Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис æмæ Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауырмæ

Цытджын Барис Барисы фырт æмæ Знауыр Никъалайы фырт,

Бæрзонд бынæттæм уе ‘рбацыдæй фæстæмæ фæтыхджындæр сты республикæты паддзахадон арæзт сфидардæр кæныны æмæ социалон-экономикон рæзты æмгуыстады размæцыды нысæнттæ.

Стырдæр хъусдард здæхт цæуы мидæмæхсæнадты бастдзинæдтæ сфидардæр кæныны фарстытæм, æмæ нын уæлдай æхсызгон та у ирон фæсивæды проблемæтæм æргом хъусдард. Уыимæ ис иумиаггуманитарон, цивилизацион нысаниуæджы фарстытæ, уыцы фарстытæ аскъуыддзаг кæнын сæ бон у нæ адæмæн.

Сымахæн хорз зындгонд у, Ирыстонæй дард Мæскуыйы цур Мурановойы чысыл хъæуы, Тютчевы хъæууон цæрæнуатмæ æввахс, Спасскаг аргъуаны алыварс йæ къабæзтæ кæй айтыгъта рæсугъд парк, кæцы арæзт æрцыд хуымæтæджы адæймæгты къухтæй Беслæны трагедийы фæмардуæвджыты рухс нæмтты сæраппонд. Æрвылаз дæр, хъынцъымы боны, уым æрæмбырд вæййынц аргъуанмæ цæуджытæ, Пушкины районы цæрджытæ, Мæскуыйы ирон диаспорæйы минæвæртты хайадистæй.

Беслæны трагедийы  тыххæй мысынады хъахъхъæнæг æмæ хæдæфсармдæр уагæвæрæг игумен Феофаны Дунеон сгуыхтдзинад у цæвиттойнаг æмæ кады аккаг.

Барис Барисы фырт æмæ Знауыр Никъалайы фырт, бирæнацион Уæрæсейы æппæт адæмтимæ хæларадон бастдзинæдтæ сфидар кæнынмæ, ирон адæмы тыххæй историон мысынад æмæ кад бахъахъхъæныны фæдыл уæ фæндон æнкъаргæйæ, уæ курæг стæм:

– УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы æмæ УФ-йы РХИ-йы минæварадты æрвылазон мадзæлтты нывæзтмæ хаст æрцæуæд Мурановойы парчы территорийы æфснайæн зиу ауадзын æмæ Беслæны трагедийы хъынцъымы боны хайадист. Уыцы хъуыддаг бæлвырдæй фæахъаз уыдзæн нæ фæсивæды æрбангом  æмæ патриотон хъомылад сæндидзын кæнынæн.

– Игумен Феофаны Дунеон сгуыхтдзинадæн саргъ кæныны тыххæй фарстмæ æркæсын æмæ йæ РЦИ-Аланийы æмæ РХИ-йы паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæнынмæ æрбавдисын.

Уырны нæ, Хуыцауы ацы акт фæахъаз уыдзæн Ирыстоны-Аланийы сабыруарзаг адæмы кад фæбæрзонддæр кæнынæн.

Цытимæ æмæ нæ фарс кæй рахæцдзыстут, уый ныфсимæ,

горæт Мæскуыйы ирон диаспорæйы минæвæрттæ:

Дзгойты Г., Челдыты З., Цебойты А., Дзанайты В., Гæджиты Р., Реуазты Ф., Къарджиаты Э., Туаты А., Бирæгъты В., Цалити Л., Дзгойты А., Гусойты З., Хъуысаты Л., Хъантемыраты С., Кæрчиты В., Каражаева М., Хæмыцаты М., Дыгурты Г., Санахъоты М., Соловьева Л., Гусойты Т., Бигъаты О., Гаджинов К., Хуриты Н., Реуазты А.

Фæдзурæн уыдзæн ацы адæймагмæ: Челдыты Залинæ Михаилы чызг,  телефон: 8-926-159-71-12

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.