Дзæуджыхъæуы йæ куыст райдыдта 3-аг Æппæтуæрæсейон медиафестиваль “Восхождение”.

Цæгат Ирыстонмæ нæ бæстæйы алы регионтæй æрцыд 79 адæймаджы. Фыццаг бон уазджыты зонгæ кодтой республикæйы рæсугъддæр æмæ цытджындæр бынæттимæ. Уыдысты Гæздæнты 7 æфсымæры цырты цур, федтой Дзывгъисы фидар, уыдысты Нæлгоймæгты Алайнаг моладзандоны. Фестивалы архайджытæ ма экскурсийы ацыдысты Гæналдоны коммæ дæр. Фестивалы архайджытæн сæ фылдæр сты Уæрæсейы паддзахадон телерадиокомпанийы филиалты журналисттæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ фестиваль “Восхождение” хорз фадат аразы сæ куыстытæ равдисынæн, стæй ма иннæ регионты æмкусджытимæ базонгæ уæвынæн дæр.

Дзыллон информацион фæрæзты 68 архайæгæн сæ фылдæр сты Уæрæсейы паддзахадон телерадиокомпанийы филиалты журналисттæ. Уыдон æрцыдысты Тулæ, Томск, Волгоград, Новосибирск, Махачкала æмæ ма бирæ æндæр горæттæй. Официалон æгъдауæй форум нымад у Æппæтуæрæсейоныл, архайынц дзы Хуссар Ирыстоны журналисттæ дæр.

Проекты нысан у Уæрæсейы регионты туризмы райрæзт æмæ этникон, историон-культурон, стæй æрдзон хæзнатæ бахъахъхъæнын. Журналистты куыстытæн аргъ кæндзысты дзыллон-коммуникациты зындгонд специалисттæ. Уыдон финалмæ рацæуджытæн сарæзтой сæ дæсныйады фæдыл ахуыртæ.

Проект царды рауадзынæн баххуыс кодтой Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министрад æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Арæзт та у “ВГТРК” æмæ “Посети Кавказ”-ы Фонды хъæппæрисæй. Конкурсы генералон æмгуыстгæнæг компани “Цæгат Кавказы курорттæ” туризмы райрæзты фæдыл хуыздæр куыстæн снысан кодта сæйраг приз.

Дриаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.