Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли оперативон штабы рабадты рæстæджы бузныджы ныхæстæ загъта медиктæн, кæцытæ тох кæнынц коронавирусимæ.

«Хъыгагæн, мах сын сæ хъайтардзинады тыххæй цы æхцайы фæрæзтæ хъуамæ бафидæм, уыдон сты Парламенты. Бюджетмæ ивындзинæдтæ ист нæ цæуынц, уымæн æмæ иуæй-иу депутаттæ бойкот кæнынц Парламенты куыст. Фæнды мæ уыдонмæ бахатын: фаг у амбицитæй хъазын, хъæуы райдайын кусын æмæ æппæтдæр саразын, цæмæй мах ссарæм фадæттæ бафыстытæ радтыны тыххæй», – загъта Президент.

Президент куыд загъта, афтæмæй «дзырд адæмы æнæниздзинадыл куы цæуа, уæд амбицитæ æвдисын у фыдракæнд».                              

Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъ-хъæныны министры хæстæ æххæстгæнæг Тотчиты Георги йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, бюджетмæ ивындзинæдтæ нæ райсгæйæ, фадат нæ уыд Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ туаггуыры хызæгтæ бауадзыны фæдыл нысанон æхцайы фæрæзтæ арвитын, кæцыйы тыххæй Уæрæсе рахицæн кодта  10 милуан сомы бæрц.

«Мах уыцы куыстытæн бафыстам Цæстдарды советы æхцайы фæрæзтæй. Афтæмæй мах фесæфтам, Уæрæсейы фарсæрдыгæй цы æхцайы фæрæзтæ хицæн цæуынц, уыдон», – загъта Тотчийы фырт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.