Бæрцæй ма нымад бонтæ æмæ нæ театрдзаутæн йæ дуæрттæ байгом кæндзæн Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры ногарæзт бæстыхай. Театры сфæлдыстадон коллектив сценæмæкæсджыты размæ рахæсдзысты Къостайы поэмæ «Фатимæ»-мæ гæсгæ æвæрд спектакль. Театры байгом æмæ дзы Къостайы æнæмæлгæ уацмысмæ гæсгæ спектаклы сæвæрд стыр цау уыдзæн республикæйы культурон царды. Æмæ йæм æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц не ‘мбæстæгтæ.

Цалдæры хъуыдыимæ зонгæ кæнæм нæ газеткæсджыты.

 

ТЫНГ ÆХСЫЗГОН МЫН У

Мӕнӕн тынг ӕхсызгон у, нӕ уарзон театр ма кӕдӕй-уӕдӕй йӕ къахыл кӕй слӕууыд ӕмӕ дзы спектаклтæ ӕвӕрынӕн фадат кæй фӕзынд, уый. Национ театрӕн адӕмы  культурон царды егъау нысаниуӕг кӕй ис, уый рагӕй  фӕстӕмӕ аксиомæйы хуызӕн у ӕмӕ йӕ зӕрдыл дарын хъӕуы.

Рӕхджы байгом уыдзӕн театры ног сезон. Театрдзаутӕн  равдисдзысты Къостайы «Фатимӕ». Кӕд нӕ рӕдийын, уӕд бирӕтӕм уый аив нӕ кӕсы, ӕндыгъд драматикон спектаклӕй, дам, чизоны нӕ хъӕуы сезон байгом кӕнын. Мӕнмӕ  гӕсгӕ уыцы гуызавӕ йӕ бынаты нӕй. «Фатимӕ» у ахӕм драматикон шедевр, ӕмӕ кӕддӕриддӕр бӕрзонд сисынхъом у аивады тырыса,  йе ‘нкъард сценӕтӕ дӕр адӕймагӕн дӕттынц зонд ӕмӕ  зӕрдӕйы рухс, гуырын кӕнынц гуманистон  ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ  хъуыдытӕ, уымӕй дӕр ацы аз у Къостайы аз ӕмӕ  логикон  ӕгъдауӕй йӕхи растӕй ӕвдисы.

Нӕ национ театрӕн хорз традицитӕ ис ӕмӕ та радон хатт дӕр адӕмы зӕрдӕ кӕй барухс кӕндзӕн йӕ фыццаг  спектаклӕй, уый мӕм дызӕрдыггаг нӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ  дзы сӕ аивадон хъару ӕвдисдзысты нӕ курдиатджын артисттӕ. Арфӕ сын кӕнын зӕрдиагӕй, бантысӕт сын бирӕ хорз спектаклтӕ равдисын ног сезоны сӕ ног,  райдзаст ӕмӕ хӕрзифтонг бӕстыхайы!

Хъодалаты Герсан,

журнал «Фидиуӕджы» сӕйраг редактор

 

ÆНÆРХЪÆЦÆЙ ÆНХЪÆЛМÆ КÆСÆМ

Фыццаджыдæр мæ фæнды зæгъын уый, æмæ «Фатимæ»-йы спектакль ныр бирæ рæстæджы дæргъы кæй цæттæ кæнынц æмæ йæм адæм та æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц. Мах ыл сæмбæлдзыстæм стыр цины æнкъа-рæнтимæ æмæ ныл ныууадздзæнис хорз тæлмæнтæ.

«Фатимæ» у Хетæгкаты Къостайæн йæ сфæлдыстады бындуртæй сæ иу. Уый у æрмæст раздæры царды нывтæ æвдисæг нæ, фæлæ ма дзы ис бирæ характерон хъуыддæгтæ, æвдыст дзы цæуынц адæймæгты ‘хсæн ахастытæ: уарзондзинад, трагеди, циндзинад. Уыдон иу-уылдæр иумæ баиу сты æмæ дзы рабæрæг Къостайы сфæлдыстадон хъару. Мæ бон у уый зæгъын, нæ театры сценæйыл «Фатимæ»-йы сæвæрд кæй у ахсджиаг цау нæ адæмы культурон царды. Кæй зæгъын æй хъæуы, театры сфæлдыстадон коллектив æвæрдзысты æндæр спектакльтæ æмæ мæ фæнды, цæмæй се ‘хсæн уа фылдæр комедитæ. Чизоны искæмæ афтæ кæсы, æмæ комеди æрмæст худыны тыххæй у, фæлæ комеди зонд афтæ бацамоны, æмæ афтæ хъуыдыджын вæййы, æмæ дæлдæр ницæмæй вæййы. Ныфс мæ ис, æмæ «Фатимæ» æвдыст куы ‘рцæуа, нæ театр æппæт хъомысæй куы райдайа кусын, уæд театрдзаутæ дæр раздæрау кæй райдайдзысты цæуын сæ уарзон театрмæ. Иууыл хорз та уый у, æмæ театрдзаутæ фæстæмæ цины æнкъарæнтимæ куы здæхой.

ХЪУЫЛЫМБЕГТЫ Роберт,

Иисторион зонæдты кандидат

 

ТЕАТРЫ НОГ БÆСТЫХАЙ, НОГ ÆВÆРД СПЕКТАКЛЬ…

Театр культурæйы ахсджиаг скондон хай кæй у, уый алкæмæн дæр бæлвырд у. Хуссар Ирыстоны театр куы фæзынд, уæдæй нырмæ нæ артисттæй стæм буц æмæ сæрыстыр. Бирæтæ нын систы уарзон артисттæ æмæ дзы кæд абон бирæтæ не ‘хсæн нал сты, уæддæр сын арæх æрымысæм сæ рухс нæмттæ æмæ фæлгæндзтæ.

Театры бæстыхай кæд басыгъд, кæд фæзынд алыгъуызон зындзинæдтæ, уæддæр нæ адæм театры хорздзинæдтæй цух нæ баззадысты. Нæ артисттæ сæ куыст кодтой Профцæдисты бæстыхайы æмæ театрдзаутæ уырдæм цыдысты æнæзивæг æмæ цины æнкъарæнтимæ, сæ уарзон спектаклтæ æмæ артистты архайдмæ бакæсынмæ.

Рæхджы нæ театры сфæлдыстадон коллектив йæ куыст райдайдзæнис ног бæстыхайы. Уыцы цауыл æз сæм-бæлдтæн æхсызгонæй. Бацин ма кодтон ууыл дæр, æмæ дзы фыццаг æвдыст кæй æрцæудзæнис Хетæгкаты Къостайы поэмæ «Фатимæ»-мæ гæсгæ æвæрд спектакль.

Æхсызгон хабар ма у уый дæр, æмæ театры агъуыст æххæстæй кæй бахъахъхъæдта йæ раздæры хуыз. Æз дзы ныридæгæн уыдтæн цалдæр хатты æмæ мæ алы хатт дæр дисы баппары йæ аив арæзтæй, йæ фæлгонцджын къултæ æмæ царæй. Куыд артисттæн, афтæ дзы театрдзаутæн дæр ис æппæт уавæртæ æмæ уырнинаг у, тагъд дзы не ‘ппæт дæр æхцондзинад исын кæй райдайдзыстæм, уый.

 

ГÆЗЗАТЫ Иван,

Журналист

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.