Ивгъуыд къуыри Мидхъуыддæгты министрады Экономикон фыдракæндты ныхмæ тохы управленийы кусджытæ æмæ Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министрады кусджытæ ауагътой иумæйаг басгæрстытæ республикæйы афтиæгты. Рейдты нысан уыд æнæ лицензитæй цы афтиæгтæ кусынц, афтæ психотропон, наркотикон буарадтæ чи уæй кæны, уыдон сбæлвырд кæнын.

Бæрæг куыд у, афтæмæй 2015 азы РХИ-йы Парламент райста закъон, кæцымæ гæсгæ бар нæй, «Лирика» æмæ йæ аналогон препараттæй æнæзакъонæй пайда кæнын, реализаци æмæ æрбаласын.

Фæлæ басгæрстыты рæстæджы рабæрæг вæййынц, æнæзакъонæй республикæмæ препарат «Лирика» чи æрбаласы, ахæм æмбæстæгтæ. Факты фæдыл æрмæджытæ æрвыст æрцæуынц тæрхондонмæ. Тæрхон рахæссыны  фæстæ фæткхалджытæ ивар æрцæуынц 20 мин сомæй. Фæлæ ацы æфхæрд бирæты уæддæр нæ уромы æмæ та ногæй фехæлдтой закъон.

Закъонмæ  ногæй æркастæуыд 2017 азы октябры мæйы. Парламенты профилон ко-митеты  рабадтытæй сæ иуы дзырдæуы, цæмæй фæкарздæр кæной «Лирика» уæй кæнын æмæ дзы пайда кæныны фæдыл æфхæрд.

Медицинон нысæнтты тыххæй препарат ласы республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад. «Лирика» цы рынчынты хъæуы, уыдонæн фадат ис, цӕмӕй йӕ балхæной паддзахадон афтиæгты, дохтырты рецептмæ гæсгæ.

Мидхъуыддæгты министрады куыд зæгъынц, афтæмæй фæкарздæр уыдзысты санкцитæ «Насвай» æмæ «Снюс» уæй кæныны фæткойты ныхмæ дæр. Уымæн æмæ сты тæссаг. Иуæй-иу хæлцадон магазинты хицæуттæ сусæгæй фæуæй кæнынц ацы æууилгæ тамако. Рейды рæстæджы иу хæлцадон магазины басгæрсты рæстæджы мидхъуыддæгты органты кусджытæ сбæрæг кодтой 83 тыхтоны ахæм буарадтæ. Йæ гæххæтытæ æрвыст æрцыдысты тæрхондонмæ æмæ йын аскъуыддзаг кодтой 15 суткæ ахæстоны фæбадын.

Æрæджы, мидхъуыддæгты министрады оперативон къорд Дзауы районы Хъорсеуы хъæуы цæрæджы æрцахста наркотиктæ уæй кæныны тыххæй. Уымæн йæ хæдзары разынд гæн, йæ иумæйаг уæз 613 граммы.

Нæлгоймагыл конд æрцыд уголовон хъуыддаг.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.