Рæстæг йемæ бирæ ивындзинæдтæ хæссы. Уыдонæй иутæ хорзæрдæм бандавынц хицæн æмбæстæгты æрвылбонон цардыл, æхсæнадыл, иннæтæ та намысджын фæллойгæнæгæн свæййынц масты хос. Хъæууон фæллойгæнджытæн ивгъуыд æнусы коллективон хæдзарадты сырæзт уыд стыр ныфсы хос, кæд дзы иуæй-иу цухдзинæдтæ уыд, уæддæр зæхкусæг кæм бакуыстаид, уый йын уыд æмæ йыл йæ зæрдæ нæ ивта. Бæркады ратæдзæн хъæууон фæллойгæнæджы къухтæй рантысы, йæ æдзухон архайд æмæ æвæллайгæ фæллойы руаджы. Æцæгдæр, цас у йæ фыдæбон, йæ уæзæгæвæрд армæй сырæзы хъæууонхæдзарадон культурæтæ æмæ фосдарды продуктты парахатдзинад. Кæд нæм æхсæнадон хæдзарадтæ нал уæвынад кæнынц, уæддæр уый нæ бахъыгдардта куыстыл иузæрдион фæллойгæнджыты æмæ дарддæр дæр фæллой кæнынц хисæрмагонд хæдзарадты. Уымæй, кæй зæгъын æй хъæуы, рогдæр кæнынц горæты цæрджыты домæнтæ. Ахæм куыстуарзаг æмбæстæгтæ дзæвгар ис Цхинвалы районы Къостайыхъæуы дæр æмæ уæхскуæзæй кусынц, цæмæй фылдæр кæной, хисæрмагонд хæдзарадты цы фос дарынц, уыдон, стæй сæ зæххы фадгуыты байтыдты фæзуæттæ. Зæгъын хъæуы, ацы хъуыддаджы нæлгоймæгты æмрæнхъ къаддæр кæй не ‘нтысы, сылгоймаг фæллойгæнджытæн дæр, уый.

Тегкаты Маринæ сæумæцъæхæй балæууы йæ зылдтыты уæлхъус æмæ йæ хайбавæрд хæссы куыд зæххы куыст, афтæ фосдарды продуктивондзинады рæзтмæ дæр. Йæ хæдзаргæрон зæххы фадыджы байтауы хъæдур, цæхæрадоны халсæрттæ, ныссадзы дзы картоф æмæ æндæр культурæтæ, базилы сæм хорз, бинонтæ сæ нæ ныууадзынц дон цух æмæ сæ райсынц хъæздыг тыллæг. Хуыммæ фæкæсы органикон хъацæнтæй. Уый фæстæ йæ бахуым кæны йæ сæрыхицау Тегкаты Геннади æмæ бинонтæн сæ уалдзыгон куыстытæ сарæх вæййынц. Маринæ бирæ уарзы дидинджытæм зилын æмæ уыдонæй дæр цух нæу йæ зæххы фадыг. Æмкъæйттæ Дудайты Нугзар æмæ Евелинæйы зæххы фадыгмæ дæр куы бакæсай, уæд дзы адæймаджы зæрдæ рухс кæны. Дзæвгар ныссагътой картоф, зилынц сæм хорз æмæ ныр дидинæг акалдтой. Байтыдтой ма хъæдур æмæ æндæр культурæтæ æмæ сæ уындæй адæймаджы зæрдæ рухс кæны, сæ зæххы фадыгмæ бакæсгæйæ, адæймаг зæгъдзæн, уый сæрвасæнæй фаст у, зæгъгæ. Бирæ дарынц стуртæ, уыцы нымæцы хъуццытæ, стæй мæргътæ дæр. Къаддæр стуртæм нæ зилы Гоцъиты Евелинæ дæр. Ноджы фылдæр та сын уыдысты, йæ сæрыхицау Таймураз цардæгас куы уыд, уæд. Фæлæ сæрæн сылгоймагæн сæумæрайсомæй изæрдалынгтæм нæй æрынцой, быхсы, цæмæй бинонтæ цух ма уой фосдарды продукттæй, стæй материалон æгъдауæй дæр.

Нæ радтæг зæхмæ хæдзардзин ахаст чи дары, ахæмтæ ноджыдæр дзæвгар ис ацы хъæуы. Уыдон æрвылаз дæр мæрмæ базилынц хорз, агротехникæйы фæткойтæ феххæст кæнынц дырысæй. Ахæмты нымæцмæ хауынц Санахъоты Валери, Хуыбиаты Митя, Жаннæ, Джиоты Ремсо, Сабанты Дианоз, æвзонг лæппу Хъабанты Батрадз æмæ æндæртæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.