Боксæй æхсæнадæмон турнир «Паддзахад Аланийы кубок» знон райдыдта Цхинвалы. Хъыгагæн, турниры  размæ бон спортсментæ  Битеты Ричард æмæ йæ ныхмæлæууæг Чилæхсаты Таиры ‘хсæн æрцыд æнæзæрдæмæдзæугæ инцидент, – Битеты Ричард травматикон пистолетæй фехста йæ ныхмæлæууæджы къах. Ацы инциденты фæдыл Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры ауагъдæуыд пресс-конференци, цыран хайад райстой Хуссар Ирыстоны Боксы федерацийы президент Уалыты Альберт, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер Сланты Витали, Компани «Урал Бокс Промоушен»-ы президент Евгений Вайнштейн.

Уалыты Альберт журналисттæн куыд радзырдта, афтæмæй Битеты Ричард цалдæр азы размæ боксæй активонæй нал тренировкæ кодта, фæлæ цалдæр мæйы размæ РХИ-йы Боксы федерацийы президент Уалыты Альбертмæ бахатыд, цæмæй йын тох сорганизаци кодтаид. Ричард фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ фæнды йе спортивон карьерæ адарддæр кæнын æмæ активонæй тренировкæтæ райдайын.

«Ацы тохмæ тынг æнхъæлмæ кастысты нæ адæм. Дыууæ спортсмены дæр серьезон спортсментæ сты. Куыд фехъуыстон, афтæмæй Битейы фыртæн йæхи фæндыд йæ тыхтæ Чилæхсаты Таиримæ бафæлварын. Мах æппæт дæр сарæзтам, цæмæй ацы тох уыдаид, фæлæ ахæм инцидент æрцыдаид, уый æнхъæл нæ уыдыстæм. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уæззау категорийы  дыууæ спортсмены ‘хсæн æрцæугæ инцидент конфликт нæ уыд, уый уыд дыууæ спортсмены ‘хсæн конкуренци. Афтæ нормалон у. Дыууæ тыхджын адæймаджы ‘хсæн кæддæриддæр вæййы конкуренци. Кæд конфликт уыд, уæддæр æй  ракæнын хъуыд спортивон быцæумæ. Уымæй дарддæр ма йын Сланты Витали дæр загъта, цæмæй йæ тых æмæ профессионализм фенын кодтаид боксы», – банысан кодта Уалыты Альберт.

Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер Сланты Виталийы ныхæстæм гæсгæ, дыууæ лæппуйы дæр серьезон спортсментæ уыдысты, æрцæугæ цауы уый дæр схуыдта æнæзæрдæмæдзæугæ  инцидент.

«Кæд Чилæхсаты Таир æмæ Битеты Ричарды бокс стыр цымыдис æвзæрын кодта бынæттон публикæмæ, уæддæр уый турниры сæйраг тох нæ уыд», – банысан кодта Сланты Витали.

Компани «Урал Бокс Промоушен»-ы президент Евгений Вайнштейн куыд радзырдта, афтæмæй Битеты Ричардæн хорз физикон бæрæггæнæнтæ ис, фæлæ моралон æгъдауæй лæмæгъ у. «Уымæн йæ бон нæ бацис йæ эмоцитæ бауромын, фæлæ сæ ракалдта рингы нæ, фæлæ тохы размæ. Афтæ гæнæн нæй, нæдæр ын бамбарæн ис. Уый йæхæдæг йæхицæн фехæлдта йæ цард», – банысан кодта Евгений Вайнштейн.

Вайнштейн куыд загъта, афтæмæй бирæ рæстæджы дæргъы куыста Битеты Ричардимæ, фæлæ спортсменæн йæ бон нæ уыд рæстмæ кусын æмæ уый аххосæй ахицæн сты. «Мæнмæ афтæ каст, цыма бокс ныууагъта», – банысан кодта «Урал Бокс Промо-ушен»-ы президент.

Мадзалы куыд банысан чындæуыд, афтæмæй турнир уыдзæн цымыдисон, планмæ гæсгæ 12 къайæ турниры хайад райсдзысты 8 къайы. Цымыдисон ма уыдзæн уымæй дæр, æмæ турниры хайад райсдзысты дыууæ чызджы.  Уыдонæй сæ иу – Тъерашвили Лейла у Хуссар Ирыстонæй, иннæ та  Саламова Джамиля у Хъæрæсе Черкесийы республикæйæ. 

Бæрæг куыд у, афтæмæй Чилæхсаты Таиры цардæн цæф тас нæу, фæлæ турниры хайад райсын йæ бон нæ бауыдзæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.