9 майы горæт-хъайтар Сталиниры Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты цы хъайтартæ фæмард, уыдон номыл Æнусон арты раз Республикæйы Уæлдæр сæйраг командæгæнæг, Президент Бибылты Анатоли сæвæрдта Кады гирляндæ. Ацы кадджын мадзалы ма хайад райстой хицауады бæрнон кусджытæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Къулахметов, министртæ, уагдæтты къухдариуæггæнджытæ, депутаттæ.

Æрвыл аз дæр ацы бынаты Æнусон арты раз Хъæбатырты Аллейæйы уагъд æрцæуы хъайтарты номыл æмæ хæсты быдырæй чи нал æрыздæхт, уыдон рухс нæмттæ мысыны охыл кадджын мадзал. Фæлæ ацы аз дунейы цы æнæхайыры инфекцион низ тезгъо кæны, уый аххосæй юбилеон мадзæлттæ уагъд цæуынц фæкъуындæггонд уавæрты.

Уымæ нæкæсгæйæ ацы мадзалы хайадисджытæ уыцы бон дидинджытæ æмæ веноктæ сæ-вæрдтой, Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты номыл Цхинвалы районы Присы хъæуы цы мемориалон комплекс ис, уый раз.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты алы фронтты чи тох кодта æмæ сæрибардзинад чи æввахсдæр кодта уыцы уæззау хæстон азты, уыдон номыл ма ахæм æнгæс цырт æвæрд ис Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы. Республикæйы Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй ацы цырты раз дæр æвæрд æрцыд веноктæ æмæ дидинджытæ. Ацы мадзалы ма хайад райстой хъæуы цæрджытæ дæр, уыдон дæр рацыдысты, сæ хъæуæй хæстмæ цы хъæбатыр лæппутæ фæцыд тохы быдырмæ, уыдон нæмттæ ссарыны мадзалмæ.

Хуссар Ирыстоны дæр, коронавирусы аххосæй, 9 майы Уæлахизы цытæн мадзæлттæ – Уæлахизы парад æмæ «Æнæмæлгæ полчы» рацыд хаст æрцыдысты æндæр, хуыздæр рæс-тæгмæ.

Нæ уацх

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.