РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды сæргълæудæй ауагъд æрцыд 2016 азæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл оперативон штабы радон рабадт. Йæ куысты хайад райстой Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, йæ хæдивджытæ Тъехты Алан æмæ Пухаты Эрик, министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, районты администрациты сæргълæуджытæ, арæзтадон объектты архайæг генподрядон æмæ субподрядон организациты къухдариуæггæнджытæ.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, азы кæронмæ бирæ рæстæг нал баззад æмæ ма дзы цы мæйтæ баззадысты, уыдонæй хъæуы спайда кæнын эффективонæй.

Афтæ ма банысан кодта æндидзынады процессмæ комплексон цæстæй кæсыны ахсджиагджинад, кæцымæ хауы куыд арæзтад йæхæдæг, афтæ æмбæлон документаци рæстæгыл цæттæ кæнын дæр. Уыдæттæ та фадат ратдзысты финансон фæрæзтæй пайда кæныны фæстæзаддзинад ма æруадзын. Уый ма хъусдард аздæхта, цæмæй объектты кусой, æмбæлон техникон ахуырад кæмæ ис, ахæм специалисттæ.

«Мах хъуамæ кусæм афтæ æмæ æмбарæм, афæдзы кæронмæ ма кæй баззад æрмæстдæр цыппар мæйы. Абон дзурын хъæуы ууыл, æмæ цы фæстæзаддзинæдтæ ис, уыдон хынцгæйæ нæ бон суыдзæн сфидаргонд графиктæ бахъахъхъæнын. Æндæр фарст у, рахицæнгонд фæрæзтæй куыд пайда цæуы, уый. Æппæт куыстытæ дæр хъуамæ æххæст цæуой æмбæлон документацитæм гæсгæ», –  загъта Президент.

Республикæйы Генералон прокуратурæ æмæ Контролон нымайæн палатæйæн паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-имæ хæсгонд уыд, цæмæй контролон барст сарæзтаиккой Гуфта-Къуайсайы фæндагæн. Уыимæ Генералон прокуратурæ Арæзтад, архитектурæ æмæ коммуналон хæдзарады министрадимæ иумæ кусынц Хъайтарты уынджы цæрæн хæдзары реконструкцийы фарстыл, ацы объектыл цы финансон фæрæзтæ бахардз сты, уыцы информаци хынцгæйæ.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ацы хæслæвæрдтæ лæвæрд æрцыдысты уый тыххæй æмæ ацы объектты арæзтады раргом æрцыдысты серьезон цухдзинæдтæ.

Республикæйы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æрдзырдта 2009-2010 азты арæзтадон-цалцæггæнæн куыстыты рæстæджы цы финансон фæрæзтæ ныппап-лойчындæуыд, уыдонмæ хауæг уголовон хъуыддæгты фæдыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ, нырма фæстиуджытыл дзурын раджы у, уымæн æмæ бакæнын хъæуы гуырахстджын куыст, нырма та контролон мадзæлттæ кæронмæ нæ фесты.

Рабадты дзырд цыдис Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры æмæ Театралон фæзуаты арæзтады фарстытыл. Культурæйы министр Остъаты Мадинæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй раздæры хæслæвæрдтæм гæсгæ бæстыхайы проектмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй персоналон бæрндзинад æвæрд æрцыд театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерланыл.

«Раздæры райсгæ ивындзинæдтæй бирæтæ бакуыст æрцыдысты, дзырд цæуы дарæсивæнтыл, хъæдкуыстгæнæн цехыл. Ныртæккæ скъуыддзаг æрцыдысты люстрæты æмæ театры фойейы фæлындзæн æрмæджыты фарст, афтæ ма театры алыварс территори схæрзарæзт кæныны фарст дæр», – фехъусын кодта уый. Афтæ ма дзырд цыдис арæзтады кусджытæ æмæ инженертæн рæстæгыл сæ куыстмызд кæй нæ бафыстой, уый фæдыл. Арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «МеркуриПлюс»-ы директор Айгуф Биджиев куыд фехъусын кодта, афтæмæй куыстмыздæй цы хæстæ уыдис, уыдонæн сæ фылдæр хай бафыстой, иннæйы та бафиддзысты ног къуырийы.

Арæзтад, архитектурæ æмæ коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард фехъусын кодта, зæгъгæ, Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ нæ куыстытæ фæактивондæр сты Национ музейы бæстыхайы фæстæ бацæуæн фæзуат аразыны фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ ма кæронмæ фæхæццæ кæнынц куыстытæ Горькийы уынджы хæрзарæзтады æмæ горæты централон хайы базары арæзтады фæдыл. Ацы дыууæ объекты дæр планмæ гæсгæ эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцæуой 20 сентябрмæ.

Ацы бонмæ ма арæзтадон куыстытæ хъуамæ фæуой Цхинвалы бирæпрофилон колледжы ахуыргæнæн æрмадзты дæр. Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг ахуыргæнинæгтæн уый уыдзæн хорз лæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзты 26 азы бæрæгбонмæ.

Ивгъуыд рабадты ма фæндагон арæзтады æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы комитетæн Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадимæ хæс лæвæрд æрцыд, цæмæй мадзæлттæ райсой нæ горæты Коммунарты уынджы хид æмæ Бузалайы хъæуы хид техникон æгъдауæй басгæрст æрцæуой, фæстæдæр сæ среконструкци кæнгæйæ. Фæндæгтæ арæзтады фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ ныридæгæн къухты сты хиды техникон бас-гæрсты тыххæй акттæ. Аразгæ та сæ скодтой ахæм арæзтæдты сгарын æмæ фæлварыныл чи специализаци кæны, ахæм организаци.

«Уыцы организаци сарæзта фотоæрмæджытæ, специалон барстытæ æмæ цы дефекттæ раргом кодтой, уыдоны фæдыл бакуыстæуыд æмбæлон рекомендацитæ. Нæ кусджытæ дæр сæхи сгарæн куыстытæ бакæн-гæйæ, сарæзтой æнгæс хатдзæгтæ», – банысан кодта, уый.

Специалистты рекомендацимæ гæсгæ нæ горæты зæронд хидыл гæнæн ис æмæ æрмæстдæр цæуа рог автотранспорт.

Горæты администрацийы тыхтæй хæрзарæзт цæуы 13 коммунары уынг, кæцы цæуы ацы хидыл. Горæты мэр Æлборты Алан куыд фехъусын кодта, афтæмæй уынг хæрзарæзт æрцæудзæн кæронмæ, Цхинвал-Ленингоры трассæмæ кæм иу кæны, уырдæм. Йæ тротуар-тæ та арæзт æрцæудзысты фидæнмæ. Мэры ныхæстæм гæс-гæ сæм уыцы куыстытæ сæххæст кæнынæн фæрæзтæ нæй.

Тыбылты Леонид Арæзтады министрад æмæ горæты администрацийæн бахæс кодта, цæмæй фæрæзтæ ссарой æмæ ацы уынджы куыстытæ æххæст гуырахстæй фæуой.

«Ацы уынг куы схæрзарæзт кæнæм, уæд уый нæ горæты цæрджытæн уыдзæн хорз лæ-вар. Ам ис сывæллæтты цæхæрадон, афтæ спорткомплекс «Олимп» дæр», – загъта уый æмæ бузныг загъта горæты мэрæн йæ инициативæйы тыххæй.

Рабадты дзырд цыдис Арæзтадон æрмæджыты заводы раз арæзтадон организациты хæстыл. Банысангонд куыстуаты директор Тыбылты Владимир куыд загъта, афтæмæй фæстаг рæстæджы арæзтадон организацитæ сæ хæстæ цадæггай фидынц, фæлæ ма, зæгъгæ, ис зæронд хæстæ дæр. Фарсты фæдыл Хъуылымбегты Доменти бахæс кодта, цæмæй уыцы хæстæ ист цæуой тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ.

Президент ма раразмæ кодта ног объектты балансмæ райсыны тыххæй фарст æмæ æрсидт, цæмæй ацы здæхты куыст фæтагъддæр кæной.

Дарддæр рабадты хайадисджытæ байхъуыстой, Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты куыстытæ куыд цæуынц, уый фæдыл информацимæ. Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард лæм-бынæг радзырдта нæ горæты Горькийы, Хетæгкаты Къостайы, Гаглойты Владимиры, Тугъанты Махарбеджы, Интернационалон, Кобылы фырты, Дзабийы фырты. Фæском-цæдисы æмæ Сталины уынгты хæрзарæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй. Афтæ ма уый радзырдта Æнæниздзинад хъахъхъæныны объекты  сывæллæты респуб-ликон рынчындоны бæстыхай æмæ операцион-хирургион корпусы арæзтадон куыстыты цыды тыххæй дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ Сывæллæтты республикон рынчындоны фесты мидæггагон куыстытæ, сентябры æмбисмæ ардæм баласдзысты сæйраг ифтонггæрзтæ. Афтæ ма куыстытæ фесты операцион-хирургион комплексæн бындур ныккалын æмæ къултæ амайыны куыстытæ дæр, тагъд рæстæджы ам аразджытæ æрæвналдзысты сæрдæн куыстытæм.

Рабадты ма дзырд цыдис генподрядон организаци арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Союз СтройПроект» Цхинвал æмæ Ленингоры районы цы объекттæ аразы, уыдоны куыстытæ куыд цæуынц, уый фæдыл. Уыцы объекттæ та сты дзулфыцæн комбинаты бæстыхай, Октябры уынджы дыууæ фарастуæладзыгон хæдзары, Хъайтары уынджы цæрæн микрорайон, сывæллæтты фыццæгæм цæхæрадон æмæ Ленингоры районы ас-тæуккаг иумиагахуырадон  скъола.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.