Адæймаг цæрæн бынат куы февзары, хæдзар куы фелхæны, уæд фыццаг бафæрсы, сыхæгтæ цахæм сты, уымæй. Уымæн æмæ дæ сыхаг куы бæзза, уæд тыхст рæстæджы кæддæриддæр дæ фарсмæ балæудзæн æмæ дæм йе ‘ххуысы къух фæдардзæн, уымæй дæ цард фæрогдæр уыдзæн, фæлæ дæ сыхаг фыд адæймаг куы уа, уæд дын кæндзæн фыдмитæ, дæ цард кæндзæн æнад æмæ æндыгъд. Хъыгагæн, Хуссар Ирыстон ахæм æнаккаг сыхагæй хайджын у. Йæ  хуссайраг сыхаджы æрдыгæй уый бирæ æфхæрд баййæфта. Куыд йæ ногдæр историйы, афтæ йæ раг историйы дæр бирæ ис трагикон цаутæ, кæцытæ  сты Гуырдзыстоны æрдыгæй ирон адæмы геноциды æвдисæнтæ-символтæ.  Ахæмтæ сты Зары, Ереды, Цъинагары трагикон цаутæ, 13 коммунары фехст æмæ сæ ноджы чи фæнымайдзæн.

Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ гæрзифтонгæй цал хатты æрбабырста æмæ ирæтты скуынæг кæнын цал хатты фæлвæрдта, бирæтæ йæ уал геноциды хонынц, фæлæ мæнмæ гæсгæ, уыдон иу геноциды этаптæ сты æмæ уыдонæй иу этап уыд, ивгъуыд æнусы 20-æм азты Хуссар Ирыстонмæ меньшевикон Гуырдзыстоны æрбабырст.

1917-1921 азы раздæры Уæрæсейы империйы территорийыл æрцыд кардиналон æхсæнадон-политикон æмæ барадон ивындзинæдтæ, фæуæлахиз Октябры революци. Уæрæсейы империйы сконды уæвæг националон баиугæндтæй бирæтæ, уыцы нымæцы Фæскавказы республикæтæ Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Сомихстон спайда кодтой Уæрæсейы Советон Федеративон Республикæйы большевикты националон политикæйы бындурæвæрæг – националон хæдравзæрсты барты принципæй æмæ рахызтысты Советон Уæ-рæсейы скондæй. Уыдон Уæрæсейы æрдыгæй райстой хæдбардзинад æмæ систы суверенон паддзахадтæ  æхсæндунеон барады субъекттæ. Уæрæсейы Советон Федеративон Социалистон Республикæйы уыцы принцип хауд алы нацимæ дæр, фæлæ, хъыгагæн, Гуырдзыстоны меньшевикон къухдариуæгадæн уыд чысыл империон амбицитæ æмæ ирæттæ  дæр Уæрæсейы фæстæ Хуссар Ирыстоны территорийыл советон хицауад куы расидтысты, уæд уый, кæй зæгъын æй хъæуы,  Гуырдзыстоны меньшевикты зæрдæмæ нæ фæцыд. Уый фæстиуæгæн Жорданияйы меньшевикон хицауад сфæнд кодта ирæтты скуынæг кæнын, удæгасæй ма дзы чи баззайа, уыдон та сæ фыдæлты зæххытæй фæсурын.

«Иухатт скъуыддзаг æрцæуæд ирæтты фарст … иууылдæр сæ скуынæг кæныны фæстиуæгæн… Ис Гуырдзыстон, фæлæ нæй Хуссар Ирыстон», – йæ хæстонты Хуссар Ирыстонмæ æрвитгæйæ дзырдта тугмондаг Жордания.

Развæлгъау бацæттæгонд планмæ гæсгæ, 1920 азы 12 июны меньшевикты гвардионтæ Валикъо Джугъелийы сæргъ-лæудæй æрбабырстой Цхинвалмæ æртæ ‘рдыгæй  Тъбет, Ергнет æмæ Никозы æрдыгæй.  Хуссарирыстойнаг бархионты къордтæ æрлæууыдысты сæ разы. Тъбет æмæ Никозы æрдыгæй æрбабырсджыты ныхмæ фидар фæлæууыдысты æмæ сæ æрурæдтой. Цхинвалмæ скæсæнæрдыгæй бырсджыты ныхмæ дæр бæргæ лæууыдысты, фæлæ Джугъели йæ артиллери уырдæм бакалдта, йе ‘фсæдтонтæн та бардзырд радта, цæмæй арт бандзарой Прис, Згъудер, Ереды æмæ Дменисы хъæутыл. Хъæутæ судзын куы райдыдтой, уæд бархионтæй уыцы хъæуккæгтæ чи уыдысты, уыдон сæ бинонты аивæрзын кæнынмæ афæдис сты, афтæмæй горæтмæ æрбахизæны чи лæууыд, уыдоны нымæц бирæбæрцæй фæкъаддæр  æмæ знаг æрбатыдта Цхинвалмæ æмæ райдыдтой куынæг кæнын ирæтты, пырх кодтой, сыгътой сын сæ хæдзæртты. Сæ ныхмæ чи фæлæууыд, уыдонæй дарддæр ма не  ‘взæрстой нæ дæр сылгоймаг, нæдæр нæлгоймаг, нæдæр саби, нæдæр зæронды, сæ разы кæуыл хæст кодтой, уыдон мардтой.

Гуырдзыстоны меньшевикон хицауады æфсæддонтæ бырстой алы хæдзармæ дæр æмæ сæ пырх,  куынæг кодтой. Удæгасæй ма баззадысты, чи бамбæхст кæнæ хæхты ‘рдæм чи алыгъд, уыдон.

Уынгты тохты рæстæджы меньшевиктæ уацары систой 13 ныхмæлæууæг – коммунары. Коммунарты ‘хсæн уыд 16- аздзыд æнахъом лæппу дæр. Уыдон уыдысты: Уалыты Данел Никъалайы фырт, Уалыты Никъала Арчилы фырт, Цхуырбаты Гыдзыл  Зурабы фырт, Котолиты Никъала Дауыты фырт, Джиоты Андрей Гæбийы фырт, Ходты Пашка Дауыты фырт, Гобозты Соскъо Леуаны фырт, Тедеты Иван Раждены фырт, Цхуырбаты Тотыр Дурийы фырт, Дзеранты Бута Гаврилы фырт, Джиголаты Резо Дауыты фырт, Джиголаты Саша Никъалайы фырт æмæ Куымæридтаты Гиго Алыксандры фырт.

Уацайраг коммунарты бакодтой, абоны  зæронд хиды цур хæдзæрттæй иуы ныккæнды. 20 июны æхсæвы æртæ сахатыл сæ ракодтой уырдыгæй æмæ сæ куы фæцæйкодтой, уæд сæ коммунартæй сæ иу афарста, кæдæм сæ кæнынц, уымæй, уæд гвардионты дзуапп уыд, зæгъгæ, Гуры ахæстонмæ. Уацайрæгты Гурмæ нæ, фæлæ скодтой Цхинвалы сæрмæ Згъудеры къуылдыммæ. Уым сæм æнхъæлмæ кастысты  дохтыр Вацлав Херш æмæ сауджын Алекси Къванчъахадзе. Уым коммунартæн фехъусын кодтой, æхсты тæрхон сын кæй рахастой, уый. Гуырдзиаг гвардионтæ уацайрæгтæн сæхицæн хъуамæ скъахын кодтаиккой ингæнтæ, фæлæ уыдон ницы хуызы разы кодтой. Хæцæнгæрзты хъæдтæй дæр сæ надтой, фæлæ уæддæр куынæ сразы сты, уæд Цхинвалмæ арвыстой æмæ уырдыгæй стардтой бынæттон цæрджытæй  цалдæры. Цалынмæ уыдон  иумиаг ингæн къахтой, уæдмæ сбон. Коммунарты слæууын кодтой дыууæ рæнхъæй. Гвардионтæ æмæ коммунарты ‘хсæн уыд 25 къахдзæфы. Иуæй-иу азфысджытæ куыд фыссынц, афтæмæй коммунарты фехсыныл нал разы кодтой гвардионтæ, тбилисаг кусæг адæмæй кæй уыдысты, уый сæраппонд. Фæлæ ууыл хъуыддаг нæ банцад, Къасрадзе Гогия, Майсурадзе Ила, бынæттон меньшевиктæй цалдæр сæхи раразмæ кодтой коммунарты марынмæ. Уыдонимæ уыд Лохты Артем дæр, кæцыйы ном ирон адæмы ‘хсæн абон дæр у æлгъыстаг, националон уæйгæнæджы символ.

Сауджын уацайрæгтæн æфсонæн загъта, цæмæй сæ «фыдракæндыл» æрфæсмон кæной. Уый фæстæ Джиоты Андрей сæ марджытæм бадзырдта, цæмæй ма саразой фыдракæнд. Уæд лæгмартæй иу, æхсты командамæ дæр нал банхъæлмæ каст æмæ фехста Андрейы. Афтæмæй коммунартæй фыццаг фæмард Андрей. Уый фенгæйæ, æвзонг коммунар йæхи аппæрста хъæды ‘рдæм, алидзынмæ бæргæ хъавыд, фæлæ йæ бæхджын гвардион басырдта æмæ йæ амардта. Уый фæстæ фехстой иннæ коммунарты дæр.

Ацы фыдракæнд гуырдзиæгтæ уымæн сарæзтой, цæмæй фæтæрсын кæной куыд ирæтты, афтæ æндæр нацийы минæвæртты дæр. Коммунарты куы æхстой, уæд Майсурадзе Ила хъæр кодта, зæгъгæ, ирæтты куы ныццæгъда, уæд та сомихæгтæм æрæвналдзæн, сауджын Къванчъахадзе та хъæр кодта: «марут коммунистты æмæ ирæтты!». Уый дзурæг у ууыл, æмæ гуырдзиæгтæн сæ дины кусджытæ раджы дæр æмæ ныр дæр иууылдæр иу зондыл хæст сты, иууылдæр сты фысы цармы æмбæхст тугмондаг бирæгътæ.

Фæстæдæр Хуссар Ирыстоны территорийæ сырд æрцыдысты меньшевиктæ. Лохты Артемы амардтой фæмардуæвæг коммунарты хæстæджытæ.  Коммунарты чи фехста, уыдонæй чидæртæ фæмард сты тохты. Гуырдзыстоны советон хицауад куы фæуæлахиз, уæд ирæтты чи куынæг кодта, уыдонæй æфсонæн кæйдæрты ахсгæ дæр æркодтой æмæ сыл стæрхон кодтой. 13 коммунары цырт та абон махæн у дыууынæм æнусы 20-æм азты хуссарирыстойнаг адæмы геноциды æвдисæн.

Дæс боны дæргъы гуырдзиаг гвардионтæ Хуссар Ирыстоны арты хай фæкодтой, басыгътой æмæ ныппырх кодтой хъæуты, фæмард сты мингай адæймæгтæ, дæсгай минтæ та фæлыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ.

Бæлвырддæр зæгъгæйæ, уыцы геноциды рæстæджы фæмард 5279 адæй-маджы, уыцы нымæцы сылгоймæгтæ – 1375, сывæллæттæ – 1844. Фæмардуæвджытæй алы æртыккаг уыд сывæллон. Знаджы къухæй чи фæмард, лыгъды рæстæджы фæндæгтыл æнамонд цаутæй кæнæ низæй чи фæмард, уыдон æдæппæт уыдысты 15 мин адæймаджы, уый та у Хуссар Ирыстоны уæды цæрджыты 20 проценты. Уыдон нымæцмæ нæ бахаудысты, лигъдæттæ кæм æрцардысты, уым сæ тифæй æмæ æндæр низтæй чи фæмард, уыдон. Хуссар Ирыстонæн гуырдзиаг меньшевикон къухдариуæгад разиан кодта 3 милуан 317 мин сыгъзæрин сомы аргъ.

1920 азы хуссайраг ирæтты геноцид у раздæры Уæрæсейы империйы территорийыл масштабон æхсæнадæмон фыдракæнд, кæцы Гуырдзыстоны Демократон Республикæйы меньшевикон хицауад сарæзта хуссайраг ирæтты скуынæг кæныны нысанæн.

Фыццаг хатт геноциды факт паддзахадон æмвæзадыл нымад æрцыд 1990 азы «Хуссар Ирыстоны 1920 азы геноциды тыххæй деклараци» райсгæйæ. 2006 азы Хуссар Ирыстоны Парламент райста уынаффæ «1918-1920 азты цаутæн политикон аргъ скæныны тыххæй».

Абон дунейы бæстæтæй бирæтæ банымадтой, 1915 азы Турк сомихæгтæн цы геноцид сарæзта, уый. Æрæджы уый банымадта Германы парламент дæр. Фæлæ ирæтты геноциды хъуыды дæр æмæ йæ кой дæр ничи кæны. Нæ йæ рох кæнынц æрмæстдæр ирæттæ, уыдонæй кæддæриддæр сæ зæрдыл дарынц æмæ дардзысты. О, фæлæ зæрдыл дарын фаг нæу. Ма ферох кæнын, уый нæ комкоммæ хæс у, фæлæ ма нæ хæс у хуссайраг ирæтты ныхмæ уыцы фыдракæнд дунеон æхсæнадмæ фæхæццæ кæнын, сæ зæрдыл сын æй æрлæу-уын кæнын. Уый сæраппонд алы бæстæтæм официалон æмæ æнæ официалон бал-цты рæстæджы дзурын хъæуы геноциды тыххæй.

Хъыгагæн, нæ националон съездты æппæтыл дæр фæдзурынц, фæлæ сæ айрох вæййы сæ ахсджиагдæр дзуринаг. Ирон адæмы съездты сæйраг темæ ирæтты геноцид хъуамæ уаид. Радон съездтæм æрцæуæг диаспорæтæн бахæс хъæуы, цæмæй дунеон æмæхсæнадмæ фæхæццæ кæной Гуырдзыстоны æрдыгæй ирон адæмы геноцид. Уыдонæн цæвиттон хъуамæ уаиккой сомихаг диаспоратæ. Сомихæгты геноцид цæмæй банымадтаиккой фæсарæйнаг паддзахадтæ, уый тыххæй стыр куыст бакодтой æмæ абон дæр кусынц уыцы бæстæты цæрæг сомихаг диаспоратæ. Ирон диаспоратæ дæр уыдоны куы бафæзмиккой æмæ цы бæстæты цæрынц, уыцы адæмимæ æмбарынгæнæн куыст  куы бакæниккой, уæд ирæтты геноцид дæр нымад æрцæуид.

Осиаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.