæ иумæйаг хъуыддæгтыл кæй æрдзурдзыстæм царды æндæр æмæ æндæр къабæзты. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ æрыгон республикæйы экономикæ нырма ныр рæзын райдыдта æмæ нæ хъæуы бирæ проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын, фæлæ æфсымæрон Уæрæсейы æххуысæй махæн ныридæгæн бантыст бирæ хъуыддæгтæ саразын: бакодтам æндидзынгæнæн куыстыты стыр гуырахст æмæ уый æмрæстæджы кусæм экономикæйы рæзты фарстытыл дæр. Ныфс мæ ис махæн кæй ис потенциал бирæвекторон æмкуысткæнынадæн, кæцымæ бацымыдис кæндзæн Воронежы област дæр», – банысан кодта уый.

Йæ рады Елена Фадеева бузныг загъта Хъуылымбегты Доментийæн фембæлыны фадат кæй радта, уый тыххæй æмæ нæ басусæг кодта Хуссар Ирыстонимæ фыццаг хатт базонгæ уæвгæйæ йæм цы диссаджы тæлмæнтæ сæвзæрыд, уыдоны.

«Мæн, кæй зæгъын æй хъæуы, дисы баппæрста уæ бæстæйы, йæ æрдзы рæсугъддзинад… Зæгъдзынæн уый æмæ бынтондæр кæй не ‘нкъардæуы, цы зындзинæдтæ бавзæрстат, уыдон – афтæ гармонион æгъдауæй алцыдæр зыны, – банысан кодта уый. – Æмæ мах бацархайдзыстæм æппæт дæр саразæм, цæмæй Хуссар Ирыстоны зæххыл ныууадзæм ирд фæд».

Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй Воронежы областимæ Хуссар Ирыстоны бастдзинæдтæ райдыдтой раджы, 2008 азæй та уыдон райстой интенсивон характер. Иууыл уæззаудæр рæстæджы Воронеж махæн бакодта æфсымæрон æххуыс – республикæмæ æрвыста бирæ гуманитарон æххуыс.

Бастдзинæдтæ фидар кæнынæн бирæбæрцæй маэстро Гергиты Валери кæй ахъаз кодта, уый зæрдыл æрлæууын кодта Гасситы Знауыр, кæцы ацы азы уалдзæджы йемæ уыдис æмæ фембæлдысты Воронежы областы губернатор Алексей Гордеевимæ. Фембæлды рæстæджы нысан æрцыдысты дарддæры æмгуысткæнынады иумæйаг здæхтытæ.

Хъуылымбегты Доменти зæрдæбын бузныджы ныхæстæ загъта Алексей Гордеев æмæ Гергиты Валерийæн Хуссар Ирыстон æмæ Воронежы областы ‘хсæн хæлардзинад фидар кæныны тыххæй.

Дарддæр делегацийы уæнгтæ радзырдтой областы фадæтты тыххæй, банысан кодтой иууыл размæдзыддæр къабæзты, кæцыты фæлгæтты гæнæн ис кæрæдзийæн пайдайы дыууæфарсон æмгуысткæнынад кæнын. Цы æнтыстытæ сын ис, уыдоны нымæцты æмæ факттæй радзырдта Анаолий Букреев. Уæрæсейы Федерацийы субъекттæй экономикон æгъдауæй иууыл раззагондæртæй сæ иу уæвгæйæ, Воронежы област гæнæн ис сæрыстыр уа бæрзонд инвестицион химæлвастдзинадæй, медицинæ æмæ ахуырады, машинæарæзтад æмæ электронон сæудæджерады, хъæууон хæдзарад æмæ амалиуæгадон архайды æмвæзадæй. Букреев куыд банысан кодта, афтæмæй Воронежы областы экономикон бæрæггæнæнтæ бирæ хатты сырæзтысты, губернаторы  бынатмæ Алексей Гордеев нысан куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ.

Æппæт ранымад къабæзты воронежæгтæ ныфс бавæрдтой се ‘ххуыс æмæ фарсхæцынадæй.

Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ,  воронежæгтæм æнæдызæрдыгæй ис цы фæлтæрддзинад райсæм, уый æмæ йæ рады радзырдта республикæйы экономикон хиæдты тыххæй, банысан кодта, æмгуысткæнынад цы къабæзты райрæзынгæнæн ис, уыцы здæхтытæ. Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны хицауадты ‘хсæн базарады режимы тыххæй къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы сразыдзинад цы преференцитæ дæтты, уыдоны тыххæй.

Перспективон здæхтыты нымæцы уый ракодта хъæууон хæдзарады кой, сæрмагондæй, хъæрмадон хæдзарад æмæ фосдарды, туризмы, хæлцадон сæудæджерады, кæрæдзийæн пайдайы базары кой.

Фембæлды рæстæджы нысан æрцыдысты конкретон къахдзæфтæ фидæны проекттæ бакусыны фæдыл. Иумиаг архайдтыты дарддæры алгоритмыл уынаффæ кæнгæйæ, Анатолий Букреев банысан кодта, зæгъгæ, ахсджиаг у æмархайды тагъдыл механизмтæ ссарын, кæцытæ фадат ратдзысты бюрократон цæлхдуртæ аиуварс кæнынæн.

Фембæлды кæронбæттæны уазджытæ раарфæ кодтой хицауады сæргълæууæгæн зæрдиагæй сæ кæй айста æмæ сæ цæттæдзинад равдыстой республикæимæ бæстондæрæй базонгæ уæвын-мæ.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.