23-æм августы Парламенты æмбырдгæнæн залы уагъд æрцыд нæ республикæйы скъолаты ахуыргæнинæгтæ æмæ сывæллæтты цæхæрадæтты хъомылгæнинæгты ныййарджытимæ æмбырд «Æргом ныхас», зæгъгæ. Хайад дзы райстой РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, йæ хæдивæг Лолоты Аслан, ацы министрады скъолайы агъоммæ, иумиаг æмæ уæлæмхас ахуыры управленийы хистæр Джиоты Нинæ, контроль кæнын æмæ цæстдарды управленийы хистæр Дзеранты Мухар, нæ горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Димитр æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Фембæлды ауадзыны нысан уыд ныййарджытæ ахуыры процессы рæстæджы цы проблемæтыл сæмбæлынц æмæ сæм уый фæдыл цы фарстатæ сæвзæры, уыдон цæмæй фæсвæд ныхæстæй ма хъусой, фæлæ комкоммæ дæр ахуырады министрады къухдариуæггæнджытæм лæвæрд æрцæуой æмæ ног ахуыры азы аиуварсгонд æрцæуой. Æмбырд ахаста дæргъвæтин рæстæг æмæ ныййарджытимæ бацайдаргъ, æцæгæйдæр, æргом ныхас.

Бацæуæн ныхасы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали банысан кодта, зæгъгæ, мах абон æртымбыл стæм, цæмæй иумиагæй аныхас кæнæм нæ сывæллæтты тыххæй. «Чизоны уæ абон фарстатæ нæ фидæны куысты размæцыдæн дæр фæахъаз уой. Уæ фарстыты руаджы цы проблемæтыл æрдзурат, уыдон кæд рæхджы скъуыддзаг не ‘рцæуой, уæддæр се ‘ппæтыл дæр бакусдзыстæм» – зæгъта йæ раныхасы Гасситы  Натали.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, алкæмæн проблемæйыл æрдзурын æмæ фарст радтын йæ цæсгом æргомæй нæ фæхъæцы, уый тыххæй та нæ министрады сайтыл конд æрцæудзæн ныййарджытæн сæрмагонд фарс, цыран сæ бон уыдзæн фарст радтын сæ проблемæты фæдыл.

Ахуырад æмæ зонады министры хъуыдымæ гæсгæ ахæм æмбырд уадзын та хъуамæ суа традицион æмæ уагъд цæуой æрвылаз дæр.

Фембæлды Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы ныййарджыты номæй лæвæрд æрцыдис ахæм фарстатæ, зæгъгæ, ацы уынджы ис цалдæр ахуыргæнæн уагдоны, сывæллæтты æрбакæнынын æмæ акæныны рæстæджы дзы змæлынц тынг бирæ машинæтæ, куыд æй зонæм, афтæмæй лицейы агъуыстæй сывæллæттæ комкоммæ дæр рахизынц машинæвæндагмæ, тротуар ын кæй нæй, уымæ гæсгæ, уый та сывæллæтты æдасдзинадæн æвзæрын кæны тасдзинад. Уыдис ма сæм ахæм домæнтæ ацы уынгыл изæры фаг рухсытæ кæй нæ судзынц, лицейы агъуысты иу хайы лигъдæттæ кæй цæрынц, сæхицæн та  хатæнтæ нæ фаг кæнынц æмæ дыккаг сменæ изæрмæ уым кæй баззайынц, лицейæн кæй нæй спортивон зал æмæ æндæр ахæм фарстатæ. Ацы фарстатæн сын Пухаты Димитр дзуапп куыд радта, уымæ гæсгæ кусынц æппæт уыдæттæ аиуварс кæныныл.

Дзауы астæуккаг скъолайы ныййарджыты номæй та Кæркуысты Иринæ рæгъмæ рахаста ахæм проблемæтæ, зæгъгæ  скъолайы библиотекæйы чингуыты уавæр у мæгуырау. Скъола зæххæнкъуысты кæй ныккалдис æмæ ног скъола арæзт кæй æрцыдис, уый сын уыдис тынг æхсызгон, фæлæ дзы хынцыд не ‘рцыдысты бирæ æнæмæнгхъæуæг фарстатæ, зæгъæм, скъолайæн нæй спортивон æмæ актон залтæ. Йæ фарстæн ын дзуапп радта Гасситы Натали. Ахуыргæнæн чингуыты тыххæй уал райста ахæм дзуапп: ивгъуыд азы уал æлхæд æрцыдысты республикæйы скъолаты райдиан кълæсты чингуыты фылдæр хай. Ацы аз горæты скъолаты 5-9 кълæстæн сифтонг кодтам чингуытæй, 10-11 кълæстæн та чингуытæ самал кæндзыстæм фидæн ахуыр азмæ. Дзауы районæн дæр 90 проценты æлхæд æрцыдысты сæ ахуыргæнæн чингуытæ. Æрмæст ма ацы аз 11-æм кълæстæн сæ-хи бахъæудзæн чингуытæ самал кæнын. Йæ дыккаг фарстæн та райста ахæм дзуапп, зæгъгæ, ацы проблемæты фæдыл фыстæг æрвыст æрцæудзæн Дзауы районы администрацимæ сæ аиуварс кæнынæн кæд гæнæн ис, уæд сыл бакусдзысты, уый тыххæй уын дзуапп фехъусын кæндзыстæм.

Ахæм æнгæс фарстатæ радта нæ горæты 2-æм скъолайы ахуыргæнинæгты ныййарæг дæр, уым та скъолайы спортивон зал ис æвзæр уавæры, уымæн æмæ уый йæ рæстæджы цалцæг æрцыдис агъуысты мидæгæй аразын æмæ цалцæг кæнынæн гæнæн кæмæй нæй ахæм арæзтадон æрмæджытæй æмæ дзы уымæ гæсгæ ис уæззау тæф, кæцы сывæллæтты æнæниздзинадыл æндавы æвзæрæрдæм. Стæй ма æрдзырдæуыд ахæм проблемæйыл, зæгъгæ, скъолайæн йæ иу хай ис аварион уавæры, кæцы тæссаг у ныккæлынæй. Æппæт ацы фарстытæ дæр райстой æмбæлон дзуаппытæ.

Банысан кæнын  хъæуы уый æмæ нæ горæты 2-æм скъола кæй у, фылдæр сывæллæттæ кæм ахуыр кæнынц, уыдонæй сæ иу. Ацы скъолайæн дæр нæй актон зал æмæ мадзæлттæ уагъд фæцæуынц гом арвы бын.

Ацы фембæлды ма ноджы ныййарджыты ‘рдыгæй лæвæрд цыдысты ахæм фарстатæ дæр куыд, кæцыдæр сывæллæтты цæхæрадæтты кæртыты схæрзарæзт кæнын хъæуы, кæнæ хъазæнтæй цух сты, логопедты æнæмæнгхъæуындзинад æмæ сын сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнын. Знауыры районы Мугуты хъæуы сывæллæтты цæхæрадон саразын, нæ республикæйы Беслæны теракты фæмардуæвæг сывæллæттæн цырт сæвæрын æмæ ноджы бирæ æндæр ахсджиаг проблемæтыл дзырд цыдис ацы фембæлды.

Ахуырад æмæ зонады министр дæр æргом ныхасы рæстæджы банысан кодта  цы проблемæтыл æрдзырдæуыд, уыдонмæ иууылдæр кæй æркæсдзысты, афтæ ма æрдзырдта ахуыргæнджыты ахуырадон-хъомыладон нормæты фæдыл дæр æмæ рауагъдонты ныййарджы-тæм та бахатыдис, цæмæй ахуыргæнджытæн зынаргъ лæвæрттæ кæныны традици ферох кæной, ахуыргæнæгæн иууыл занаргъ лæвар у йæ ахуыргæнинаг ын йæ лæггад куы бамбара æмæ дзы бузныг куы уа, уæд уый. Министр ма ахсджиагыл банымадта сывæллæттæ хъомыл кæныны хъуыддаджы ахсджиаг бынат кæй ахсы ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ æмгуыст куы фæкæнынц, уæд уый.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.