Тыбылты Леонид, РХИ-йы 3-аг президент: 1990 азы 20-æм сентябры республикæ кæй расидтыстæм, уый бынтон скуынæгæй бахызта хуссарирыстойнаг адæмы. Нæ адæмы фидардзинад, нысанмæтырнындзинады фæрцы абон цæрæм хæдбар паддзахады. Мах бахъуыд бирæ уæззау фыдæвзарæнтыл рацæуын. Гуырдзыстоны æнæуый дæр дæлдзиныг кодтой Хуссар Ирыстоны автономон областы бартæ. 1988 азы ноябры ныммыхуыр кодтой гуырдзиаг æвзаджы рæзты паддзахадон программæ, кæцы дæлдзиныг кодта Гуырдзыстоны цæрæг æндæр нациты минæвæртты, уыцы нымæцы ирæтты бартæ дæр. Гуырдзыстоны территорийыл уæвæг æппæт уагдæттæм Тбилисæй арвыстой мыхуыргæнæн машинкæтæ гуырдзиаг алфавитимæ. Уырыссаг æвзагыл фыст документтæ фæстæмæ æрвыст цыдысты. 1989 азы сентябры мæйы райстой закъоны проекттæ, цыран фæкъаддæр кодтой автономиты бартæ. Æппæт уыдæттæй хибахизыны тыххæй Хуссар Ирыстоны адæмон депутатты областон советы 12-æм сесси райста уынаффæ, Гуыр-дзыстоны сконды Хуссар Ирыстоны автономон область, автономон республикæмæ рацаразыны тыххæй. Фæлæ 16-æм ноябры ацы уынаффæ аивтой Гуырдзыстоны уæлдæр советы президиумы уынаффæйæ. Æппæт уыцы процессты хъысмæтскъуынæн нысаниуæг уыд уæды адæмон депутатты Областон советæн. 23-æм ноябры Цхинвалмæ рацыд бирæминон «сабырады марш», цыран хайад истой 40 мин адæймаджы, уыцы нымæцы национ бандæты хотыхджын уæнгтæ. Уыцы бон райдыдта ирон адæмы фыдæбæстæйон хæст. Гуырдзиæгтæ райдыдтой фæндæгтæ æхгæнын, адæмы кодтой амынæты. Фæзындысты фыццаг амæттæгтæ. Растдæр, ахæм уавæрты 1990 азы 20-æм сентябры Хуссар Ирыстоны адæмон депутатты уæлдæр советы 14-æм сессийы расидт æрцыд Хуссар Ирыстоны Демократон Советон Республикæ. 1990 азы 11-æм декабры Гуырдзыстоны уæлдæр совет аивта Хуссар Ирыстоны автономон областы статус, фæлæ уы-мæн Хуссар Ирыстоны ницахæм нысаниуæг радтой. Афтæмæй цыдыстæм нæ хæдбардзинады фæндагыл. Абон ирдæй бæрæг у, 1990 азы райсгæ уынаффæ юридикон æгъдауæй бынтон раст кæй уыд, уый. Ирон адæмы бирæазон тох фæцис уæлахизæй 2008 азы 26-æм августы, УФ-йы Президент Дмитрий Медведев Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уæд. Абон Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастытæ сты бæрзонд æмвæзадыл. Уый у æмцæдисад æмæ интеграцийы æмвæзад. Уадз, æнустæм цæрæд Хуссар Ирыстон!

Хъуылымбегты Роберт, историон зонæдты кандидат, журналист: Куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, афтæ 20-æм сентябрь мæнæн у алцыдæр. Уыцы бонæй райдыдта нæ хæдбардзинады сæрыл тох. Кæй зæгъын æй хъæуы, 20-æм сентябрь стыр бæрæгбон у æрмæст Хуссар Ирыстоны цæрджытæн нæ, фæлæ æмткæй Ирыстонæн, дунейы къуымты цæрæг ирон адæмæн, Ирыстоны æддейæ мах тыххæй йæ зæрдæ кæмæн риссы, мах æвварс чи хæцы, уыдоны бæрæгбон дæр. Фыццаджы дæр мæ фæнды раарфæ кæнын, уыцы депутаттæн, уыцы æхсæнады архайджытæн, кæцытæ сæхæдæг депутаттæ нæ уыдысты, фæлæ уæддæр уыцы бон хайад  истой сессийы. Раздæр-иу депутаттæ бадтысты залæн иу фарс, иннæ фарс та-иу уыдысты æхсæнады минæвæрттæ, уыцы нымæцы адæмон змæлды хайадисджытæ, активисттæ. Æмæ уыдон дæр сæ ныхас загътой. Афтæ нæ зæгъдзынæн æмæ хъуыддаг уыдон аскъуыддзаг кодтой, фæлæ сын сæ хъуыды дæр бахынцыдтой йæхимæ бæрндзинад чи райста, уыдон. Раздæр-иу ирон адæм сæ хъуыддæгтæ иууылдæр фæззæгмæ хастой, чындзæхсæвтæ, бæрæгбонтæ, куывдтæ фæззæджы арæзтой æмæ æвæццæгæн, республикæ расидыны бон дæр  æнæхъуаджы не ‘рхаудта, бæркадджын фæззæгмæ. Кæд уæд бынтон хæдбардзинад нæ расидтыстæм. Советон хицауады сконды йæ расидтыстæм, уæддæр бындур  æрæвæрдта, цæмæй дарддæр нæ хæдбардзинад сфидар уыдаид, фæзындаиккой нæм нæхи паддзахадон органтæ, структурæтæ æмæ уыдон систы бындур хæдбарадæн. Сарæзтой хорз бындур сомбонæн, дарддæры куыстæн æмæ уыцы республикæйæ райгуырдис хæдбар республикæ. Æз афтæ нымайын æмæ нæ архайд уыдис къæпхæнтæм гæсгæ æмæ уый уыдис радон къæпхæн, кæцыйыл схызтыстæм æмæ ацыдыстæм дарддæр нæ хæдбардзинад сфидардæр кæныны фæндагыл. Фæнды мæ раарфæ кæнын алкæмæн дæр 20-æм сентябры бæрæгбоны цытæн. Ныфс мæ  ис, уыцы республикæ кæй баззайдзæнис нæ историйы, куыд райдзаст, æхсызгон хабар, радон этап нæ Хуссар Ирыстоны райрæзтæн.

Ацы нысаниуæгджын боны фæдыл арфæ кæнын æппæт ирон адæмæн.

Харебаты Батрадз, РХИ-йы сгуыхт журналист: Историон ахсджиагдзинады документ ист æрцыд æхстыты бын. Документ райсыны инициатор уыд Уæлдæр Советы сæрдар Хъуылымбегты Торез. Уый тагъд кодта текст бацæттæ кæныныл, цæмæй йæ тыхы тагъддæр бацыдаид. Уымæ гæсгæ куыстыты гуырахст сæххæст кæныныл æххæст къуыри дæр нæ бахъуыдысты. Арæзт æрцыд кусæгон къорд документы текст саразыны фæдыл, кæцымæ бацыдысты юристтæ Гатыгкоты Петр, Тыджыты Айлар, Пухаты Арон æмæ Хуыгаты Анатоли. Уыдон ма уыдысты РХИ-йы Парламенты фыццаг æрсидты депутаттæ дæр. Юристтæй дарддæр ма тексты куысты бакусыныл хайад райстой историк Цоциты Алан, фыссæг Дзуццаты Хадзы-Мурат, филолог Дзиццойты Юри, афтæ ма Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы депутаттæ дæр. Хæдбардзинады акт райсын фæахъаз ис паддзахаддзинад сфидар кæнынæн, афтæ ма документы нысан уыд тоталон геноцидæй ирæтты бахизын. 1992 азы 29-æм майы расидт æрцыд суверенитет, кæцы дунеон банымад ссардта 2008 азы 26-æм августы. Арфæ кæнын ирон адæмæн ацы ахсджиаг боны цытæн.

 

Хъазиты Мелитон, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар: 32 азы размæ хуссарирыстойнаг адæм историон ахсджиагдзинады документ райстой трагикон цауты рæстæджы. Гуырдзиаг тыхæйисджытæ æппынæдзух æхстой горæт, фæлвæрдтой Цхинвал байсынмæ. Уавæр кæй карздæр кодта æмæ сабыр цæрджытæ кæй мардысты, уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг уыд республикæ расидыны тыххæй акт куыд гæнæн уыд, афтæ тагъддæр райсын. Æмæ 1990 азы 20-æм сентябры уагъд æрцыд Адæмон депутатты Хуссар Ирыстоны областон советы 14-æм сесси, цыран ист æрцыд уынаффæ Хуссар Ирыстоны автономон областæй Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæ саразыны тыххæй. Йæ раныхасы рæстæджы Хъуылымбегты Торез загъта, историон чи систы, ахæм ныхæстæ: «Уæлахиз уæд Хуссар Ирыстоны Демократон Автономон Республикæ!». Уавæрæй спайда кæнгæйæ, мæ фæнды арфæ ракæнын æппæт ирон адæмæн. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Дыгъуызты Лианæ, 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг: 20-æм сентябрь Хуссар Ирыстоны цæрджытæн æрхаста хуыздæр фидæны ныфс æмæ сæрибардзинад. Уый та нысан кæны, ирон адæм Гуырдзыстоны сконды кæй никуыуал уыдзысты, цыран гуымирæй хæлд цыдысты ирæтты бартæ æмæ интерестæ. Ныр нæ хæдбар республикæйы махæн алцыдæр у нæхицæй аразгæ. Цæмæй уыцы сæрибардзинад райстаиккам, уый тыххæй нæ адæм бирæ фыдбылызтæ æмæ тухитæ бавзæрстой, ацы сæрибардзинады сæрыл тохты сæ сæртæ нывондæн æрхастой бирæ æвзонг патриоттæ, Ирыстоны аккаг фырттæ, фæлæ алцæмæн дæр бафæрæзтам æмæ æппынфæстагмæ сæххæст ирон адæмы цæрæнбонты бæллиц. Æрвылхатт дæр ацы бон мæ зæрдыл æрлæууы сæрыстырдзинады æнкъарæнтимæ. Ныр цалдæр азы дæргъы нæ историон райгуырæн зæххыл нæхæдæг скъуыддзаг кæнæм нæ хъысмæт, нæхи куыд фæнды, афтæмæй аразæм нæ цард æмæ план кæнæм иумиа-гæй нæ республикæйы фидæн. Æмæ царды та уымæй хуыздæр ницы ис!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, ирон адæм!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.