2008 азы августы хæсты æмæ 90-æм азтæй фæстæмæ дæр чи ныппырх сты, уыцы цæрæн хæдзæрттæй бирæ æрцыдис арæзт Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Фæлæ дзы нырма дæр бирæ аразинæгтæ ис æмæ сын кæд Инвестпрограммæйы фæлгæтты æхцайы фæрæзтæ дих нал цæуы, уæддæр сæ арæзтад не ‘рлæууыд.

Нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийы хъæппæрисон архайды руаджы, бюджетон фæрæзтæм нæ февналгæйæ, уыдон дарддæр дæр арæзт цæуынц. Нæ горæты ахæм цæрæн хæдзæрттæ ацы бонты эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдис æртæ.

Хæдзæрттæ сарæзта арæзтадон организаци «Шанс». Зæгъын хъæуы уый æмæ ацы арæзтадон организацийы генералон директор Козаты Игорь ма ноджыдæр ахæм цæрæн хæдзæрттæ кæй сарæзта цалдæр, фæлæ уыдон арæзт æрцыдысты Инвестицион программæйы фæлгæтты. Ныр цы дыууæ хисæрмагонд хæдзары сарæзта æмæ Гаглойты Хазбийы уынджы та фондзуæладзыгон хæдзары фатер сарæзта, уыдон арæзт æрцыдысты подрядон организаци «Шанс»-æн йæхи фæрæзтæй. Уый у стыр хæрзиуæгон архайд «Шанс»-ы генералон директор æмæ республикæйы Президенты æрдыгæй дæр. Хорз цæвиттон ма у, ахæм кæрæдзи æмбарынад кæй сæвзæрыд республикæйы разамынад æмæ аразджыты æхсæн дæр, уый. Хæдзæртты хицæуттæ стыр райгондæй баззадысты æмæ бузныджы ныхæстæ загътой Президент Бибылты Анатоли, горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан, подрядон организаци «Шанс»-ы директор Козаты Игорь æмæ æппæт аразджытæн дæр.

Хæдзæртты хицæуттæй сæ иу Хъуылымбегты Роман куыд радзырдта, афтæмæй йæ хæдзар ныппырх 2008 азы августы хæсты. 2010 азы йын æй ногæй сарæзтой, фæлæ йæ æнæбары арæзтытæ кæй скодтой, уымæ гæсгæ аскъуыдтæ сты йæ систæ, æркалд æмæ та йæ бахъуыд ногæй саразын. Хæдзары хицау куыд загъта, афтæмæй йæ хæдзар ныр арæзт æрцыд гъæдджынæй. Ис дзы æртæ хатæны, хинайæн æмæ хæринаггæнæн къæбиц. Президент хæдзары арæзтад фенгæйæ, баззад райгондæй.

Гаглойты Хазбийы уынджы фондзуæладзыгон хæдзары 4-æм уæладзыджы фатер дæр арæзт æрцыд дыккаг хатт. Фыццаг хатт пырх æрцыд 1992 азы æмæ йæ уæд сæ хицæуттæ сарæзтой сæхи тыхтæй, дыккаг хатт та пырх æрцыд 2008 азы. Уæдæй фæстæмæ бинонтæ цардысты æххуырст хатæны. Ныр Ног азы хæдразмæ бинонтæ бахызтысты сæ ног хæдзары къæсæрæй. Æрцыдысты сыл ногазон арфæтæ, сæ ног хæдзары къæсæрæй бахызтис ног чындз дæр æмæ ма уымæй стырдæр цинаг цы хъуамæ фена адæймаг.

Хæдзары хицæуттæ райгондæй баззадысты æмæ бузныджы ныхæстæ загътой республи-кæйы Президент æмæ аразджытæн дæр, сæ тыхст уавæрæй кæй фервæзтысты, уый тыххæй.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран 101 аздзыд Гатыгкоты Роман æмæ йæ бинонты цинæн дæр кæрон нæ уыдис сæ ног хæдзары къæсæрæй бахизгæйæ.

Президент Бибылты Анатоли хæдзæртты арæзт фенгæйæ, баныфс æвæрдта, дарддæр дæр арæзт кæй цæудзысты, 2008 азы чи ныппырх сты, уыцы хæдзæрттæ. Фæлæ уыдон арæзтадæн фæрæзтæ уардзысты Республикæйæн йæхимид æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранæн хæдзар арæзт æрцыдис ветерантæн æххуысы программæйы фæлгæтты.

«Дарддæр дæр подрядон организациты æххуысæй хæрзарæзт цæудзысты цæрæн хæдзæртты кæртытæ, ивд цæудзысты хæдзæртты æмбæрзтытæ, афтæмæй ноджы рæсугъддæр кæндзæнис нæ горæт æмæ уыимæ та цæрджыты царды уавæртæ ивдзысты хуыздæрæрдæм», – загъта Президент. Уый аразджыты куыстæй баззад райгондæй æмæ сын загъта бузныджы ныхæстæ, ахæм бæрнон хæс сæхимæ кæй райстой, уый тыххæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.