17-æм июны уагъд æрцыд 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл штабы радон рабадт. Уагъта йæ Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Рабадты хайад истой профилон министрадтæ æмæ ведомствоты, подрядон организациты, контролгæнæг органты къухдариуæггæнджытæ.

Куыд фæтк, афтæ ацы рабадты дæр уынаффæ цыд, Инвестпрограммæмæ хаст цы объекттæ æрцыдысты, уыдоны арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, цахæм проблемæтæ сæвзæры сæ разы æмæ куыд иуварс цæуынц, афтæ ма ивгъуыд рабадты цы хæстæ лæвæрд æрцыдысты, уыдон куыд æххæст цæуынц, уыцы фарстытыл.

Рабадты райдианы раныхас кодта республикæйы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, кæцыйæн хæсгонд уыд, цæмæй бацæттæ кодтаид, Инвестпрограммæмæ хаст арæзтадон объектты бынæттон цæрджытæй цас кусджытæ кусынц, уый тыххæй бæлвырдгæнæн. Министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй абоны бонмæ 20 объекты кусынц республикæйы 300 адæймагæй фылдæр. Уыдоны ‘хсæн ис, куыд рæнхъон кусджытæ, афтæ бæрзондквалификациджын специалисттæ дæр. Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй ацы фарстмæ сæрмагонд хъусдард здахы бæстæйы Президент Тыбылты Леонид. Уый подрядон организациты къухдариуæг-гæнджытæн бацамыдта, цæмæй куыстмæ исыны рæстæджы хынцой не ‘мбæстæгты интерестæ.

Ивгъуыд къуырийы рабадты ма цы проблемæйыл уынаффæ цыд, уый уыд республикæмæ цæгаты ‘рдыгæй бацæуæн фæндаджы былтыл арæзтадтæ  хивастæй аразын. Фарсты фæдыл Цхинвалы горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы здæхты цæуы бæрæг куыст, горæты арæзтады нормæтæ æмæ республикæйы столицæйы рæзты генералон планмæ гæсгæ хисæрмагонд арæзтадтæн арæзт цæуынц проекттæ.

Хъуылымбегты Доменти куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы фæндаджы былтыл æрмæст коммерцион здæхты объекттæ ма хъуамæ цæуой арæзт, фæлæ социалон объекттæ нысаниуæджы дæр.

Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæйæн æдзухон проблемæ у бахардзгонд электроэнергийы аргъ фидыны хъуыддаг. Ацы фарсты иувæрсты нæ ахызтысты рабадты хайадисджытæ дæр. Бюджетон организацитæ бахардзгонд электроэнергийы аргъ куыд фидынц, уый тыххæй фехъусын кодта Сæудæджерады, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты Сæрдар Дзассеты Васили. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы проблемæ кæронмæ аскъуыддзаг кæнын нæма бантыст. 7 июнмæ уыцы хæстæ фæкъаддæр сты 1 милуан 700 мин сомы, фæлæ уæддæр хæрдзты бæрц нырма у тынг бирæ – 17 милуан сомы.

Ацы фарсты фæдыл Хицауады Сæрдар карзæй бафæдзæхста æмæ æрсидт, цæмæй æфхæрæн мадзæлттæ ист цæуой, бахардзгонд электроэнергийы аргъ чи нæ фидынц, уыдоны ныхмæ. Йæ ны-хæстæм гæсгæ нæй бынтондæр æруадзæн цы ситуаци сæвзæрыд, уымæн – æхцатæ сæм куы ис, афтæмæй куынæ фидынц бахардзгонд электроэнергийы аргъ. Уый æрдомдта ацы хъуыддаджы бæрнджын адæймæгтæй, цæмæй æмбæлон мадзæлттæ райсой ахæм къухдариуæггæнджыты ныхмæ.

Рабадты хайадисджытæ дарддæр рахызтысты, Инвестпрограммæйы объектты куыстытæ куыд цæуынц æмæ хыгъдон документаци куыд арæзт цæуы, уыцы фарстытыл уынаффæ кæнынмæ. Хъуылымбегты Доменти куыд банысан кодта, афтæмæй арæзтадон куыстыты закъазгæнæг æмæ æххæстгæнæджы æхсæн документы æрзылд  хъуамæ цæуа оперативондæрæй, цæмæй æхцайы ахыгъдтытæ æххæст цæуой рæстæгыл æмæ график ма хæла.

Арæзтадон куыстыты гъæд, сæ темптæ æмæ проекттæм гæсгæ сты æви нæ, уыдæттыл уынаффæ кæнгæйæ, банысан æрцыд, зæгъгæ, горæты территорийыл цы ахуырадон æмæ социалон нысаниуæджы объекттæ арæзт цæуынц, уыдоны иууылдæр практикон æгъдауæй куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ, хицæн рæтты та графикæй раздæр. Ацы хъуыддаджы фыццаджы фыццаг банысан кæнын хъæуы, цы медицинон объекттæ арæзт цæуынц уыдон, уæлдайдæр та сывæллæтты бирæпрофилон рынчындон, кæцыйы аразы подрядон организаци гом акционерон æхсæнад «Спецмонтаж». Ныртæккæ ам фæуд кæнынц мидæггагон æмæ æддейæ куыстытæ. Уыцыиу рæстæджы хæрзарæзт цæуы йæ территори дæр. Куыстыты гъæдмæ нæй фау æрхæссæн. Ацы объект хъуамæ фæуа ацы азы ноябры мæйы.

Дарддæр хæрзарæзт цæуынц горæты уынгтæ дæр. Ныридæгæн æхсæз уынджы цæттæ сты асфальтгæнæн куыстытæм. Тугъанты Махарбеджы уынджы куыстытæ чысыл фæстиат кæнынц, газы æмæ донуадзæн хызæгтæ арæзт кæй цæуынц, уый тыххæй, фæлæ тагъд рæстæджы уыдон дæр фæуыдзысты. Ацы бонты доны ног хызæгмæ баиу æрцæудзæн Фæскомцæдисы уынг æмæ йæ цæрджытæ исдзысты доны хъæуæг гуырахст. Экологион, технологион æмæ арæзтадон хъусдарды комитеты сæрдар Тъехты Суликъо куыд банысан кодта, афтæмæй ам цалцæггæнæн куыстытæ чи æххæст кодта, уыцы подрядон организаци «Ремтрубсервис»-ы куыстмæ фау æрхæссæн нæй.

Кæронмæ фæхæццæ кæнынц Остъайы фырты уынджы хæрзарæзтады фæдыл куыстытæ, уый, зæгъæн ис, ныридæгæн цæттæ у асфальт кæнынмæ. Уымæй дарддæр ма куыстытæ æххæст цæуынц ноджыдæр цыппар уынджы – Цхинвалы, Хетæджы фырты, Интернационалон æмæ Кобылы фырты уынгты. Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй уынгты хæрзарæзтады  фарстыл хъæуы лæмбынæгдæрæй æруынаффæ кæнын æмæ фæндон бахаста, цæмæй йын хицæн рабадт снысан кæной.

Куыстытæ дарддæр цæуынц Инвестпрограм-мæйы ахæм ахсджиаг æмæ вазыгджын объект, куыд драмон театры бæстыхайы. Ныртæккæ ам æххæст цæуынц дыккаг фæлтæры æмбæрзæн куыстытæ. Ацы куыстытæн фесты сæ 80 проценты бæрц æмæ сæ кæронмæ та фæуыдзысты ацы мæйы фæудмæ.

Подрядон организаци гом акционерон æхсæнад «Эверест»-ы минæвар куыд фехъусын кодта, афтæмæй куыстытæ чысыл афæстиат сты къæвдаты аххосæй. Сценæйы бынмæ шахтæйы æфсæнкон, струкцитæ монтаж кæныны фæдыл куыстытæ дæр кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Уыдон куы фæуой, уæд монтаж кæнын райдзысты сценæйон ифтонггæрзтæ. Уыдон ныридæгæн æлхæд æрцыдысты. Сæ аргъ у 82 милуан сомы. Уыцы иурæстæджы æххæст цæуынц æддаг къулты фæлындзæн куыстытæ. Тагъд рæстæджы монтаж кæнын райдайдзысты фидар фасадон æрмæг – фибробетон кæуыл фидар кæндзысты, уыцы æфсæн каркас. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй объекты кусынц 154 адæймаджы, уыдонæй 96 сты бынæттон цæрджытæ. Ацы объекты арæзтадон-монтажгæнæн куыстытæ фæуыдзысты сентябры кæронмæ.

Нæй фау æрхæссæн горæты базары арæзтады гъæдмæ дæр. Ам дæр куыстытæ цæуынц график-мæ гæсгæ. Æппæт дæр арæзт цæуы уый тыххæй цæмæй нæ горæты центры уа нырыккон, хæрзвадат, рæсугъд базарадон объект.

Хицауады Сæрдар райгондæй баззадис, Паддзахадон университеты комплексы арæзтад куыд цæуы, уымæй дæр. Æрмæст ацы аз ацы объекты арæзтадыл хъуамæ бахардз уа 267 милуан сомы. «Куыд паддзахадон драмон театр, афтæ университет дæр хъуамæ суа ног дуджы символ, ахуырады æндидзынады символ. Ацы дыууæ объекты арæзтад кæронмæ фæуын у кады хъуыддаг», – загъта уый.

Рабадты ма уынаффæ цыдис Ленингоры районы Инвестпрограммæйы объекттыл. Ам чысыл фæстейæ зайынц графикæй, арæзтадон æрмæджытæй ифтонг кæныны къуылымпыдзинæдтæ кæй вæййы, уый аххосæй. Рабадты кæрон Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, зæгъгæ, кæд чысыл цухдзинæдтæ ис, уæддæр уыдон æнцонæй иуварс æрцæудзысты æмæ ацы азæн Ин-вестпрограммæ хъуамæ æххæст æрцæуа гъæдджынæй æмæ æппæт гуырахстæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.