Ацæугæ азæн хатдзæгтæ аразын, бæстæйы алы фадыджы æнтыстытæ æмæ бирæ æндæр цымыдисгæнæг фарстытæн Президент Бибылты Анатоли лæмбынæг дзуаппытæ скодта Хуссар Ирыстон æмæ уæрæсейаг информацион фæрæзты минæвæрттæн йæ хыгъдон пресс-конференцийы рæстæджы.

Æрбалæугæ Ног азы къæсæрыл кæй стæм, уый фæдыл бæстæйы сæргълæууæг ракодта зæрдæбын арфæтæ Хуссар Ирыстоны адæмæн. Банысан кодта, афæдзы дæргъы куыстыл цæст ахæсгæйæ къухдариуæгады къахдзæфтæ здæхт кæй уыдысты алыварсон социалон программæтæ реализаци кæнынмæ æмæ паддзахадон ахсджиаг нысаниуæджы фарстытæ бæстон кæнынмæ.

Æрбалæугæ 2022 аз Хуссар Ирыстоны уагъд цæудзысты президентон æвзæрстытæ. Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ президенты бынатмæ кандидатæн сæйраг у адæмы æууæнкдзинад. Уымæйдæр, ацы бæрзонд бынатмæ чи цæуы, уымæн  ахсджиаг у паддзахадон хъуыдыкæнынад. Æвзæрстытæ уагъд хъуамæ æрцæуой закъон, æмæ бæрæг рæстæгмæ гæсгæ.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уый æппындæр ницы хъыгдары, цæмæй йæ кандидатурæ бахæсса, уымæн æмæ ахæм хъуыддаг нæй, цы хъуыддаджы æфсæрмыйы бынаты уа йæ адæмы раз.

Таможнæйон фиддонтæ

Ацы фарсты фæдыл Президент радзырдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн ацы фиддонтæ фылдæр кæндзысты, нæ бæстæйы адæмы царды уавæртæ куыд бæрзонддæр кæной, уымæ гæсгæ. Уыцы хъуыддаджы бæстæйы сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта УФ-йы Федералон таможнæйон службæйы къухдариуæгадæн. Уымæн æмæ уыдон руаджы куыст цæуы интеграцион процестæ рæзын кæныныл.

«Ныртæккæ мах таможнæйыл хизгæйæ цы зындзинæдтыл æмбæлæм, уыдон баст сты бæрæг цæлхдуртимæ. Æмбарын ма хъæуы иу хъуыддаг, Хуссар Ирыстонæн йæхи таможнæйон закъондæттынад кæй ис æмæ Уæрæсе та архайы Евразиаг таможнæйон кодексмæ гæсгæ. Уымæ гæсгæ уæрæсейаг таможнæйы иу кусæг дæр нæ ацæудзæн закъоны ныхмæ», – банысан кодта Президент.

Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад райсыны уавæртæ

Нæ республикæйы цæрджытæ цымыдис кæнынц Уæрæсейы Федерациимæ æмбæлон сразыдзинады бындурыл хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæн фадат кæй уыдзæн уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсынæн.

«Хуссар Ирыстоны цæрджытæн уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсыны фадæттæ уыдзæн 2022 азы райдианы, уæрæсейаг фарсы ‘рдыгæй æмбæлон сразыдзинад ратификаци куы æрцæуа, уæд. Ныртæккæ æнхъæлмæ кæсæм ацы сразыдзинад УФ-йы Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советы ратификаци кæд æрцæудзæн, уымæ. Æрбалæугæ азы райдианы бæрæг уыдзæн, цахæм къахдзæфтæ аразын бахъæудзæн уæрæсейаг æмбæстагдзинады бæлвырдгæнæн райсынæн.

Хуссар Ирыстоны цæрджытæн ахсджиаг у дывæр æмбæстагдзинады æмæ фæхуымæтæггонд уавæрты уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсыны фарст. Уыцы ахсджиаг хъуыддагмæ рагæй цæттæ кодтам нæхи æмæ сразыдзинад бацæттæ кæныны фæдыл процедурæ дæр рæстæгыл уагъд æрцыд. Уыцы сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцыд растдæр уыцы рæстæг, æмæ иуæй-иу ныгуылæйнаг бæстæтæ Уæрæсейы куы хæсджын кодтой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады хъуыддаг аивын.

Фæлæ Владимир Путин сразыдзинадыл йæ къух бафыссынæй бамбарын кодта, Уæрæсейы уæлдæр къухдариуæгад цы уынаффæтæ исы, уыдон кæй нæ фæивдзæн æмæ здæхт кæй сты Хуссар Ирыстоны цæрджыты фæрныгад хуыздæр кæнын æмæ размæ цæ-уынæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Æмбарын хъæуы уый дæр, æмæ нырма ис фарстытæ, кæцытæ æмразы хъуамæ æрцæуой уагдæтты æхсæн. Ацы уынаффæтæ здæхт сты уымæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæмæн фадат уа размæ цæуынæн сæхи фæндæттæм гæсгæ. Ацы сразыдзинадмæ гæсгæ ма не ‘мбæстæгтæ хъахъхъæд цæудзысты социалон æгъдауæй æмæ сын фадат уыдзæн уæрæсейаг пенситæ исынæн дæр.

Æмахастытæ

Æфсымæрон Цæгат Ирыстон-Аланийæ информацион фæрæзты минæвæрттæ цымыдис кодтой дарддæр куыд рæздзысты бæстæты æхсæн не ‘нгом ахастытæ.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Ирыстон цæгат æмæ хуссарыл нæ дих кæны – ис  Ирыстоны дыууæ хайы.

«Нæ æмархайд бæрæг æмæ бæлвырд у, æрæджы дæр нæ делегаци уыд Ирыстоны цæ-гат хайы æмархайд æмæ паддзахадон службæйы фæдыл фæлтæрддзинад кæрæдзийæн дæттыны фарстыты фæдыл. Хуссар Ирыстоны паддзахадон службæ рæзын кæнынæн æмæ нæ цæгаттаг æфсымæртимæ æнгом æмархайдæн уый серьезон къахдзæф у», – банысан кодта Президент.

Нæ республикæйы æмбæстæгтæй йæ рæстæджы фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты чи службæ кодта, уыдонæн ныртæккæ цы фæрæзтæ фыст цæуы, уыцы хъæрзиуæгон хъуыддаг дæр æнгом баст у Цæгат Ирыстоны Пенсион фондимæ. Уый дæр, зæгъгæ, у æмархайды иу цæг.

Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ æмархайд бæрæг цæуы практикон æгъдауæй алы здæхты дæр. Бæстæйы къухдариуæггæнджыты ахастытыл дзырд дæр нæй – раздæры æфсæддон службæгæнджытæ иу сулæфтæй дæр æмбарынц сæ кæрæдзи.

Президент ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ медицинæйы фадыджы æмархайдыл дзырд куы цæуа, уæд Хуссар Ирыстоны Æнæ-низдзинад хъахъхъæныны министр æрæджы фембæлд Цæгат Ирыстоны æнгæс министри-мæ, Цæгат Ирыстонмæ, æмæ æмткæй Уæрæ-сейы территоримæ, уæззау рынчынты эвакуа-ци кæнынæн уавæртæ саразыны тыххæй. Ахæм рынчынтæм рæстæгыл хъусдард æмæ тагъдыл медицинон æххуыс бакæнынæн уый уыдзæн ахсджиаг къахдзæф.

Арæнты тыххæй фарст

Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнты демаркацийы фæдыл къамис йæ бакæнгæ куысты фæдыл Президентæн информаци бавдисыны бæсты зыгъуыммæ кæны информаци. Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, къамис президенты арæзт у, æмæ информаци уыдон хъуамæ дæттой президентæн сæ бакæнгæ куысты фæдыл, æмæ йæ уый фæстæ æркæсынмæ Парламентмæ рахæссой, уыдон та Президентæй домынц информаци.

«Нæ оппоненттæ æнцой кæнынц 1922 азы апрелы мæйы цы Декрет ист æрцыд, ууыл. Уæд нырма Советон Цæдис дæр нæ уæвынад кодта. Æмæ цæмæй ахæм хъусынгæнинæгтæ аразай, уый хæдразмæ хъуамæ зонай, цы у картæ æмæ топографи. Сæрмагондæй, нæ оппоненттæ цы картæ сныв кодтой, уымæ гæсгæ нæ паддзахады территоримæ нæ хауынц цæрæн пункттæ Гудзабар, Арцеу, Орчъосан æмæ уыдонмæ æввахс территоритæ. Хуссар Ирыстонмæ та хауы гуырдзиаг хъæу Чорчона, кæцы нæ территоримæ никуы хауд.

Ахæм хъуыды æмæ политикæйыл хæст кæд стæм, уæд кæм сты нæ иннæ территори-тæ – Хъоб кæнæ Тырсыгом», – банысан кодта Президент.

Къухдариуæгады къабæзты архайд

Пресс-конференцийы рæстæджы рæгъмæ хаст æрцыд къухдариуæгады æххæсткæнынадон æмæ закъондæттынадон къабæзты æмархайд æмæ ныхмæвæрд хъуыдыты фæдыл фарст.

Бæстæйы сæргълæууæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ныхмæвæрд хъуыдыйыл хæст сты Парламенты депутатты иу хай. Зæрдыл æрлæууын кодта, 2021 азæн Паддзахадон бюджетыл æруынаффæ кæныны фæдыл ныхмæвæрд хъуыдытæ, иннæрдыгæй нæ æмбæстаг Дзабиты Иналы трагикон мæлæты фæстæ закъондæттынадон органы куыст урæд куы æрцыд, уыдæттæ. Уый тыххæй Президент æрсидт, цæмæй алчидæр йæ архайдтытæй æнцой кæна Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийыл æмæ æххæст кæна сæйраг закъоны домындзинæдтæ.

Аххосджынтæ æфхæрд баййафдзысты

Дзабиты Иналы амæлæты фæдыл фæдагурæн мадзæлттæ цы уавæры сты, уыцы фарсты фæдыл Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, аххосджынтæ баййафдзысты закъонмæ гæсгæ æмбæлон æфхæрд. Тæрхондонон органтæ фæстæмæ прокуратурæмæ бакусынмæ барвыстой ацы фыдракæнды фæдыл хъуыддаг.

«Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы фыдракæнд ахæм хуымæтæджы нæу, кæцы цыбыр рæстæгмæ бæрæг æрцæуа. Закъоны нормæтæ куыд домынц, ахæм рæстæг æмæ уынаффæтæм гæсгæ фæдагурæн мадзæлттæ уагъд цæуынц. Ацы уголовон хъуыддаджы фæдыл цы арæзт цæуы, уый ис закъоны фæлгæтты. Æмæ уынаффæтæ дæр ахъазгæнæг уыдзысты аххосджынты бафхæрыны нысанæн. Хатыр никæмæн уыдзæн, нæдæр хъуыддаг ныддаргъ уыдзæн», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Цънелисы сæвзæргæ уавæр æмæ Гуырдзыстон абон уа, æви сом – банымайдзæн Хуссар Ирыстоны

Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны территорийыл æнæзакъонæй полициæгты пост кæй сæ-вæрдта, уый фæстаг рæстæджы æндыгъддзинад æвзæрын кæны Знауыры районы Цъне-лисы хъæуы. Уый тыххæй йæ рæсæджы ист æрцыд уынаффæ, цæмæй хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнджыты постытæ æвæрд æрцæуой арæнгæрон районты.

Бæстæйы сæргълæууæг æнæразыдзинад равдыста, зæгъгæ, бирæтæ æнæбындур ныхас кæныны бæсты искуы бабæрæг кодтой уыцы постытæ. Науæд бæрзонд ныхæстæ чи кæны, уыдонæй иу адæймаг нæ бацымыдис кодта æмæ нæ бафарста, цæмæй хъæуы баххуыс кæнын. Æмæ æфсæддон хъаугъайы руаджы гуырдзиаг пост аиуварс кæныны хъуыдыйыл хæст чи у, уыдон цæмæннæ хъуыды кæнынц, уыцы бынаты чи цæры, уыцы æмбæстæгтыл?

«Йæ рæстæджы ацы пост æвæрд куы æрцыд, уæд бирæ адæм сæ сывæллæтты кодтой горæтæй æддæмæ, ома, та хæстон архæйдтытæ райдыдтой. Уымæ гæсгæ мæн мæ адæмæн нал фæнды хæст æруадзын. Уыцы фарст æрбæстон кæныныл архайдзыстæм политикон фадæттæй», – загъта Бибылты Анатоли.

Бæстæйы сæргълæууæг ныфс бавæрдта, абонсом Гуырдзыстон кæй банымайдзæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад.

«Гуырдзыстоны къухдариуæгад иттæг хорз æмбары, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы кæй фесæфта. Йæ рæстæджы Хуссар Ирыстон Гуырдзыстоны республикæйы сконды кæй уыд, уый та уыд ивгъуыд æнусы стыр политикон рæдыд хъуыддаг», – загъта уый.

Хицауады куыстæн аргъгæнгæйæ

Пресс-конференцийы рæстæджы нæ республикæйы хицауады ацы азы куыстæн аргъгæнгæйæ Президент банысан кодта, зæгъгæ, йын хорз æнтыстытæ уыд – цæрæнуат фæхуыздæр кæнын, адæмы уавæртæ æмæ æндæр фадæттæ фæрог кæнын. Хицауады хъаруты руаджы бæрæг фæфылдæр сты куыстмыздтæ бюджетон фадыджы, паддзахадон службæгæнджытæ æмæ техникон кусджытæн. Иууыл ахсджиагдæр æнтыстыл банымадта резервон электроадæттæн хаххы баиу кæнын.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ныр цалдæр азы хицауад чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн кæны æмбæлон æххуыс. Хицæн сын æрцыд сæдæ милуан сомæй фылдæр, уыдонæн сæ 70 проценты хицæн æрцыдысты хъæууон хæдзарад рæзын кæнынæн.

Базарады æмæ рауагъдады фадгуыты райрæзт та банымадта Хуссар Ирыстоны хи-цауады æмархайды фæстиуæгыл сæ уæрæсейаг коллегæтимæ.

Районты газификаци

Ацы фарсты фæдыл паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, Хуссар Ирыстоны районты газификацийы фарст цадæггай бæстон кæнынмæ кæй æрæвнæлдæуыдзæн 2022 азы фыццаг кварталы. Уымæн æмæ уый у бæстæйы къухдариуæгады фыццаградон хæстæй сæ иу. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æрæджы Санкт-Петербурджы Уæрæсейы Газпромы сæргълæууæг Алексей Миллеримæ кусæгон фембæлды рæстæджы, лæмбынæг уынаффæ цыд ацы ахсджиаг фарстыл.

«Газпромы къухдариуæгад цæттæ у ацы проект реализаци кæнынмæ, ницы цæлхдуртæ сын нæй, æрмæстдæр хъæуы проектмæ ивындзинæдтæ бахæссын», – банысан кодта уый.

Белоруссийæн æппæт бындуртæ ис нæ бæстæ банымайынæн

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Белоруссийы ‘рдыгæй банымайыны перспективæйыл дзургæйæ, Президент банысан кодта, ацы бæстæйы сæргълæууæг бирæ хæттыты кæй фехъусын кодта йæ позици. Уымæн æмæ фæстаг рæстæджы белорусаг адæм сæхи уæлæ цы бавзæрстой, уымæй сын æппæт бындуртæ дæр ис, цæмæй банымайой Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад.

«Александр Лукащенко у бæрзонд æмвæзады политик. Уый йæ бæстæйы нæ бауагъта æруадзын, Украинæйы цы хабæрттæ æрцыд, уыдон.

Æфсымæрон белорусаг æмæ нæ бæстæйы истори, гæнæн ис, æмæ суа нæ паддзахад банымайынæн серьезон бындур. Белоруссийы æмæ Хуссар Ирыстоны цы информацион, экономикон, санкцион хæст цæуы, уый баст у Уæрæсеимæ. Æмæ кæд афтæ нымайæм æмæ Белорусси, Уæрæсе æмæ Абхазимæ иу бинонтæ стæм, уæд æнгом хъуамæ уæм æмæ кæрæдзийыл хæцæм æмæ иу райрæзты фæндагыл цæуæм.

Нæ бæстæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады архайдыл стыр æнæразыдзинадимæ æмбæлынц гуырдзиаг æхсæнад. Уый сæхи хъуыддаг у, фæлæ цард дарддæр кæны, æмæ Хуссар Ирыстоны банымайыны процесс у æнæаивгæ. Дарддæр куыст цæудзæн, цæмæй нæ банымайой æндæр бæстæтæ. Уыцы хъуыддагæй мах нæ иуварс кæнæм нæхи, афтæ Уæрæсейы скондмæ тырнындзинадæй дæр. Стæйдæр иу хъуыддаг аннæйы ницы хъыгдары», – дзырдта Президент.

Экономикæйы реалон сектор

Информацион фæрæзты ма цымыдис кодта ацы фадыджы уавæры фæдыл фарст. Бæстæйы сæргълæууæг куыд радзырдта, уымæ гæсгæ бацæттæ æмæ Парламентмæ бавдыст æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл программæ. Уыцы программæмæ гæсгæ план цæуы цыбыр рæстæгмæ фиддонты руаджы фæфылдæр кæнын æфтиæгтæ.

«Ныртæккæйы 1,3 миллиард сомы æфтиæгтæ хъуамæ фæфылдæр уой 2,7 миллиард сомы бæрцмæ. Уый у, æввахс æртæ азмæ хицауады раз цы сæйраг фарст лæууы, уый. Уыцы æфтиæгтæ цадæггай хъуамæ цæуой Хуссар Ирыстоны бюджетмæ. Сæйраджыдæр æнцой кæнæм хъæууон хæдзарадыл. Уыцы программæ у лæмбынæг æмæ æмбæрстгонд æмæ здæхт у Хуссар Ирыстоны райрæзтмæ.

Нæ уæрæсейаг коллегæты зæрдиагæй фæнды, цæмæй Хуссар Ирыстон рахиза ахæм æмвæзадмæ, æмæ йæ мауал хъæуа финансон интервенцитæ. Æмæ мæн ныфс ис, æмæ махæн иумæ бантысдзæн уый сæххæст кæнын», – банысан кодта уый.

Бибылты Анатоли сæйраг акцент сæвæрдта, Хуссар Ирыстон хæрзвадат инвестицион климат кæй сарæзта, ууыл. Ныртæккæ ахæм егъау инвестор у БТК-4, ООО «Южный сад», сæна-разæн «Иронсæн» æмæ агуыриаразæн завод.

Ныридæгæн куыст цæуы Ленингоры бæгæныфыцæн завод скусын кæныны фæдыл проекттыл. Уый фæдыл инвестициты бæрц у 100 милуан сомы.

Дзырд ма цыд нæ республикæйы территорийыл туризм рай-рæзын кæныныл. Ацы фадыг ныртæккæ æнцойад кæны æвзонг лæппуты энтузиазмыл. Ацы фадыгмæ цымыдисдзинад ис, æмæ Президент ныфс бавæрдта, уыцы хъуыддаг цадæггай бæстон кæй цæудзæн. Уымæн æмæ нæ фарсмæ реализаци цæуы «Мамысон»-ы проект. Уый перспективон здæхт у æмæ реализаци цæудзæн ацы фадыджы фарст рæзын кæныны фадæттыл.

Æдасдзинад у сæйраг

Хуссар Ирыстоны цæрджыты æдасдзинады фарст абоны онг дæр у актуалон фарст. Женевæйы дискусситы фæлгæтты суанг 2008 азæй фæстæмæ куыст цæуы нæ бæстæйы ныхмæ тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн Гуырдзыстоны ‘рдыгæй, уыцы Меморандумыл къухтæ æрфыссын.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй тæссагдзинад æнкъарæм æнусæй фылдæр рæстæг, суанг 1920 азы геноцидæй æмæ 2004 æмæ 2008 азты цаутыл фæугæйæ. 1930 азы та куынæг цыдысты нæ интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæ.

«Гуырдзыстоны æруромдзысты, æрмæстдæр, дунеон хæсджынгæнæг документтæ, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы Меморандум. Фæлæ цалынмæдæриддæр Гуырдзыстон НАТО-йы дæлбазыр уа æмæ Уæрæсейæн хæлар цы бæстæтæ не сты, уыдоны скондмæ тырна, уæдмæ Хуссар Ирыстонæн дæр æдасдзинады фарст ахсджиаг у», – банысан кодта бæстæ-йы сæргълæууæг.

Гуырдзыстон махæн фыдæх паддзахад у æмæ æввахс рæс-тæджы нæ фæивдзæн йæ хъуыды, Хуссар Ирыстон Гуырдзыстон кæй нæу æмæ кæй нæ уыд.

Инвестицион программæ нысаниуæгджын у Хуссар Ирыстонæн

Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг у Уæрæсеимæ Социалон-экономикон рæзты æмархайды фæдыл Инвестицион программæйы реализаци. Уый бæстæйы сæргълæууæг нысаниуæгджын цауыл банымадта. Уымæн æмæ цыппар азы дæргъы йæ реализаци 90 процентæй къаддæр никуы уыд. Ацы аз та у 94. Ацы программæйы цы æмвæзадыл реализаци цæуы, уымæ гæсгæ – рæстæгмæ æмæ объектты арæзтады гъæд дзурæг у йæ егъау нысаниуæгыл.

Ацæугæ азы нысаниуæгджын цаутæ

Ацæугæ азы нысаниуæгджын цауыл Президент банымадта цалдæры – электроифтонгады резервон хахх эксплуатацимæ радтын, паддзахадон службæгæнджытæ, бюджетон фадыджы æмæ техникон кусджыты куыстмыздтæ фæфылдæр кæнын. Æмæ ма иу нысаниуæгджын цау, кæцы ныртæккæ ис Парламенты æркæсынмæ – уый у ахæм программæ, кæцыйы руаджы мах ныфс ис, æмæ Хуссар Ирыстон фидар къахдзæфтæ кæй сараз-дзæн экономикæйы здæхты.

Сæйраг у нацийы æнæниздзинад

Нацийы æнæниздзинад сæйраг фарст кæй у, уый ныр хорз æмбарæм. Дунейы цы пандеми ныппарахат, уый бахоста алы бæстæйы дуæрттæ, æнæхай дзы нæ баззадыстæм мах дæр. Уый ныхмæ тохæй дарддæр ма Æнæниздзинад хъахъхъæныны хаххыл цæуы серьезон куыст – æрæджы нæ республикæмæ æрластой 4 реанимобилы, хуынд æрцыдысты, æрхæгтыл чи операци кæны, ахæм специалисттæ, æрæджы, йе ‘нæниздзинад цудыд кæмæн у, ахæм сывæллæттæ æрвыст æрцыдысты Хъы-рыммæ реабилитацимæ, арæзт æрцыд гемодиализы процедурæ рацæуынæн уавæртæ, Уæрæсейæ хуынд цæуынц бæрзонд æмвæзадыл специалисттæ – сывæллæтты хирургтæ.

Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ адæм хъуамæ æмбарой уый, æмæ æрвылаз дæр диспансеризаци рацæуын æнæмæнгхъæуæг кæй у, цæмæй бахъахъхъæнæм не ‘нæниздзинад.

Товарты æргътæ

Президенты ныхæстæм гæсгæ паддзахадæн йæ бон у æмæ йæ хъус дара фыццаг æнæмæнгхъæуæг продуктты æргътæм, иннæ товарты æргътæ бæрæг кæны базарад.

Фæлæ уыйхыгъд бахæс æрцыд Хицауадæн, цæмæй æрлæугæ азы райдиан фæкъаддæр кæной æртаг-сæрдæн æрмæджыты аргъ. Уымæн æмæ уый æрмæст хуымæтæг адæмыл не ‘ндавы, фæлæ Инвестицион программæйы реализацийыл дæр.

Низы ныхмæ вакцинæ аразын хъæуæг у

Социалон хызæгты руаджы алыгъуызон æнæраст информаци хæццæ кæны адæмы хъуыдыкæнынад. Уыдон ныхмæ тох кæнын æмæ сæ ахæсты цæмæй ма бахауай, уый тыххæй Президент банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ сæйраг у ног коронавирусон инфекцийы ныхмæ тох кæнын. Адæм хъуамæ бамбарой, ацы вирусы тæссагдзинад æмæ йæ ныхмæ вакцинæ аразын кæй хъæуы, уыцы хъуыддаг.

«Мах цæмæн уырнынц мæнг, æнæбындур ныхæстæ? Æмæ нæ цæмæннæ уырнынц дохтырты ныхæстæ. Уымæн æмæ стæм социалон хызæгты ахæсты. Уыцы хызæгтæ нæ сæхгæндзыстæм, нæдæр сæ æруромдзыстæм. Фæлæ хъуамæ æмбарæм уый, æмæ хызæгты йæхи номæй чи нæ фыссы, уыдон не ‘хсæнадæн хорзæй ницы æрхæсдзысты», – банысан кодта уый.

Уымæ гæсгæ æрсидт, цæмæй алы æмбæстаг дæр аудгæ ахаст дара йе ‘нæниздзинадмæ æмæ хæцгæ низы ныхмæ вакцинæ сараза.

Президент ма лæмбынæг æмбарынгæнæн дзуаппытæ скод-та æвзонг бинонты цæрæнуатæй сифтонг кæныны, нæ горæты дыккæгæм музыкалон скъолайы бæстыхайы уавæр, цæмæ æнхъæлмæ кæсæм æрлæугæ азмæ æмæ æндæр къорд ахсджиаг фарстытæн

Кæцыфæнды къухдариуæггæнæгæн дæр сæйраг у бæстæйы рæзт æмæ размæдзыд æхсæнад. Ууыл архайы бæстæйы къухдариуæгад æмæ сын æнтысгæ дæр кæны.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.