Сæрды тæвд бонтæ фадат дæт-тынц æфсирон культурæты тыллæг æфснайыны компанийы тагъддæры æрбалæудæн. Ацы ахсджиаг хъæууонхæдзарадон куыстмæ ацы бонты бавнæлдта Цхинвалы районы фермерон хæдзарад «Тъбет». Хæдзарад уалдзæджы рагацау бацархайдта хъæбæрхор æмæ сысджы байтауыныл, базылдысты сæм агротехникæйы домæнтæм гæсгæ æмæ ныр хуымты уындæй рухс кæны адæймаджы зæрдæ. Хæдзарадæн сысджыйы культурæ æдæппæт тыд ис 40 гектары æмæ хъæбæрхор та 20 гектары. Фыццаг рады уал тыллæг æфснайынмæ бавнæлдтой сысджыйы хуымтæм. Ацы хъуыддаджы арæхстджын у æвзонг лæппу Бибылты Мэльс æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Цыбыр æмгъуыдмæ уал ын бантыст 10 гектары ныккæрдын, йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй тыллæгæрзад ацы аз у иттæг хорз, рухс дзы кæны адæймаджы зæрдæ. Æрмæст иу гектарæй холладжы тыхтæттæ бабастой 120 иуæгæй фылдæр, бæркадджын уыдзæн тыллæгæрзад дæр. Хæдзарады фæнд у, ацы культурæ цыбыр æмгъуыдмæ гъæдджынæй бафснайын. Куыддæр сысджыйы хуымтæ карст æрцæуой, афтæ та бавналдзысты хъæ-бæрхоры тыллæг кæрдынмæ. Зæгъын хъæуы, хæдзарад кæй нæ тыхсы техникæйы хъуагдзинадæй æмæ сын уый фадат ратдзæн тыллæг афоныл æркæрдын, æмæ холлаг бынатмæ фæхæццæ кæныны куыстытæ сæххæст кæнынæн.

Хæдзарады ныртæккæ стуртæ ис 35, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 10, иу ахæм та сæ родтæ сты.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.