10 марты Анахарсисы номыл Централон библиотекæйы æмбырдгæнæн залы Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид фембæлд Культурæйы министрады кусджытимæ. Фембæлды хайад райстой дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ дæр. Бацæуæн ныхасимæ фембæлд байгом кодта Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Остъаты Мадинæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, культурæйы къабазы кусджытæм фæстаг фондз азы паддзахады разамынды ‘рдыгæй цæуы стыр хъусдард. Арæзт æрцыд æмæ дарддæр дæр арæзт цæуынц культурæйы объекттæ. Уымæй дарддæр ма къорд объекты æрцыдысты цалцæггонд. Уый фæстæ Мадинæ Культурæйы министрады æппæт кусджыты номæй Президентмæ бахатыд, цæмæй бæстондæр ра-дзура, 9 апрелы æвзæрстыты рæстæджы Хуссар Ирыстонæн йæ историон ном радтыны тыххæй цы референдум ауагъд æрцæудзæнис, уый фæдыл.

– Райдианы мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ кæй рауад нæ ацы фембæлд. Хъуамæ йæ ауагътаиккам ивгъуыд азы кæрон, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ абонмæ нæ бантыст, – загъта Президент.

Дарддæр уый банысан кодта, зæгъгæ, коллектив, сæйраджыдæр, сылгоймæгтæй конд кæй у, уый тыххæй сын раарфæ кодта сæ аивгъуыйгæ бæрæгбон – 8 марты цытæн. Дарддæр загъта, зæгъгæ, мын фондз азы аразын цы бантыст, уыдонæй сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæрыл нымайын, Уæрæсеимæ ахæм хорз, æфсымæрон ахастытæ кæй сарæзтам, уый.

Æмæ, кæй зæгъынæй хъæуы, Президент уымæй зæгъы раст. Уымæн æмæ мах абон нæ цард амондджын æмæ зæрдæрайæ кæнæм Уæрæсейы фæрцы. Сомбоныл хъуыды кæнгæйæ, уырнинаг у уый æмæ дарддæр дæр нæ, ахастытæ ноджы хуыздæр кæй кæндзысты. Ууыл дзурæг сты, фæстаг фондз азы Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ цы 90 бадзырды бæрц сарæзта, уыдон дæр.

Дарддæр Президент йæ ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, райгонд æмæ сæрыстыр  у мыздтæ, пенситæ, сывæллæттæн бафыстытæ кæй фæфылдæр сты, уымæй. Ацы фарсты рох нæ аззадысты студенттæ дæр.

Президент ма банысан кодта уый дæр, æмæ ныридæгæн куыст кæй цæуы бюджетон кусджытæн сæ мыздтæ ноджыдæр азы фæудмæ фæфылдæр кæныныл.

Культурæйы уагдæтты арæзтадыл дзургæйæ, Президент банысан кодта, фондз азы дзæвгар объекттæ арæзт кæй æрцыд, куыд горæты, афтæ республикæйы районты дæр.

9 апрелы æвзæрстыты тыххæй Президент загъта, зæгъгæ, иумиагæй сисгæйæ, кæимæ кусын уыдоны куыстæй дæн райгонд, фæлæ ма мыл, зæгъгæ, адæм се ‘ууæнк дыккаг президентон рæстæджы кæд бафтауой, уæд æрцæудзæнис кадрон ивындзинæдтæ. Æрба-хондзынæн фæлтæрддæр æмæ æвзонгдæр кусджыты.

Хуссар Ирыстонæн йæ историон ном радтыны тыххæй. Тыбылты Леонид банысан кодта:

Ацы фарстæн ис стыр нысаниуæг. Уымæн æмæ абон сбирæ сты, историон факттæ чи зыгъуыммæ кæны, æнæбындурæй сæ йæхирдæм чи здахы, ахæм адæмтæ. Мах æнцад куы бадæм, уæд, кæд тас нæу нæ фыдæлты ном æмæ кад исчи йæхи бакæна, уымæй, уæддæр нæ хæс у æмæ сын æмбарын кæнæм, раст кæй не сты, уый. Президентон æвзæрстытимæ иумæ уагъд æрцæудзæнис референдум. Уæд стыр нысаниуæг уыдзæнис æвзæрстытæм адæм куыд æрбацæуой, уымæн.Уыцы бон алчи дæр йæхимæ хъуамæ банкъара стыр-дæр бæрндзинад, æрбацæуа æвзарæн фадыгмæ æмæ схъæлæс кæна, цы дыууæ бюллетены йæм ратдзысты, уыдоны фарстытæн.

Уый фæстæ Культурæйы министрады кусджытæ цыбыр раныхæсты фæстæ фарстытæ лæвæрдтой Президентмæ.

Сывæллæтты республикон библиотекæйы директор Джиоты Аллæ  банысан кодта, фæстаг фондз азы сæ библиотекæйы куысты уавæртæ дзæвгар кæй фæхуыздæр сты, библиотекæйы бæстыхай, куыд мидæгæй, афтæ æддейæ дæр зæдбадæны хуызæн кæй ссис, уый. Фæлæ ма, куыд загъта, уымæ гæсгæ ис чысыл цухдзинæдтæ дæр. Уыдонæй иу у уый, æмæ библиотекæйы фаг нæй сывæллæттæн, куыд нырыккон авторты, афтæ классикты фыст чингуытæ.

Президент ацы фарстæн дзуапп дæттгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, кæд нæм ис, «Æппæт дæр рæзгæ фæлтæрæн», ахæм хъуыды, уæд, хъуамæ аразгæ дæр кæнæм афтæ. Стæй Джиоты Аллæ æмæ йе ‘мкусджытæн ныфс бавæрдта президентон фондæй сын рахицæн кæй æрцæудзæнис уыцы нысанæн фæрæзтæ. Уыимæ ма сæ бафæдзæхста, цæмæй рахицæнгонд фæрæзтæ хардз цæуой, цæй тыххæй лæвæрд цæуынц, уымæн.

Йæ ныхас арфæйы æмæ бузныджы дзырдтимæ райдыдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон музейы директор Зассеты Мераб. Президенты раз цы æхсæз фарсты сæвæрдта уыдон тыххæй та Президентæй райста ахæм дзуапп: -25 азы знæгтæ Ирыстоны кодтой пырх. Фехæлд бирæ цæрæн æмæ административон хæдзæрттæ, сæудæджерадон æмæ хъæууонхæдзарадон бæстыхæйттæ. Уыдоны иууылдæр фæстæмæ хъæуы саразын, скусын хъæуы хъæууонхæдзарад æмæ сæудæджерад, фæлæ уал азы хæлд чи цыд, уыдонæн цыбыр рæстæгмæ нæй саразæн, кусæм æппæтыл дæр, алкæйы куырдиат дæр ис нæ хъуыдыйы æмæ сæ нæ уавæртæм гæсгæ æххæст кæндзыстæм.

Адæмон сфæлдыстады центры директор Гуыцмæзты Эльзæ дæр йæ ныхас райдыдта бузныджы ныхæстæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, фондз азы размæ нæ адæм нæ фæрæдыдысты, схъæлæс кодтой аккагдæрæн. 9 апрелы дæр мæ уырны, кæй та нæ фæ-рæдидзысты æмæ дæуæн, Леонид Харитоны фырт, кæй схъæлæс кæндзысты, уый.

Эльзæ Президентмæ цы фарстытæ радта, уыдонæй иу уыд 31-æм цæрæн кооперативы фарст.

– Фарст аскуыддзагкæнинаг кæй у, скъуыддзаг дæр кæй цæуы, уый ды дæр æмæ ма, кæй фарст æрбæстон кодтам, уыдон се ‘ппæт дæр зонынц, – зæгъы Президент. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, ныфс куы бавæрын, уæд йæ сæххæст кæныныл алы хатт дæр бакусын. Ныр дæр дын, кæд райсоммæ нæ уæддæр ныфс дæттын, азы кæронмæ фарст скъуыддзаг кæй æрцæудзæнис, уымæй.

Кæронбæттæны Президент банысан кодта, зæгъгæ, мæ куыст æмæ æппæтмæ дæр мæ ахастæй мæ зæрдæ куынæ рухс кæнит, мæ алыварс афтæ бирæ адæм куынæ æрбалæууыдаид, стæй æз дарддæр Президенты хæстæ æххæст кæнон, уый Уæрæсейы разамонджыты куынæ фæндид, уæд мæ кандидатурæ хæсгæ дæр нæ бакодтаин. Уымæ гæсгæ уæд 9 апрелы хонын æмæ æрбацæут æвзарæн фадгуытæм. Нырма уын ис рæстæг, бæстон ахъуыды кæнут æмæ схъæлæс кæнут аккагдæрыл кæй нымайут, уымæн. Æз дæр уыцы бон схъæлæс кæндзынæн æмæ уыдзынæн мæ куысты. Байхъусдзынæн Централон æвзарæн къамисы фæстиуджытæм, кæд нæ райсон фаг хъæлæстæ уæд, чи фæуæлахиз уа, уымæн раарфæ кæндзынæн.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.