РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик фембæлд Приднестроваг Молдоваг Республикæйы делегациимæ, кæцы нæ республикæмæ æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадыл  9 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлттæм.

Делегацийы сæргълæууæг,  стратегион рæзты æмæ реформæты фарстыты фæдыл ПМР-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Алексей Цуркан банысан кодта, зæгъгæ йын æхсызгон у, Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыд, уый.

«Алыхатт дæр нын æхсызгон вæййы, уæ бæрæгбонон мадзæлтты нын хайад райсыны фадат куы фæвæййы, уый, уæлдайдæр та ахæм ахсджиаг цауты тыххæй. Ныртæккæ уыдыстæм музейы æмæ нæ зæрдæты баззадысты иууыл хъармдæр тæлмæнтæ… Мах фæндид Хуссар Ирыстонимæ иууыл æнгомдæр хъуыддагон æмæ культурон бастдзинæдтæ рæзын кæнын. Махмæ ис, алыгъуызон фадгуыты уын уæ разы цы рахæссæм, уыцы нымæцы IТ-технологиты къабазы дæр. Уырны мæ, эффективон æмгуыстад æрнывыл кæнынæн нын не ‘хсæн дæрддзæг ныхдур кæй не суыдзæн», – загъта Алексей Цуркан.

Йæ рады, Пухаты  Эрик хъарм ныхæстæ загъта уазджытæн æмæ радзырдта Хуссар Ирыстоны фадæтты тыххæй.

«Мах уæлдай хъусдард здахæм экономикæйы, хъæууон хæдзарады реалон секторы рæзтмæ, хæрзвадат инвестицион климат саразынмæ, тырнæм потенциалон инвесторы куыд материалон, афтæ барадон ахасты дæр сцымыдис кæнынмæ. Æмæ мæ фæнды банысан кæнын, махмæ ныридæгæн кæй ис цымыдисон реализацигонд проекттæ æмæ фидæны бакуыстытæ. Приднестровьеимæ махæн ис иууыл хъармдæр ахастытæ. Махæн иумиагæй бирæ ис куыд историйы, афтæ абоны боны дæр. Уымæ гæсгæ мæ уырны,  кæрæдзи кæй бамбардзыстæм æмæ кæй кусдзыстæм æмахастытæ сфидардæр кæныныл нæ адæмты фæрныгадæн», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Фембæлды ма уынаффæ цыд дыууæ республикæйы æмгуыстады перспективæтыл, уыцы нымæцы базарады, ахуырады, культурæйы къабæзты.

Фембæлды кæрон Алексей Цуркан бакаст ПМР-йы Хицауады Сæрдары арфæ æмæ Пухаты Эрикмæ радта зæрдылдарæн æвзист монетæ, кæцы рауагъта Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Национ банг.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.