Нæ абоны фæлтæр хъуамæ буц уой сæ фыдæлтæй, царды сын бирæ бафæзминаг æгъдæуттæ кæй ныууагътой æмæ абоны бонмæ кæй æрхæццæ сты, уымæй. Ныр кæстæрты комкоммæ хæс у, цæмæй хъахъхъæной æмæ дарддæр кæной уыцы раппæлинаг æгъдæуттæ, дæттой сæ фæлтæрæй фæлтæртæм.. Зæгъын хъæуы, нæ фыдæлтæ номхæссæн нæ уыдысты канд хъæбатырдзинадæй, Райгуырæн бæстæйыл æнувыд уæвын æмæ хъахъхъæнынæй нæ, фæлæ ма уыимæ иумæ хъæлдзæгæй æрвыстой сæ улæфты бонтæ, уагътой сæ фæллад. Сæ рæстæг æрвитыны иууыл хуыздæр æмæ парахатдæр хуызтæ уыдысты адæмон хъæзтытæ æмæ кæфтытæ æххæст кæнын. Уыдон ахъаз уыдысты адæймаджы физикон æгъдауæй фæлтæрынæн æмæ хæрзæгъдауы хъомылады рæзтæн. Ивгъуыд фæлтæры уыцы раппæлинаг æмæ бафæзминаг æгъдæуттæ цæмæй абоны фæлтæр сæ зæрдæмæ æввахс æрбайсой, рæстæджы фæлмы ма атайой, фæлæ æндидзой æмæ сæ пайда кæной кæстæртæ, ууыл зæрдиагæй кусы æмæ архайы Культурæйы министрады цур Адæмон сфæлдыстады республикон центры куыстуарзаг коллектив, йæ директор Гуыцмæзты Ельзæ, афтæмæй. Алчи дæр сæ у йæ хъуыддаджы дæсны æмæ цæстуарзонæй архайынц адæмон сфæлдыстады хицæн æмæ хицæн хуызтæ биноныг æмæ сæ абоны фæлтæртæн зонгæ кæныныл.

Æрæджы расидтысты конкурс хуыздæр къамтæ исынæй. Уым йæ бон хайад исын уыд алы æмбæстагæн дæр. Раст зæгъын хъæуы, ацы хъуыддаджы активон уыдысты, къамтæ исынмæ чи цымыдис кæны, уыдон æмæ дзы райстой хайад. Конкурсы рæстæг аххæссыд 15-æм июлмæ æмæ уый фæстæ æрбавдисгæ куыстытæн саргъ кодта сæрмагонд жюри. Номинаци «РХИ-йы фаунæ»-йы фыццаг бынат бацахста Габаты Владимир, дыккаг уыд Гаглойты Ацæмæз æмæ æртыккаг бынат та фæцис Къæбулты Æхсары. «Цхинвал абон»-ы номинацийы уæлахиздзау сси Гæбæраты Нелли, дыккаг бынаты уыд Къæбулты Æхсар æмæ æртыккаг бынатмæ та рахызт Къуезерты Аннæ. Номинаци «Пейзаж»-ы фыццаг бынат никæмæн ауагъта Хуыгаты Радислав, дыккаг бынæттæ адих кодтой Габаты Владимир æмæ Гæбæраты Нелли æмæ æртыккаг призон бынат та рамбылдта Гæззаты Тимур. Номинаци «Рагон цыртдзæвæн»-ы уæлахиздзау та сси Гæззаты Тимур. Ныр ацы куыстытæн 26-æм августы Ногдзауты парчы уыдзæн равдыст æмæ семæ зонгæ кæндзысты ардæм æрбацæуæг адæм.

Уымæй дарддæр ма Сфæлдыстадон центр 24-æм июнæй фæстæмæ алы майрæмбон дæр Ногдзауты парчы фæуадзы «Ирон хъæзтыты» изæр. Ацы мадзæлттæ уагъд цæудзысты 26-æм августмæ. Цымыдисон рауад, аивгъуыйгæ майрæмбоны цы мадзал ауагъдæуыд, уый дæр, æцæг бæрæгбонау æм æрбамбырд сты куыд кæстæртæ, афтæ астæуккаг æмæ хистæр фæлтæрты минæвæрттæ дæр. Дзæвгар сты, нæ фыдæлтæ цы хъæзтытæ æххæст кодтой, уыдон æмæ уыдон фæрцы сæ сæрибар рæстæг æрвыстой хъæлдзæг æмæ уæнгрогæй. Зæгъæм, Джусойты Викторы чиныг «Ирон адæмон хъæзтытæ»-йы куыд фыссы, афтæмæй хъæзтытæ дих кæнынц ахæм хуызтыл, куыд «Чысыл сывæллæтты хъæзтытæ», «Бæхыл хъæзтытæ», «Тыхæвзарæн хъæзтытæ», «Спортивон кæфтытæ», «Лæдзджытæ æмæ рæттæй хъæзтытæ», «Уæлбæхæй арц нысан-мæ æхсыны хъæзтытæ», «Æндæр хъæзтытæ» æмæ æдæппæт сты 45. Радон мадзалы сæ тыхтæ æмæ арæхстдзинад фæлвæрдтой хъæзтыты цалдæр хуызæй. Фыццаг хъазты мидис уыд ахæм: приз æрæвæрдтой æмæ йæм дард дæрддзæгæй лидзынц цалдæрæй, чи фæраздæр æмæ йæ чи сиса йæ къухмæ, уый сси уæлахиздзау. Ацы хъазт ауагътой цалдæр хатты. Уый фæстæ та ахызтысты «Къæбæлæй хæцынæй хъазт»-мæ. Кæрæдзи ныхмæ æрбадтысты, сæ къах-тъæпæнты дæр æвæрынц кæрæдзи ныхмæ, хъæбæр къæбæлыл фидар хæцынц æмæ йæ алчи дæр ивазы йæхирдæм. Хъуамæ дæ ныхмæлæууæджы фæхицæн кæнай зæххæй, дæхирдæм æй æрбайсай, уæд уыдзынæ уæлахиздзау. Сæ тыхтæ ма фæлвæрдтой «Пуртийæ хъазт» æмæ ” Сынæгæй хъазт«-æй дæр. Хъæзтыты хайад райстой куыд лæппутæ, афтæ æвзонг чызджытæ дæр æмæ æрбацæуæг адæм се ’ппæты арæхстдзинадæй дæр баззадысты райгондæй. Уый фæстæ азæлыдысты фæндыры зæлтæ æмæ фæзуаты кафынц, нæ фыдæлтæ нын цы диссаджы кафт «Симд», зæгъгæ, сфæлдыстой, уый. Хъайсын Кулиев афтæ фыста, зæгъгæ, ирæттæ æрмæст иунæг «Симд» куы сфæлдыстаиккой, уæддæр баззадаиккой стыр адæмæй. Уый фæстæ ма изæры хайадисджытæй иутæ сæ тыхтæ æмæ арæхстдзинад фæлвæрдтой «Хæххон кафт» æмæ æндæр хъæзтытæй. Ахæм цымыдисон хъæзтытæ ма ауагътой Знауыры, ныр та сæ фæнд у, цæмæй ахæм изæртæ уагъд æрцæуой Дзау æмæ Ленингоры дæр.

Мадзæлттæ уадзыныл зæрдиагæй бакусынц Центры директор Гуыцмæзты Ельзæ, методисттæ Хаситы Ленæ, Гасситы Кристинæ, Цхуырбаты Арианæ, Къæбысты Зæлинæ æмæ Гуыцмæзты Георги.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.