Ирон адæмæн ис хъæздыг æмæ цымыдисон литературон бынтæ. Уыдон дзурæг сты нæ адæмы историйыл, не ’взаджы рæсугъд æмæ хъæздыгдзинадыл. Уыдон та æвдыст цæуынц адæмон дзыхæй дзургæ сфæлдыстады æмæ нæ курдиатджын фысджыты алыгъуызон уацмысты руаджы. Сæ арф хъуыдыджын уацмысты адæймаг банкъары Райгуырæн бæстæм уарзондзинад, йæ цæстыты раз фервæзынц хицæн дуджы цардуаг, æхсæнады, адæмы ахастытæ.

Нæ фысджытæй кæйфæнды уацмыстæм ма æркæсæм, уæддæр дзы алкæцы дæр нæ литературæйы ахсы зынгæ бынат, уымæн æмæ уыдон дзурæг вæййынц ирон фыссæджы зæр-дæйы уагыл, кæнæ та нæ адæмы цардуагыл.

Уый тыххæй та кæстæр фæлтæры лæмбынæг зонгæ кæнын фæхъæуы фыссæджы царды хабæрттимæ æмæ йе сфæлдыстадимæ, цæмæй нæ фидæны фæлтæр аргъ кæной ирон литературæйæн, нæ адæ-мы историйæн. Ацы фарст ахсджиаг кæй у, уый хынцгæйæ, нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы историон кружок «Нартæ»-йы хъомылгæнинæгтæ, сæ сæргълæууæг Еналдыты Жаннæи-мæ 12-æм майы банысан кодтой зынгæ ирон фыссæг, поэт, прозаик, драматург æмæ æхсæнадон архайæг Дзугаты Георгийы райгуырдыл 105 азы сæххæсты бон. «Нартæ»-йы ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой фыссæджы номарæн изæр. Фæхуыдтой йæм йæ фырт Къостайы, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элисайы, горæты администрацийы ахуыры хайады минæвæртты Æлборты Эммæ, Гæджиты Луизæ æмæ скъолайы иннæ ахуыргæнджыты.

Мадзаламонджытæ Джиоты Сослан æмæ Тадтаты Наталья лæмбынæг æрдзырдтой Дзугаты Георгийы цард æмæ сфæл-дыстадыл. Уыдон æй афтæ аив æмæ зæрдæмæхъаргæйæ дзырдтой, æмæ кæд æрæмбырд-уæвджытæй алчидæр зонгæ уыдис Георгийы биографиимæ, уæддæр æм хъуыстой стыр цымыдисимæ.

Мысæн изæры загъдгонд æрцыдысты, Дзугайы фырт йæ чысылæй фæстæмæ кæй бав-зæрста царды зындзинæдтæ, федта йæхи цæстæй 1920 азы гуырдзыйы меньшевиктæ куыд цагътой ирон адæмы, хайад иста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дæр, дыууæ хатты та бахауд знæгты къухмæ уацары, федта мæгуырдзинад æмæ æх-хормагдзинад. Уый йæ фыццаг къахдзæфтæ литературæмæ сарæзта 1939 азы, уыцы аз йæ фыццаг æмдзæвгæ мыхуыр æр-цыдис журнал «Фидиуæг»-ы. Бирæ цымыдисон цаутæ æмæ цæвиттонтæ æрхастой йæ царды хабæрттæй, кæцытæ æнгом баст уыдысты йе сфæлдыстадимæ, уымæ гæсгæ йын æрдзыр-дтой лæмбынæг йæ уацмыстыл дæр.

Мысæн изæры мадзалы хайадисджытæ йын бакастысты йе ’мдзæвгæтæ, аив сæххæст кодтой йæ уацмыстыл фыст зарджытæ, равдыстой чысыл инс-ценировкæтæ дæр йæ уацмыстæм гæсгæ, мадзал барæсугъд кодтой ирон кæфтытæй.

Фыссæджы мысæн мадзал рæсугъд æмæ цымыдисон кæй уыдис, уый тыххæй йæ бацæттæгæнджытæн æмæ хайадисджытæн бузныджы ныхæстæ загъта йæ фырт Къоста. Уый дæр йæ фыды тыххæй йæ мысинæгтæ радзырдта æрæмбыр-дуæвджытæн, базонгæ сæ кодта, цавæр удысконды хицау уыдис, уыимæ. Æрæмысыдис ын йæ æрвылбонон цардæй ист хабæрттæ, бакастис, йæ æмдзæвгæтæй йæ зæрдæмæ тынгдæр кæцытæ цæуынц, уыдон æмæ сæххæст кодта зарæг «О, уыцы дыууæ сау цæсты».

Гаглойты Элиса та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, тынг хорз у советон дуджы фысджыты кæй нæ рох кæнæм, уый. Уымæн æмæ уыдонæн нæ адæмы историйы ис егъау нысаниуæг. Уæлдай хатт ма банысан кодта, мадзал тынг хорз кæй бацæттæ кодтой кружок «Нартæ»-йы ахуырдзаутæ.

Мадзалы ма йæ хъуыдытæ загъта Æлборты Эммæ дæр, уый стыр фыссæджы тыххæй загъта, зæгъгæ, кæд бирæ зындзинæдтæ бавзæрста йе ’взонг царды, уæддæр йæ хъару нæ сæфта æмæ йæ радтæг адæмæн бакодта стыр лæггад æмæ нæ литературæйы рцахста стыр бынат.

Скъолайы директор Бестауты Азæ сæйраджыдæр æрдзырдта скъолайы ахуыр-гæнинæгты æнтыстытыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уыдон сæ ахуыргæнинæгты фылдæр цайдагъ кæнынц патриотикон зондахастыл æмæ сæ къухы æфтгæ дæр кæны.

Æрæмбырдуæвджытæн буз-ныджы ныхæстæ загъта Еналдыты Жаннæ йæхæдæг дæр. Бузныг ма загъта ацы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Тедеты Батрадзæн, сывæллæттæн сæ мадæ-лон æвзаг æмæ литературæ кæй уарзын кæны, уый тыххæй.

Фыссæджы фырт Дзугаты Къоста скъолайы библиотекæйæн балæвар кодта цалдæр чиныджы.

Ацы скъолайы 10-æм къласы ахуыргæнинаг Къуезерты Сослан та Дзугаты Георгийы фæлгондз сарæзта пластилинæй.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.